Ирон адæмы абоны фæлтæр кæд парахатдæр æмæ дзадджындæрæй нысан кæнынц Ног аз, уæд ын нæ фыдæлтæ та стырдæр æмæ ахсджиагдæр нысаниуæг лæвæрдтой. Стæй йæ Ног аз нæ хуыдтой, фæлæ – Ногбон. Зымӕгон бӕрӕгбонтӕй ирон адӕмӕн иууыл ахсджиагдӕр у Ногбон (дыгуронау анзи сӕр, басилтӕ). Ногбон уыд универсалон стырбон, уӕд ӕххӕстгонд фӕцӕуынц традицион ӕгъдӕуттӕн сӕ тӕккӕ зынгӕдӕртӕ ӕмӕ ахсджиагдӕртӕ. Ӕппӕт бӕрӕгбонтӕн иууыл иумӕ цы нысаниуӕг ис, Ногбонӕн йӕхицӕн ис ахӕм егъау нысаниуӕг.

****

Ногбон вӕййы зымӕджы тӕккӕ ӕмбисы, Ногбоны фӕвӕййы зӕронд аз ӕмӕ райдайы ног аз. Ногбонмӕ фӕвӕййынц азы алы хӕдзарадон куыстытӕ дӕр, ӕмӕ адӕм сӕхи цӕттӕ кӕнын райдайынц ног азы хӕдзарадон куыстытӕм. Адӕммӕ афтӕ каст, цыма Ногбоны алцыдӕр райгуыры ногӕй, райдайы ногӕй цӕрын, цыма алы гуырдз, алы фӕзынд дӕр сӕвзӕры уӕд. Уымӕ гӕсгӕ алцӕмӕн дӕр, алы фӕзындӕн дӕр адӕм лӕвӕрдтой стыр нысаниуӕг.

****

Ногбон ирӕттӕм нымад цӕуы адӕмты ӕхсӕн социалон бастдзинӕдты бӕрӕгбоныл, уымӕн ӕмӕ-иу уӕд хӕстӕджытӕ, хиуӕттӕ кӕрӕдзимӕ цыдысты уазӕгуаты, кӕрӕдзийӕн кодтой арфӕтӕ, Ногбон сыл кӕй ӕрцыд, уый тыххӕй.

****

Ацы стырбоны ӕрбалӕудӕй хур ногӕй «гуырын» райдайы (ома райдайы тынгдӕр ӕндавын), бон та даргъ кӕнын райдайы, ӕмӕ ацы астрономион фӕзындтӕн нӕ рагфыдӕлтӕ лӕвӕрдтой стыр магион нысаниуӕг. Уый сӕ уагъта стыр ныфс, ӕмӕ-иу дзырдтой: «Бон куыд даргъ кӕны, афтӕ адаргъ уӕд нӕ цард, нӕ амонд», «Ног царды ‘рдӕм акъул ис рӕстӕг» ӕмӕ а. д. Ногбонӕй райдайы алыхуызон бӕрӕгбонты ӕмӕ ӕгъдӕутты иугӕндзон рад.

***

Ногбонмӕ-иу ирон адӕм сӕхи цӕттӕ кӕнын байдыдтой рагацау. Ногбонмӕ-иу хӕдзӕрттӕ ӕмӕ ӕндӕр агъуыстытӕ хъуамӕ хорз бафснайдтаиккой, бӕгӕны-иу бахсыстой, рауагътой-иу арахъ, йӕ къух кӕмӕн амыдта, уыдон-иу сӕ сывӕллӕттӕн ног уӕлӕдарӕс дӕр бахуыдтой. Хӕдзары ӕфсин-иу сцӕттӕ кодта бӕркадджын фынг, хӕрд-нуӕзт, уымӕн ӕмӕ, адӕмы уырнынадмӕ гӕсгӕ, ӕгас афӕдзы бӕркад ӕмӕ амонд уыдзысты Ногбоны фынджы бӕркады хуызӕн.

***

Иууыл стырдӕр нысаниуӕг уыд Ногбоны агъоммӕ фыццаг ӕхсӕвӕн, хуыдтой йӕ Ногбоны ӕхсӕв. Ацы ӕхсӕв-иу кодтой алыхуызон ритуалон ӕгъдӕуттӕ. Сӕ уырнынадмӕ гӕсгӕ, адӕм ӕнхъӕлдтой, зӕгъгӕ, Ногбонты уӕларвӕй ӕртӕхынц дауджытӕ, цӕмӕй адӕмӕн ӕрхӕссой амонд ӕмӕ ӕнӕниздзинад, бӕркад ӕмӕ цин.

Ногбоны «рæукъах»

Ногбоны райсом-иу хæдзары бинонтæй раздæр кæртмæ чи рахызт, уый-иу йемæ бахаста армыдзаг лыстытæ æмæ-иу загъта:

– Гъа, уал азы ныл хорзæй цæуæд.

Хæдзармæ æцæгæлоны номыл фыццаг чи бацыдаид арфæтæ ракæнынмæ, уымæн-иу бинонтæ загътой:

– Рæукъах у, амонд нæм æрбахæсс!

Кæд бинонты цард афæдзы дæргъы дзæбæх, æнæзианæй ацыдаид, уæд-иу уый тыххæй бинонтæ бузныг уыдысты, Ногбоны сæм æппæты фыццаг чи бацыдаид, уымæй.

Ногбоны къодах

Раджы заманы нæ рагфыдæлтæм ахæм æгъдау уыди: Ногбоны æхсæв-иу хæдзары хистæр рацыди кæртмæ æмæ-иу хæдзармæ бахаста хъæддаг дыргъ бæласы лыггаг, къодах. Нырма-иу къæсæрæй мидæмæ бадзырдта:

– Цы уæ хъæуы, мæ хуртæ?

Бинонтæ-иу æмдзыхæй ныхъæр кодтой:

– Хор, хор!!!

– Хорзад, хорæфсæст фæут, уæдæ! – загъта-иу хистæр æмæ-иу барасти къонамæ. Уым-иу лæугæйæ скуывта æртæ чъирийæ, физонæг æмæ нуазæнæй. Уый фæстæ-иу къодах сæвæрдтой артыл æмæ-иу фæсыгъди суанг бонмæ.

Райсомæй-иу ын йæ фæнык хоры къутуйы сæр сæвæрдтой.

ХӔДЗАРОНТӔ

(Ног азы арфӕ)

Хӕдзаронтӕ, хӕдзаронтӕ,

Уӕ алы аз уыл хорзӕй цӕуа,

Уӕ сӕдӕ фидӕн хорзӕй фенат,

Уӕ лӕг car амара,

Уӕ ус тыр ныййара,

Уӕ басылы къух мӕн фӕуа!

Хӕдзаронтӕ, хӕдзаронтӕ,        

Фӕцӕуынц уӕм ӕддагонтӕ,

Уæлæ цары нæл гæды,

Рахæссут нын бæгæны, 

Уӕ дуармӕ – хъӕдтӕ.          

Мах стӕм лӕгтӕ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.