«АФТÆ ЗАГЪТА…»

Мыхуыры рацыд фыссæг Хъазиты Мелитоны афоризмтæй Тъотъоты Ленæйы арæзт чиныг.

Чиныгсаразæг йæ разныхасы фыссы Хъазийы фырты сфæлдыстады тыххæй: «Йе сфæлдыстад стыр æмæ вазыгджын у. Адæмы рæгъмæ цы уацмыстæ рахæссы, уыдон вæййынц мидисджын æмæ хæдхуыз. Ирон аив литературæйы ахæм жанр нæй, йе ‘рмдзæф арф æмæ хæдхуызæй кæм нæ разындис – поэзи, драматурги, публицистикæ, нывæфтыд тæлмац; уæдæ, сывæллæтты литературæ, зæгъай, уæдæ, филологон зонад – литературон -иртасæн куыстытæ, монографитæ – йæ фæллæйттæ алы ран дæр сты цæстæвæрæн, бæркадджын. Стыр ахъаз кæнынц ахуырдзау фæсивæдæн».

Хъазийы фырт йæ Ирыстоныл куыд иузæрдыг у, йæ фыдыбæстæйы раз йе ‘гæрон хæс куыд æнкъары, уый ирдæй зыны мæнæ ацы дыууæ рæнхъы дæр: Систам Иры уæз нæ рагъмæ – Махæн цудыны бар нæй. «Дызæрдыг нæ кæнын, цыма ацы фыссæджы аив, нывæфтыд дзырд уыцы æгæрон уарзт æмæ бæрнон хъуыддæгтæ йæ адæм, йæ Райгуырæн бæстæмæ уыцы зæрдæбын ахастæй кæй цæуынц, ууыл уæлдай тынгдæр баууæндыдтæн æмæ йæ мæ зæрдæйы арф ныффыстон, йæ уацмысты бирæ афоризмтæ йын иуæггай сусæгæй мæхицæн куы тымбыл кодтон, хицæн чиныгæй сæ джиппы рауадзын мæ хъуыдыйы кæрон дæр куынæ ма уыдис, уæд. Хъазийы фырты афоризмтæ джипы рауадзын, адæмы рæгъмæ сæ рахæссын фыццаг мæ хъуыдыйы нæ уыдис. Кастæн-иу сæ мæхицæн мæ цины дæр, мæ сагъæсты дуджы дæр. Стæй загътон: Æрмæст æз сæ цæмæн марон мæ зæрдæйы мондæгтæ, уадз,  исчи дæр сæ зона. Чи зоны, йæ хъуыдытæ рауæрæх кæнынæн ын куыд баххуыс уой», – фыссы чиныгсаразæг.

Йæ базырджын хъуыдыты ис ахæм рæнхъытæ: «…адæймаг адæймаг у, фæлæ… гуыргæ иу хъуыддагæн ракæнæм, нæ царды бонтæ та æндæр хъуыддæгтæн бахъæуынц». «…адæймагæн сæйраг йæ хъару, йæ уды хъæд, йæ зондахаст сты». «…алчи йæ ныхыфыст гуырцæй рахæссы». «Абайты Васо уыдис зæххон зæд, йæ урс бæллицтæ урс тау суагътой йæ сæрæй, æртæ æнусы ныррухс кодта йæ цард, йæ фæллой, йæ лæджыхъæдæй, æмæ цæргæ-цæрæнбонты ирон адæм, ирон зонадæн уыдзæнис фæндагамонæг стъалыйы хуызæн».

Иу ныхасæй чиныгкæсæг чиныгыл сæмбæлдзæн райзæрдæйæ, уымæ æмæ йемыдзаг у алыгъуызон базырджын хъуыдытæй.

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.