ДЗЮДО

Ирыстоны дзюдойы скъолайы хъомылгæнинаг Таймæзты Мадинæйæн хорз уавæр ис Олимпиадæйы майдан рамбулынæн. 70 кг уæзы категорийы архайгæйæ рахызт æрдæгфиналмæ. Мадинæ йæ фыццаг тохы фæуæлахиз Испаны минæвар Марина Бернабеуйыл, фæстæдæр тыхджындæр уыд бразилиаг дзюдоисткæ Мария Портелуйæ æмæ финалы 1/4 хайы та рамбылдта грекъаг дзюдоисткæ Елисаветы Тельцидайыл.

Хъыгагæн, Олимпиадæйы æнæ майданæй баззад Хуыбецты Алан. Уый хæцыд 81 кг уæзы категорийы. Райдианы уый фæуæлахиз Хъыргъыстаны спортивон кад хъахъхъæнæг ирон дзюдоист, Азийы чемпион Золойты Владимирыл. Фæстæдæр фæуæлахиз канадаг Валуа-Фортьейыл. Фæлæ финалы 1/4  хайы фæхæрд Бельгийы минæвар Маттиас Кассейæн. Аланæн ма фадат уыд бронзæйон майданыл стох кæнынæн дæр. Уый тыххæй йæ хъуыд нырма немыцаг Доминик Ресселы рамбулын. Ууыл Алан фæуæлахиз 2017 азы Европйы чемпионаты финалы. Фæлæ ныр ирон спортсменæн нæ бантыст йæ æнтыст сфæлахатт æмæ фæхæрд йæ ныхмæлæууæгæн.

 

ТЕННИС

Ирон спортсментæй ма майдантыл тох кæнын райдыдта теннисист Хъæрæцаты Аслан. Уый кæд идивидуалон ерысты фæхæрд, уæд ныр æнтыстджынæй  архайы æмхæццæ къæйтты ‘хсæн ерысты. Уым хъазы Елена Веснинаимæ иумæ. Уæрæсейаг теннисисттæ фыццаг зылды фæуæлахиз сты Францы минæвæрттæ Кристина Мланденович æмæ Никаля Маюйыл – 6:4, 6:2.

ХУРИТЫ Батрадз  

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.