Цхинвалы районы Къостайыхъæуы Сыгъдæг Мады Майрæмы аргъуаны æрæвнæлдтой цалцæггæнæн куыстытæм.

Ам куыстытæ чи æххæст кæны, уыцы арæзтадон организацийы минæвар Сос Ахвердян куыд загъта, афтæмæй аргъуаны зæронд æмбæрзт систой æмæ тагъд рæстæджы æрæвналдзысты уый агуырийæ æмбæрзынмæ.

«Аргъуаны æмбæрзт уыдис мæгуырау уавæры. Мах ын ныссыгъдæг кодтам йæ бынаг ярустæ æмæ сæ ныббетон кодтам. Агуыритæ сæвæрыны фæстæ æрæвнал-дзыстæм рудзгуытæм. Уынгæг рудзгуыты бамбæрздзыстæм авгын блоктæй, уæ-рæхдæр рудзгуыты та сæвæрдзыстæм ног фæлгæттæ», – загъта Ахвердян.

Цалцæг кæныны рæстæджы аргъуаны кæрт дæр хæрзарæзт æрцæудзæн тротуарон плиткæтæй.

Кæд æмæ нын зæгъой, уæд ма гæнæн ис сцалцæг кæнæм дзæнгæрæджы дæлбазыр, афтæ ма мидæгæй дæр бæстонгæнæн куыстытæ бакæнын, – загъта арæзтадон организацийы минæвар.

Йæ ныхæстæм гæсгæ куыстытæ фæуыдзысты июлы мæйы райдианмæ.

Аргъуан æндидзыд цæуы Алайнаг епархийы фæрæзтæй.

Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ банысангонд арæзтадон организаци кæй куыста Ленингоры поселочы Сыгъдæг Мады Майрæмы аргъуаны арæзтадыл, афтæ ма Джеры дзуары территори схæрзарæзт кæныныл дæр.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.