Цалдæр азы размæ Одессæйы ирон диаспорæйы клуб «Алантæ»-йы активондæр уæнгтæй иу уыд дзæуджыхъæуккаг Гуырцъыты Жаннæ – ирон æхсæнады Советы уæнг. Æхсæнадмæ арæх цыд уазджытæ æмæ семæ бастдзинад фидар кодтой клуб «Алантæ»-йы, уыдон фæрцы та – æндæр адæмты æхсæнадтимæ.

Одессæйы ирон æхсæнады, къорд азы размæ уыдысты Хуссар Ирыстоны минæвæрттæ дæр. Уыдонæй иу уыд Бибылты Анатоли Хуссар Ирыстоны æнæнхъæлæджы цауты уæды министр. Сæ цыды сæр уыд, уымæй размæ азты РХИ-мæ гуманитарон æххуыс чи арвыста, уыцы адæймаджы фарсмæ балæууын (уый уыдис Украинæйы Радæйы депутаттæм кандидат).

«Мах æхсызгонæй сæмбæлдыстæм уазджытыл æмæ иумæ сæвæрдтам дидинджыты баст Плиты Иссæйы цыртдзæвæныл. Суазæг сæ кодтам ирон æгъдаумæ гæсгæ. Нæ цины æнкъарæнтæ уыдысты æгæрон. Иумæ систам зæрдылдарæн къамтæ», – загъта Гуырцъион.

Хæххон-аграрон университеты ахуыр кодта Жаннæ, кафыд ансамбль «Горец»-ы. Уымæ гæсгæ, Одессæйы цæргæйæ, йæ сæйраг куыстæй уæлдай, куыста ирон сывæллæттæ æмæ хистæртимæ ирон кæфтыты ахуыргæнæгæй дæр.

«Уыцы рæстæг нæм Донецкæй æрцыд æрыгон лæппу, фыссæг Бузарты Андрей, Украинæйы цæрæг, ирæтты тыххæй ныффыста чиныг. Фæстæдæр мæнæн дæр балæвар кодта чиныг. Чидæр æй, сæрмагондæй, мæнмæ дæр æрбарвыста æмæ мын Андрей загъта, цæмæй ныффыссон мæ биографи æмæ йæ къамимæ барæвдз кæнон чиныгæн. Мæнмæ цыдæрхуызон фæкастис йæ фæндон, фергъуыйау дæн, зæгъын, ацы æхсæнад чи скодта æмæ йын бындур чи сæвæрдта, уыцы инæлартæ, дохтыртæ, афицертæ, профессоры цур æз та чи дæн, æмæ ницы ныффыстон. Куыддæр мæм раст нæ каст, уыцы зындгонд адæмы фарсмæ мæ хуымтæтæг ном ныффыссын.

Фæстæдæр куыд базыдтон, афтæмæй Бузары-фырты мæнмæ æрбарвыстой ирон æхсæнады хистæртæ.

Æз, æвæццæгæн, раст нæ бакодтон, раст нæ уыдтæн.

Уыцы рæстæг мæ сæрыхицау – спортсмен Наниты Шота дæр зындгонд уыд æхсæнады уæнгтæн. Иуныхасæй, нæ бон цы уыд, уымæй æххуыс кодтам диаспорæйæн, мæ чызджытæ æртæйæ дæр уым, клубы, архайдтой алы къордты», – загъта Жаннæ.

Ныр Дзæуджыхъæуы цæры Гуырцъион йæ чызджытимæ. Æмæ кæд цалдæр азы рацыд уæдæй нырмæ, уæддæр хуссарирыстойнаг æфсымæртимæ уыцы фембæлд абон дæр, зноны хуызæн ирдæй лæууы йæ зæрдыл. «Уыцы фембæлдæй æхсызгон-дæр фембæлд никуы уыд Одессæйы ирон æхсæнады клуб «Алантæ»-йы, – зæгъы Жаннæйы чызг Наниты Илонæ. – Ныр Бибылты Анатоли Президенты æвзæрс-тыты кæй фæуæлахиз, уый махæн, раздæры одессæйæгтæн, уыд уæлдай æхсызгондæр».

АЛАНТЫ А.

Къамы: Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли (астæуæй), Гуырцъыты Жаннæ, Наниты Илонæ, фыццаг ранг капитан Козаты Феликс æмæ 2012 азы Хуссар Ирыстоны хицауады бæрнон кусæг Козайы-фырт.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.