Хуссарирыстойнаг самбисттæ æртæ майданы рамбылдтой æвзæнгты ‘хсæн Дзæуджыхъæуы гом чемпионаты. Ерысты Хуссар Ирыстоны спортивон кад хъахъ-хъæдтой Дзауы районы самбойы скъолайы хъомылгæнинæгтæ. 2006-07 азты гуырд спортсменты ‘хсæн +55 кг уæзы категорийы дыккаг бынат бацахста Тедеты Эдуард. 2008-09 азты гуырд самбистты ‘хсæн та бронзæ майдантæ рамбылдтой Гасситы Аслан (39 кг) æмæ Карсанты Олег (+46 кг). Спортсменты бацæттæ кодта тренер  Хъоцыты Тамерлан.

«Тедеты Эдуард финалы æмбылдта, Гасситы Аслан та уæла-хиз кодта æрдæгфиналы. Дыууæ спортсмены дæр хъуамæ уæлдæр  бынæттæ бацахстаиккой, фæлæ сын не сфаг фæлтæрд-дзинад. Фæнды мæ рахицæн кæнын Карсанты Олегы, кæцы уыд йæ ныхмæлæуджытæй кæстæрдæр, фæлæ уæддæр йæхи равдыста аккагæй æмæ йын бантыст майдан рамбулын», – банысан кодта Хъоцыты Тамерлан.

Тренер ма фехъусын кодта, зæгъгæ, сæ фæхуыдтой Кæсæг-Балхъармæ æппæтуæрæсейон турнирмæ, кæцы уагъд цæудзæн марты мæйы. Ацы ерысты уæлахиздзаутæ райсдзысты æвзæнгты ‘хсæн Уæрæсейы чемпионаты хайад райсыны бар.

ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.