Æнæнцой, æхсидгæ æнус

Рæстæг æнæрынцойæ згъоры размæ. Йæ мидæг нæ царды бонтæ нæ цæстыты раз згъорынц фæстæмæ, ивгъуыдмæ. Æнæмæлæт рæстæг та нæ размæ, нæ мæлæтмæ скъæфы…

Ивгæ у рæстæг, ивгæ у уыцы рæстæджы нæ цард. Акæсæм-ма æрмæст дыууынæм æнусмæ, цахæм цæхгæр ивæн дугтыл рацыдыстæм, уымæ! Цæвиттон, мæ фыдыфыд йæ цард, сæйраджыдæр, фæкодта, æгас дунейыл капиталистон дуг куы æлдариуæг кодта, уæд. Æрæййæфта æртæ революцийы: 1905-1907 азты буржуазон-демократон революци; 1917 азы Февралы революци æмæ 1917 азы Стыр Октябры социалистон революци. Афтæ ма йæ царды азты уыдысты фыццаг дунеон хæст, Октябры революцийы фæстæ мидхæст, хуссайраг ирæтты геноцид… Амард социализмы дуджы. Мæ фыд дæр райгуырд капиталистон дуджы, фæлæ йын ницы хъуыды кодта – сывæллон уыд. Ног цардæвæрды цы цаутæ цыд, уыдонæн дæр, йæ фыдау, удæгас æвдисæн уыд. Уыдонæй дарддæр ма æрыййæфта Стыр Фыдыбæстæйон хæст социализмы ныппырх, ирон-гуырдзиаг хæст. Амард, фæстæмæ чи рыздæхт, уыцы капитализмы дуджы, кæд ын афтæ схонæн ис, уæд. Уæдæ мæхæдæг та советон дугæн йе ‘мбисы райгуырдтæн. Фæлæ адæм Советон Цæдисы арвы бын æдасæй сæхи куы хатыдысты, сæ цард хуыздæрæй хуыздæр куы кодта, уæд ныппырх уыцы Цæдис æмæ цы дуджы февзæрдыстæм, уый алчидæр хорз зоны. Уыимæ нæ хъысмæтимæ иунæгæй аззадыстæм æмæ нæ зæххыл ссыгъдис хæсты арт. Хæсты артытæ сыгъдысты æндæр æмæ æндæр рæтты дæр.

Дыууынæм æнус. Æнæнцой, æхсидгæ æнус! Бирæ, бирæ милуангай адæймæгтæн ныххуыдыг кодтой сæ рухс бæллицтæ се ‘взонг царды, милмæ сæ исгæйæ. Æгæрон хъизæмæрттæ бавзарын кодтой æгас дунейы адæмтæн. Бирæ æнæаххос удты тæригъæды бацыдтæ.

Ивгъуыды ис ныр дыууынæм æнус. Ныр дыууын фыццæгæм æнусы цæрæм. Фæлæ адæймаг а-зæххыл æнцойад нæма  ссардта, уæлдайдæр та ацы ныхмæдзыд, вазыгджын дунейы йæ хъысмæт йæхицæй кæнгæ кæмæн нæу, уыдонæн. Тыхджындæр бæстæтæ сæ хъæлæс, сæ тых тынгдæр зонын кæнынц æндæр, лæмæгъдæр бæстæтæн, алы рæттæй хъуысынц æрт-хъирæнтæ – æвзидæнтæ. Уыдонимæ, нæ къæхты хæдбынæй фæзынæгау, фæзынынц æндæр тасдзинæдтæ дæр. Цæвиттон, абон адæймагад ис коронавирусон инфекцийы уацары…

Æрбалæудзæн ахæм дуг æмæ æмæ цард ивæнтæ кæндзæнис æрмæстдæр хорзæрдæм, рæстæг ныл йæ æдас, аудгæ арм авæра æмæ зæххон æнцойад ссарæм нæ цыбыр царды?

 

Зæронд лæг не ‘мбары…

Адæймагæн æнцондæр у цæрын, йæ алыварс куы цæрой бирæ æмвæнд, æмзонд, æмхъуыдыгæнæг адæй-мæгтæ. Уый, хъыгагæн, хауы фыдзонд, фыдгæнæг адæймæгтæм дæр – сæ ных сын чи бакъуыра, уыдон къаддæр уыдзысты æмæ сæ фыдвæндтæ æнцон-дæрæй æххæст кæндзысты.

Раст зæгъгæйæ, нæй ахæм адæймæгтæ, æгæрыстæмæй мадызæнæгты ‘хсæн дæр, царды æппæт фарстытæм, фæзындтытæм ахасты æмвæнд, æмзонд, сæ хъуыдытæ иугъуызон кæмæн сты. Цæвиттон, алчи дæр йæ цард аразы йæхæдæг, куыд хъуыды кæны æмæ йæ куыд фæнды, афтæ. Стæм хатт байхъусдзæн искæйы уынаффæтæм, зондамындтытæм. Фæлæ би-нонты ‘хсæн цæргæйæ, уый хъуамæ æмвæнд, æмзонд уа семæ, бинонты хъуыддæгтæ скъуыддзаг кæнгæйæ, цæмæй сын рæвдз цæуой. Æмбисондæн афтæ акæнынц, æнгом бинонтæ цард арынц, зæгъгæ.

Уæдæ сыхбæсты, хъæубæсты дæр куыннæ вæййы ахæм хъуыддæгтæ, кæцытыл бахъæуы иумæ æруынаффæ кæнын, иумæ аскъуыддзаг кæнын. Ахæм хъуыддæгтæ скъуыддзаг кæныны та алкæмæн иугъуызон хъуыды кæй нæ вæййы, уый нæ фыдæлтæ хорз æмбæрстой æмæ алы хъæуы дæр архайдта уынаффæдон – Ныхас, зæгъгæ. Мæнæ Советон дуджы хъæусовет, ныр та хъæууон администраци кæй хонынц, уый æнгæс. Æрмæст уым уынаффæтæ чи истой, уыдоны, ничи никæцæй нысан кодта, стæй сын мызд дæр ничи фыста. Уыдон уыдысты, цæрджытæ кæуыл æууæндыдысты, царды хорз фæлтæрд чи уыдысты, ахæм дзырддзæугæ, куырыхон адæймæгтæ. Æмæ-иу цы уынаффæ, цы тæрхон рахастой, ууыл разы уыдысты хъæубæсты цæрджытæ. Уæдæ зæгъæн ис, уынаффæ чи истой æмæ сæ кæй тыххæй истой, уыдон кæй уыдысты æмвæнд, æмзонд хъæубæсты иумæйаг хъуыддæгтæ хуыздæр скъуыддзаг кæныны.

Афтæ уыд, цæрджытæ сæ кæрæдзийы хорз кæм зыдтой, уыцы комбæсты дæр.

Ныр дуг бынтондæр фæивта. Раздæры царды фæтк, царды æгъдау ивгъуыды баззадысты. Нæ абоны хистæр фæлтæрæй ничиуал хъуыды кæны, кæддæр сæ хъæуы Ныхас уыд, уый дæр. Нал ис хистæры зондæй фæрсæг. Уымæн æмæ уый цы цард зыдта, уыцы цард абон нал ис. Абоны цард ын æцæгæлон у, нæу йæ бон, цы царды фæцард, уый йæ удæй сыскъуынын æмæ дзы зæры бонты, æнæзонгæ, æнæмбаргæ цард нывæрын. Не ‘мбары, абон нæ фæсивæд сæ мадæлон æвзаг, сæ фыдæлты æгъдæуттыл цæмæн уæлæхох кæнынц. Не ‘мбары, абон бирæтæ адæмы хъæр цæуылнæ уал æмбарынц, уый, хистæр адæймагæн, сылгоймагæн кад кæнын кæй хъæуы, æвæрæз адæймагмæ æххуысы къух фæдаргъ кæнын кæй хъæуы, рынчын, уæззау уавæры уæвæгæн хорз ныхасæй уæддæр ныфс æвæрын кæй хъæуы…

Абоны зæронд лæг æмбары, уыдæттæ æппæт рæстæджыты дæр адæймаджы хорз миниуджытæ кæй уыдысты, фæлæ не ‘мбары, цæмæн цудынц уыдон нæ царды, уый.

 

Чи тагъддæр ары фæндаг стыр дохтырмæ?

Ныры дуджы  ахæм адæймаг нæ уыдзæн дохтыры чи нæ бацагура, йæ рыст ын чи нæ радзура æмæ, гæнæн уæвгæйæ, кæмæн не схос кæна. Не ‘нæниздзинад нæм куыд раздæхы, уый дохтырæй кæнгæ у – йæ зонындзинæдтæй, стæй цахæм медицинон ифтонггæрзтæй пайда кæны, уыдонæй дæр. Дохтыртæн та сæ зонындзинæдтæ, сæ арæхстдзинад иугъуызон æмвæзадыл нæ вæййынц. Чи дзы уæлдæр медицинон ахуыргæ-нæндоны рæстмæ нæ ахуыр кодта æмæ дзы бирæ зонындзинæдтæ нæ рахаста, бирæтыл та уайтагъд хорз дохтыры ном сбады. Уæдæ дзы куыннæ вæййы ахæм-тæ дæр, стыр, зындгонд дохтыртæ чи свæййынц. Уыдон, кæй зæгъын æй хъæуы, къаддæр сты æмæ ку-сынц стыр горæтты, клиникæты, медицинон центрты. Сæ къухты та сты хуыздæр, нырыккондæр медицинон иф-тонггæрзтæ.

Дохтыртæн, куыд фæзæгъынц, сæ категоримæ нæ кæсгæйæ, куыст фаг кæны. Рынчынтæ фылдæр йедтæмæ къаддæр нæ кæнынц. Цæвиттонæн райсæм нæ горæты. Раздæр ам цы рынчындон уыд, уый дыууæуæладзыгон уыдис, стæй стыр фæзуат дæр нæ ахаста. Ныр бакæс ацы территоримæ – ныззылдтой дзы алыгъуызон рынчындæттæ. Уый уæд æмæ нæ цæр-джыты бæрц зынгæ куы фæкъаддæр ис…

Уый рынчынты тыххæй зæгъын. Фылдæр кæнынц. Алы ран дæр. Фæлæ алчи иугъуызон нæ исы медицинон æххуыс. Стыр бынæттæ чи ахсынц, номдзыд, зындгонд чи сты, стыр æхцатæ кæмæ ис, уыдонмæ æввахсдæр лæууынц стыр дохтыртæ. Бирæтæн, æгæрыстæмæй, сæхи сæрмагонд дохтыртæ дæр ис…

 

Нæ диссаджы æнкъараг удæгас дуне

Минзæлон у нæ алфæмблай удæгас æрдз. Уыцы зæлтæ, удæгас уæвгæйæ, цæуынц йæхицæй æмæ сæ æрвиты æндæрмæ, æрдз йæхи хуызæн кæй сфæлдыста, уыдонæй иумæ, цалдæрмæ, гъе та бирæтæм. Цæмæй сæм исты информаци фæхæццæ кæна, гъе та йæхæдæг райса бæрæг исты информаци.

Адæймаг уыцы зæлты баиу кæны хицæн ныхæсты æмæ, къорд ахæм ныхасы кæрæдзийыл разæфтауæнты, фæсафтауæнты руаджы бабæтгæйæ, рауайы хъуыдыйад, ома, йæ цы зæгъын фæндыд, ахæм хъуы-ды, æнкъарæнтæ. Уыцы хъуыды рауæрæхдæр кæны, ноджы ма йæм æндæр хъуыдыйæдтæ бафтаугæйæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, йæ ныхæсты, йæ хъуыдыйы йæхицæн нæ фæдзуры – хъусæг æм хъуамæ уа æмæ йæ уый цæмæй хуыздæр бамбара, уый тыххæй ныхæстимæ спайда кæны æндæр фæрæзтæй дæр. Цæвиттон, хорз хабары фæдыл дзургæйæ, адæймаг равдисы йæ хорз зæрдæйы равг цæстыты цины æрттывдæй, æхцон мидбылхудтæй, къухты змæлдæй. Афтæ – иннæрдæм, æвзæр хабары тыххæй куы фæдзурынц, уæд дæр. Быцæуы рæстæджы ныхасы, фылдæр хатт гуымир ныхасы руаджы  йæ рæстдзинад фæхъары æндæрæн æмæ дзы куы ницы рауайы, уæд ныхас фæстæмæ алæууы æмæ скусынц мустъучъитæ.

Адæймагæн æнцон у йæ хъуыдытæ æндæрæн ныхасы руаджы бамбарын кæнын. Ис ын сæры магъз,  ис ын æвзаг æмæ йæ йæ сæры магъз куыд амоны, афтæ дзуры æвзаг.

Сæры магъз æндæр цæрæгойтæн дæр ис, фæлæ уыдонæн се ‘мбарынад адæймаджы æмбарынадмæ дард лæууы. Нæ сæ сахуыр кæндзынæ чиныгыл, кафын – зарыныл, ныхас кæныныл. Æмæ сæ уый хъæугæ дæр кæны? Уадз, адæймагау ныхас кæнын ма зонæт æмæ дунеты йæхимæ ма æрыхъусын кæнæт. Уыдонæй алкæмæн дæр ис йæхи æвзаг æмæ йæхи ныхасы уаг æмæ уыдон фаг сты, цæмæй йæ цы фæнды, уый бамбарын кæна æндæр йæхи хуызæнæн. Уæ цæстытыл ма ауайын кæнут, бирæрæстæджы йæ хицауы чи нæ федта, ахæм куыдзы. Йæ къуди уæрæх тилгæйæ, цины хъыс-хъыс кæнгæйæ, йæ хъæбысмæ куыд гæпп кæны. Фæфæнды йæ атыхса йыл, йе ‘взагæй йæ астъæрдтытæ кæна, фæлæ йын нæ уайы. Æмæ уæд йæ къæхты раз цины хъылдымтæ сисы, йæ цинæвдылд цæстытæй йæ хицаумæ скæс-скæс кæнгæйæ. Хицау дæр ыл бацин кæны, æргуыбыр æм кæны æмæ йын йе ‘рагъ, йæ дæллагхъуыртыл йæ арм узæлгæ æрхæссы. Ахæм ныв уынгæйæ ма куыдз æмæ адæймаджы ‘хсæн ныхас кæнын хъæуы? Æмæ адæймаг дæр ма уæт. Сæйраджыдæр, куыдз зоны, йæхи хуызæн куыдзимæ ныхас кæнын. Зоны æвзарын, хæлар дзы кæимæ уа æмæ кæимæ хъæуа хыл кæнын. Зоны цин кæнын, зоны мæсты кæнын æмæ сæ равдисы йæ цæстæнгасæй, йæ хъыс-хъыс æмæ йæ  ниуды уагæй, йæ буары фезмæл-дæй, йæ къудийы тылдæй… Бакæсут-ма рæхысæй баст куыдзмæ. Цахæм цæстæнгасæй уыл сæмбæлд! Цæстытæ – туджы зылд. Зæгъгæ, феуæгъд – цæттæ у дæ аскъуыдтæ кæнынмæ. Йæ рæйд дæр тас уадзы адæймаджы.

Куыдз зоны æнкъард кæнын дæр. Уый уыцы рæс-тæджы, йемæ ныхасгæнæг куынæ вæййы. Æрхуыссы зæххыл, йæ раззаг къæхтæ размæ адаргъ кæны, йæ сæр сыл æрæвæры æмæ цæстытæ æнкъардæй фæкæсынц. Æвæццæгæн, фæхъуыды кæны йæ куыдзы цардыл.

Афтæ – иннæ цæрæгойтæ дæр.

…Мæргътæй мах иууыл фылдæр уарзæм булæмæргъы. Уымæн æмæ рæсугъд зары, хъæлдзæг у. Фæлæ уый уымæн зары, цæмæй адæймаджы, æндæр уæвæгойты хъæлдзæг дара? Æппындæр нæ! Уый ахæм хуызы агуры йæхи хуызæтты æмæ ахæм уагыл фæныхас кæны семæ.

Афтæ – æппæт мæргътæ дæр.

Æнкъарæнтæ равдисынæн алы хуыз уæвæгой дæр йæхи æвзагæй пайда кæны, кæцы æмбæрстгонд нæу æндæртæн.

Æвзаг, куыд буары хай, афтæ зайæгойтæн нæй æмæ бæлвырд дæр нæу се ‘нкъарæнтæ  кæрæдзийæн бамбарынхъом сты, æви нæ. Æнкъарæнтæ сын кæй ис, уый та ахуыргæндтæн зындгонд у. Иртасæнтæ куыд уынын кæнынц, афтæмæй зайæгойтæ зонынц тæрсын. Уый фæдыл адæмы ‘хсæн дæр ис ахæм хъуыды, зæгъгæ, тыллæг чи нæ дæтты, ахæм бæласмæ фæрæт куы бахæссай, куы йæ фæтæрсын кæнай, уæд ыл дыккаг аз æрзайы. Ахуыргæндтæ æрцыдысты ахæм хъуыдымæ, зæгъгæ, зайæгойтæ зонынц хъуыды кæнын дæр. Нæй зайæгойтимæ гуымир æвзагæй дзурæн, сæ цуры хъæлæба кæнæн. Уæд, зæгъгæ, уыдон кæнынц кæугæ. Ахуыргæндтæ ма раиртæстой, уыдон музыкæмæ тагъддæр кæй рæзынц…

… Ахæм у, гъе, нæ диссаджы æнкъараг дуне!

БИАЗЫРТЫ Роланд

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.