Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли раарфæ кодта чырыстон адæмæн Куадзæны – Чырыстийы Уаз Райгуырды боны цытæн.

Паддзахады сæргълæууæг хайад райста горæт Цхинвалы уырыссаг чырыстон Аргъуаны Сыгъдæг Æртиуон Хуыцауы кувæндоны Куадзæн æхсæвы бакуывды. Бæрæгбонон бакуывд уагъта фыд Серги. Хуссар Ирыстонмæ арфæйы арт хаст æрцыд Иерусалимæй Хуыцауы ингæны Ар-гъуанæй.

Йæ арфæйы Бибылты Анатоли банысан кодта, Куадзæн кæй у чырыстон диныл хæст адæмы сæйраг бæрæгбон.

«Фæнды ма раарфæ кæнын æппæт чырыстæттæн ацы ирд, рæсугъд æмæ цинхæссæг бæрæгбон Куадзæны – Чырыстийы Уаз Райгуырды боны цытæн. Мæ цæст уын уарзы сабырад, Хуыцауы æххуыс алы хорз хъæппæристы, уæ дины иудзинад, цæмæй уый тагъд рæстæджы æрцæуа. Махæн уый у нæ хæс æмæ йæ хъуамæ саразæм», – загъта Президент.

Президент аргъуанмæ æрбацæуджытимæ хайад райста Дзуардзыды церемонийы. Ирвæзынгæнæджы фæлгонц бæрæгбонон цыды рæстæджы хаста паддзахады сæргълæууæг.

Аргъуаныл æртæ хатты æрзилгæйæ, æнæрлæугæ цагъды рæстæджы, Дзуардзæуджытæ æрлæууыдысты æхгæд дуæртты раз. Аргъуаны къухдариуæггæнæг фыд Серги æмæ сауджынтæ æртæ хатты азарыдысты куадзæнон тропарь, уый фæстæ дуæрттæ байгом сты æмæ Хуыцаумæ кувджытæ уыцы хорз хабаримæ бахызтысты кувæндонмæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.