Хуссар Ирыстоны Информаци æмæ мыхуыры паддзахадон комитеты сæрдар Хъотайты Мария «Спутник»-ы пресс-центры йæ брифинджы рæстæджы куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ Æппæтирон дунеон æхсæнадон змæлд «Иры Уæлдæр Ныхас»-ы 10 съезды ахсджиаг æнтыст уыдзæн Ирыстоны Хуссар æмæ Цæгат хай максималонæй бангом кæнын, уымæн æмæ иу адæмæн хицæнтæй цæрын у тæссаг. Уымæй дарддæр ныхасгæнæг куыд дзырдта, уымæ гæсгæ ма съезды ахсджиаг фарстаты ‘хсæн сты мадæлон æвзаг æмæ историон цыртдзæвæнтæ, аргъуантæ, кувæндæттæ æмæ мæсгуытæ бахъахъхъæнын – сæ уавæрмæ куыдфæндыйы цæстæй кæсæн нал ис. Ацы юбилейон съездмæ хуынд сты ирæттæ дунейы алы къуымтæй: Ныгуылæн Европæйы бæстæтæй, Бразилийæ, Ног Зеландийæ, Йеменæй, Канадæйæ. Республикæмæ ма æрцæудзысты 27 ирон диаспорæты минæвæрттæ.

Хъотайты Мария куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ рагон арæзтæдтæ сæндидзын кæнын у иууыл ахсджиагдæр фарстатæй иу, ирон адæмы историмæ кæй ныхилынц æмæ йæ зыгъуыммæ кæй кæнынц, уый хынцгæйæ.

«Бирæтæ историйы факттæ сæхирдыгонау фæлгъауынц. Æмæ сын ноджы æнцонвадатдæр у, мах нæ историйыл цас къаддæр тыхсæм, уымæй. Ацы ахсджиаг проблемæтæм фылдæр хъусдард хъуамæ здахой сфæлдыстадон интеллигенци», – дзырдта уый.

Куыд ма банысан кодта, уымæ гæсгæ рагон цыртдзæвæнтæ сæндидзын кæныны хъуыддаджы ахсджиаг сты бæрæг финансон фæрæзтæ, æмæ ацы мисси сæххæст кæнынмæ фæндондзинад чи равдисдзæн, уый нырма сбæлвырд хъæуы.

Уый, зæгъгæ, ахсджиаг у, æмæ бæрæг нæу, ахæм æххуыс нын чи бакæндзæн, уый. Æмæ нын уымæн та ис «Стыр Ныхас», цæмæй йæ хъуыдымæ байхъусой. “Ирæтты Уæлдæр Ныхас”-ы уынаффæ у кæронбæттæн æмæ йын фæивæн нæй.

Куыд ма йæ банысан кодтам, уымæ гæсгæ съезды сæйраг фарст у дыууæ Ирыстоны æрбангом кæнын, уымæн æмæ дарддæр хицæнтæй уæвæн нæй.

Æхсæнадон дунеон змæлд «Ирæтты Уæлдæр  Ныхас»-ы юбилейон съезды фæлгæтты мадзæлттæ уагъд æрцæудзысты паддзахадон драмон театры залы.

Къæбулты Маринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.