2017 азы 7 февралы Уæрæсейы Боливариаг Республикæ Венесуэлæйы минæварады фембæлд уыд Уæрæсейы Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон æмæ æх-хæстбарджын минæвар Гасситы Знауыр, Боливариаг Республикæ Венесуэлæ æмæ Республикæ Никарагуайы Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон æмæ æххæстбарджын минæвар Козаты Нариман, Уæрæсейы Республикæ Абхазы Уæлвæткон æмæ æххæстбарджын минæвар Игорь Ахбайæн Европæйы фарстаты фæдыл Республикæ Венесуэлæйы фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæдивæг Самуэль Монкада æмæ Уæрæсейы Венесуэлæйы минæварады хъуыддæгты рæстæгмæ æууæнкджын Хосе Григорио Эскалона Брисеньюимæ.

Фембæлды рæстæджы, кæцы ацыд сабыр атмосферæйы, господин Монкада равдыста йæ цæттæдзинад дыууæ бæстæйы æхсæн æмгуыстады конкретон фарстытæм æркæсыны тыххæй, уыцы нымæцы ахæм фадгуыты, куыд ахуырад, спорт, медицинæ æмæ экономикæ. Уый, сæрмагондæй, банысан кодта, зæгъгæ, абон Венесуэлæйы ис вазыгджын уавæр, фæлæ Республикæйы аргъ æмæ кад кæнынц Хуссар Ирыстонимæ партнерон ахастытæн æмæ цæттæ сты дарддæры æмгуыстад фæарфдæр кæнынмæ.

Гасситы Знауыр бафидар кодта Хуссар Ирыстон дæр цæттæ кæй у Венесуэлæйаг коллегæтимæ æмгуыстад кæнынмæ. «Хуссар Ирыстоны æмæ Венесуэлæйы иу кæнынц кæрæдзимæ симпатийы æнкъарæнтæ, мах æмзæрдæ стæм уæ бæстæйы хæларадон адæмимæ æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, хæцæм Николас Мадуройы хицауады курсы æвварс, кæцы здæхт у бæстæйы уавæры дестабилизаци ма бауадзынмæ», – загъта Гасситы Знауыр.

Фæрстæ бадзырдтой кæрæдзийæн сæ фæндæттæ фехъусын кæныны тыххæй. Сæрмагондæй, банысан чындæуыд, зæгъгæ, Венесуэлæ цæттæ у РХИ-йы культурæ популяризаци кæныны, йæ политикон курс æмæ æхсæнадон цард равдисыны тыххæй фадæттæ саразынмæ. Афтæ ма, æруынаффæ кодтой кæрæдзийæн оперативонæй информаци дæттыны фарстытыл, кæцытæ хауынц политикон процесстæм. Фембæлды фæстиуджытæм гæсгæ къухты бафтыд бадзурын Хуссар Ирыстоны минæварады рæстæгмæ æууæнкджын Брисеньоимæ фембæлды тыххæй, дыууæ фарсы цæттæ конкретон фæндæттыл лæмбынæгдæр бакусыны тыххæй, кæцытæ гæнæн ис суой дыууæ бæстæйы æхсæн дунеон бадзырдты бындур.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.