Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли фембæлд Æхсæнадæмон æхсæнадон змæлд «Ирæтты Уæлдæр Совет»-ы сæрдар Кучиты Русланимæ.

Фембæлды рæстæджы ныхас цыд организацийы архайд æмæ йæ куыст фæхуыздæр кæныны плæнттыл.

«Фыццаджыдæр, банысан кæнын хъæуы «Ирæтты Уæлдæр Совет» кæй у Ирыстонæн æмæ йæ адæмæн ахсджиаг организаци. Мах иууылдæр архайдзыстæм, цæмæй организацийы куыст фæхуыздæр уа, æмæ йæ авторитет фæбæрзондæр уа», – загъта Президент.

Президент ма банысан кодта, организаци кæй æххуыс кæны йæ адæмæн раст фæндагыл цæуыны, ирон традицитæ æмæ æгъдæуттæм гæсгæ цæрыны.

Бибылты Анатоли ма йæ хъуыды загъта, «Ирæтты Уæлдæр Советы» радон съезд уагъд кæй æрцæудзæн горæт Цхинвалы, нæ республикæйæн иууыл ахсджиаг бæрæгбонты – Уæрæсейы Федераци Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад куы банымадта,- уыцы рæстæджы.

«Æз ма фæстаг съезды мæ фæндон бахастон, цæмæй Хуссар Ирыстоны ирон адæмы иннæ съезд уагъд æрцæуа, Уæрæсейы Федераци Республикæ Хуссар Ирыстоны хæбрадзинад куы банымадта, уыцы бæрæгбон нысан кæныны рæстæджы», – загъта Президент.

Бибылты фырт ма банысан кодта, ацы бæрæгбон ирон адæмæн кæй у ахсджиаг æмæ хорз уаид, уыцы бон адæм куы æрæмбырд кæниккам.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.