Æнæмæнгдæр, сабийы райгуырдæй хистæр кары адæмыл ныфсы базыртæ базайы, мæнæ хуры фæлмæн тынтæ зæххон дунейы куыд ныррухс кæнынц, афтæ фæвæййынц. Уыдон хъуамæ сæ рæзгæ царды уой æнæниз æмæ хъæлдзæг, хъуамæ хъомыл кæной æнæмæтæй. Цæмæй уыцы хæрзиуджытæй хайджын уой, мацы цух æййафой, ууыл архайынц ныййарджытæ, æввахс адæм, æхсæнад.

Ныййарæджы фæстæ сабийы æппæтварсон аудындзинад йæхимæ тынгдæр чи исы, уый у сабиты рæвдауæндон. Нæ республикæйы æмбæлон органтæ дæр æдзухон хъусдард здахынц нæ чысыл хуртæм, архайынц, цæмæй фылдæр кæна рæвдауæндæтты нымæц. Уыдон кæд хъæууон бынæтты арæх не сты бæрæг аххосæгтæм гæсгæ, уæддæр къаддæр нæу сæ ахадындзинад, сæ лæггад сывæллæтты раз æмæ сын сæ разылæууæг хæстæ æххæст кæнынæй бузныг сты ныййарджытæ. Сывæллæтты рæвдауæндон цалдæр азы размæ баконд æрцыд Цхинвалы районы Къостайыхъæуы астæуккаг скъолайы дæр æмæ уыцы хъуыддаг тынг æхсызгон уыд хъæубæстæн. Бæрæг куыд у, афтæмæй сабитæ сæ кармæ гæсгæ дих кæнынц къордтыл. Рæвдауæндонмæ цы сывæллæттæ цæуы, уыдон сты кæстæр æмæ хистæр къордтæ æмæ сын сæ хъомылгæнджытæ æрвылбон дæр программæмæ гæсгæ амонынц, ахуыр-хъомыладон куысты сæ разы цы хæстæ ис, уыдон. Цæвиттон, кæстæр къорд пайда кæнынц, Тыбылты Ингæйы чиныг «Малусæг»-æй, хистæртæн та ис сæхи программæ æмæ сæ фыццаг зонындзинæдтæ исынц математикæ, уырыссаг æвзаг æмæ æндæртæй. Хъомылгæнджытæ Хуыбецты Светланæ, Хуыбиаты Регинæ, Ходты Светланæ сæ куыстыл сты иузæрдион, ис сын кæстæртæм хъарм ахаст, не сты рæвдыдцух. Рæвдауæндоны хатæнтæ сты райдзаст æмæ хæрзæфснайд æмæ дзы сывæллæттæн фадат ис алыхуызон хъæзтытæн. Хъарм рæстæджы та сæ ракæнынц æддæмæ, ис дзы сæрмагонд бынат æмæ сæ хъомылгæнджыты хъусдарды бын сæхи фæирхæфсынц. Абоны бон рæвдауæндоны ис 30 сывæллоны æмæ хъомылгæнæг Хуыбецты Светланæйы ныхæстæм гæсгæ æхсызгон у зæрдæйæн, азæй-азмæ сæ нымæц кæй фылдæр кæны, уый. Нæ рæзинаг хуртæ цух не ййафынц хæринагæй дæр. Ацы хъуыддаджы йæ комкоммæ хæстæ æххæст кæнынмæ бæрндзинады ахаст дары хæринагаразæг Бестауты Рая æмæ уый фæстиуæгæн сабитæ бон æртæ хатты хайджын вæййынц хъарм æмæ хæрзад хæлцæй.

Иудзырдæй, ацы рæвдауæндоны кусджытæ кусынц æмæ архайынц, сæ разы цы хæстæ ис, уыдон цæсгомджынæй æххæст кæныныл æмæ сын   ноджыдæр уæд цæстахадгæ фæстиуджытæ.

                               ХУЫБИАТЫ Никъала  

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.