Хуссар Ирыстоны сабидæттæ гæнæн ис æмæ гом æрцæуой 1-æм июлæй, Цхинвалы мэрийæн бахæс æрцыд, цæмæй скъолайы агъоммæйы уагдæттæ бацæттæ кæной сывæллæттæ райсынмæ. Фарстыл æруынаффæ кодтой оперативон штабы радон рабадты, хъæугæ уынаффæ ист æрцæудзæн ног къуыри. Уый тыххæй хъусын кæны информацион агентад «Рес».

Республикæйы премьер Пухаты Эрик фæндон бахаста, цæмæй хъæугæ структурæтæ ацы фарстыл бакусой æмæ райсой кæронбæттæн уынаффæ.

«Эпидемион уавæр нырма у вазыгджын, фæлæ ахъуыды кæнæм æмæ бакусæм ацы фарстыл æмæ байгом кæнæм сабидæттæ. Æз афтæ нымайын æмæ хъæуы бакæнын скъолайы агъоммæйы ахуырадон уагдæттæ, цæмæй чысыл сывæллæттæ цы ныййарджытæн ис, уыдонæн уа куыстмæ рахизыны фадат», – загъта Пухаты Эрик.

Банысан кæнын хъæуы, республикæйы сабидæттæ кæй нæ кусынц æртæ мæйæ фылдæр коронавирус апарахат кæныны тасдзинады аххосæй.

Республикæйы COVID-19-æй фыццаг æртæ рынчыны бæрæг æрцыдысты 5 майы. Ацы рæстæгмæ коронавирусæй æдæппæт фæрынчын  68 адæймаджы, уыдонæй абоны бонмæ сдзæбæх сты æмæ рынчындонæй рафыстой 35 æмбæстаджы.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.