Æмбæстæгты æндæр æмæ æндæр фарстытæ æххæст кæныныл æмбæлон уагыл кусынц Цхинвалы районы администрацийы техникон инвентаризацийы хайады. Фæлæ зæгъын хъæуы, ахæм æнæмæнгхъæуæг хайад æрæджыйы онг кæй нæ уыд Цхинвалы районы администрацийы, æмæ уымæ гæсгæ æмбæстæгты домæнтæ æххæст кæныныл нæ куыстæуыд. Рæстæджы цыдимæ, рæзынц хъæууон цæрджыты домæнтæ дæр æмæ уымæ гæсгæ 2011 азы районы дæр баконд æрцыд ахæм хайад. Цы сты йæ хæстæ æмæ сæ куыд æххæст кæнынц, зæгъгæ, уыцы фарстатимæ бахатыдтæн йæ хистæр Дзабиты Димитрмæ. Уый куыд загъта, афтæмæй сæм æмбæстæгтæ бахатынц, цæмæй сын сæ хæдзарæн радтой техпаспорт. Уый тыххæй ацæуынц бынатмæ, басгарынц хæдзар, ныффыссынц æппæт æнæмæнгхъæуæг зонæнтæ æмæ сæ бахæссынц техпаспортмæ. Уыдонæй иу баззайы хайады, иннæ та лæвæрд æрцæуы хæдзары хицауæн. Хæдзарæн техпаспорт куынæ уа, уæд ын нæдæр уæйгæнæн ис, нæдæр бынтæ æндæр искæуыл сфидар кæнæн. Зæгъын хъæуы уый, æмæ техплан арæзт цæуы хæдзары хицауы фæндонмæ гæсгæ. Ахæм куыстытæ бакодтой районы алы хъæуы дæр хицæн æмæ хицæн æмбæстæгтæн, æмæ уал нырмæ сæ иумиаг нымæц схызт мины онг.

Вæййы афтæ дæр, æмæ æмбæстаг йæ хæдзармæ ногæй исты уæлæмхасæн арæзтад куы бафтауы. Уый арæзт куы æрцæуы, уæд фехъусын кæны уæлдæр загъдгонд хайадмæ. Йæ кусджытæ æвæстиатæй, бацархайынц æмæ уыцы арæзтад дæр хаст æрцæуы техпаспортмæ. Ацы куыстытæ бынатмæ ацæугæйæ, æххæст кæнынц хайады хистæр Дзабиты Димитр, сæйраг специалисттæ Бестауты Яша, Тыбылты Ален æмæ Æлборты Аннæ.

Хуыбиаты Н.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.