Уалдзæджы мæгуырау боныгъæдтæ кæй ахаста, уымæ гæсгæ сæрд æрбалæууыд бафæстиатимæ. Афæдзы ацы афон йе ‘мбисмæ фæхæццæ кæны, афтæмæй нæ хур йæ тæвд тынтæй нырма бæрцæй цалдæр боны йеддæмæ нæма барæвдыдта. Тæвд хуры бын та адæймаг, уæлдæф сатæгдæр кæм у, хи анайæн кæм вæййы, ахæм бынæттæ фæагуры. Нæ горæты та ахæм бынæттæй сæ иу у, хурыскæсæн  хуссары ‘рдыгæй цы цад ис, уый. Цад æрвылаз дæр сæрдыгон тæвд бонты йæхимæ фæхоны куыд цхинвайлæгтæн сæхи, афтæ нæ горæтмæ æрцæуæг уазджыты дæр æмæ дзы сæ рæстæг фервитынц. Уыдонæн-иу фадат уыд, цады катамарантыл тезгъо кæнынæн, хи анайыны фæстæ змисыл æрхуыссынæн, ис дзы цалдæр раны дарæсивæнтæ дæр. Нæ чысыл æмбæстæгтæн дæр фадат вæййы æндæр æмæ æндæргъуызон хиаирхæфсæн  аттракционтыл хъазынæн. Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ-иу раздæр азты цады кæй райстой арендатортæ, фæлæ-иу, хъыгагæн, сæ бон не ссис, ардæм рæстæг æрвитынмæ чи цæуынц, уыдоны улæфт куыд æмбæлы, афтæ сорганизаци кæнын. Ивгъуыд азæй цадмæ йæ хъус дарын райдыдта горæты администрацийы хæрзарæзтады управлени æмæ уавæр фæхуыздæр. Йæ кусджытæ йын, цалынмæ йæм дон нæ рауагътой, уæдмæ йæ бын ныссыгъдæг кодтой алыгъуызон брæттæй. Æркарстой йын, æрмæст йæ былтыл чи зад, уыцы кæрдæг нæ, фæлæ уымæ хæстæг территори дæр æмæ бæрæг йæ хуыз фæивта.

Цад йæхимæ фылдæр æрыгон адæймæгты кæй æлвасы, уымæ гæсгæ йæ хуссарварсæрдыгæй ивгъуыд  азы æвæрд æрцыдысты алыгъуызон спортивон снарядтæ æмæ зынгæ фæахъаз сты, куыд спорты чи архайынц, афтæ спорты фæндагыл ныллæууынмæ чи хъавынц, уыдонæн, стæй æрмæст уыдонæн нæ, фæлæ ма, се ‘нæниздзинадыл чи тыхсынц, уыдонæн иууылдæр. Уымæй дарддæр ма цады алыварс тезгъогæнæн фæндагæн йæ чысыл хай йеддæмæ асфальт нæ уыдис. Иннæ хайыл къæвдаты фæстæ цъыфы, хус рæстæджы та рыджы зын цæуæн уыд. Æмæ йæ ивгъуыд азы кæд асфальт не скодтой, уæддæр ыл ныккалдтой сырх хуыр æмæ тезгъогæнджытæ зындзинад нал æвзарынц. Ивгъуыд азы ма ацы цады территоримæ машинæты бахизæн фæндæгты æрæх-гæдтой æмæ иууылдæр ныр ис фистæгæй цæуджыты дæлбар. Афтæмæй ардæм сæ фæндаг æхгæд æрцыд, машинæтыл минас кæнынмæ чи цыдысты æмæ æхсæнадон фæтк чи хæлдтой, уыдонæн дæр.

Ноджы зынгæдæр ивындзинæдтæ цæуынц ныртæккæ цады былыл. Фыццаджыдæр, уал цады былмæ цæрæн массивы ‘рдыгæй бахизгæйæ, адæймаг æхцондзинад æнæрайсгæ нæ фæуыдзæн аив арæзт бынæтты аив æвæрд бандæтты уындæй æмæ сыл абадгæйæ. Раздæр дæр дзы уыд цалдæр бандоны æвæрд, фæлæ ног æвæрд бандæтты цур нал ахадыдтой æмæ æппæрст æрцыдысты. Ныр бæлæс-ты бын аууоны сатæг уæлдæфмæ бадын, де ‘мбæлттимæ аныхас кæнын кæй нæ бафæнддзæн. Бандæттæн сæ нымæц у 24 æмæ сæ ласгæ та æркодтой Кæсæг-Балхъарæй. Фæ-лæ… уыдонмæ кæсгæйæ бирæтæ катайы бахауынц ныридæгæн, мыййаг та сæ куы ныллыгтæ, куы ныффыдуындтæ кæной…

Хорз уаид æмæ ахæм бандæттæ æвæрд куы æрцæуид цадæн иннæ фарсæрдыгæй дæр, иу цалдæр раны уæддæр.

Иу хорз хъуыддаг та уый у, æмæ ныртæккæ кæй куыстæуы цады алыварс æхсæвыгон рухс кæныныл. Цадæн йе ‘мбисæй дæлæмæ, ома, хуссарæрдæм ныр цалдæр азы судзынц электроцырæгътæ, фæлæ цæгатæрдыгæй фарс, æгæрыстæмæй, телцæджындзтæ сагъд дæр нæ уыдис. Ныр куыст цæуы уыдоны садзыныл æмæ тагъд рæстæджы цады алыварс кæрæй-кæронмæ рухсытæ арæзт кæй æрцæудзæнис, уый дызæрдыггаг нал у.

Горæты мэрийы куыд зæгъынц, афтæмæй цады алыварс территори æввахс рæстæджы суыдзæнис горæты рæсугъддæр бынæттæй сæ иу. Цады доны гъæдмæ та сæ хъус дардзысты санитарон-эпидемиологион службæйы кусджытæ.

Зæгъын ма хъæуы уый дæр, æмæ горæты цад æрмæст хиирхæфсæн бынат кæй нæу. Æрвылрайсом дæр, бынтон æвзæр боныгъæдæй дарддæр, фæтезгъо кæнынц, йе ‘нæниздзинад кæй тыхсын кæны æмæ йæ  банывыл кæнын кæй фæнды, уыдон.

Уæдæ тæвд бонтæ нырма разæй сты æмæ æрбацæут нæ цады былмæ, аирхæфсут уæхи, уæ рæстæг дзы уæхи фæндиаг арвитут.

Бестауты Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.