Республикæйы царды активон хайад исæг Сочийы ирон æхсæнады стыр цымыдисимæ сæ хъус дарынц ацы историон цаумæ цæттæгæнæн процессмæ. Афтæ, ирон æхсæнады минæвæрттæн, сæ сæрдар Мæргъиты Анатолийы æмæ Уæрæсейы æмбырдгонд командæйы сæйраг тренер Тедеты Дзамболаты разамынадæй сæ радон фембæлды сæйраг темæ уыди æрцæуинаг æвзæрстытæ, сæрмагондæй та, уыдон Хуссар Ирыстоны закъондæттынадмæ гæсгæ кæй ацæудзысты, ууыл æууæнк. Фембæлды хайадисджытæ æмзæрдæйæ рахæцыдысты Тыбылты Леониды кандидатурæйы фарс – куыд ног фондз азы дæргъы бæстæйы æнтыстджын размæцыды гарант, афтæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.