Сириаг Арабаг Республикæмæ Дамаскаг дунеон армукъайы фæлгæтты Республикæ Хуссар Ирыстоны Базарадон-сæудæджерон палатæйы делегацийы кусæгон балцы фæстиуджыты ныхас уыд РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли æмæ Базарадон-сæудæджерон палатæйы сæрдар Æлборты Аланы фембæлды рæстæджы.

Базарадон-сæудæджерон палатæйы сæргълæууæг бузныджы ныхæстæ загъта Президентæн, Дамаскмæ хуссарирыстойнаг делегацийы балц сорганизаци кæныны йе ‘ххуысы тыххæй. Уый банысан кодта, зæгъгæ, Хуссар Ирыстоны Базарадон-сæудæджерон палатæйы делегацийы балц САР-мæ уыд æнтыстджын: хуссарирыстойнаг делегаци равдыста республикæйы технологон фадæттæ æмæ къухты бафтыд сириаг партнертимæ æмгуыстады фæдыл сразыдзинæдтæ.

«Сирийы арæзтады министрады минæвæрттимæ ныхас кæнгæйæ, мах бамбарын кодтам, нæ бон цæмæй у баххуыс кæнын сириаг фарсæн, уый. Сæйраджыдæр, ныхас цыд тагъд аразгæ бæстыхайты арæзтады тыххæй, кæцытæй уыдон сты тынг хъуаг.

Иу суткæмæ мах сорганизаци кодтам сириаг партнертимæ фембæлд, тагъд рæстæджы бацæттæ кодтам æппæт техникон документаци. Хуссарирыстойнаг компанитæ Сирийы араздзысты скъолатæ, рынчындæттæ, поликлиникæтæ, сабидæттæ, иумæйагæй заказ цы æрцæуа, уыдон», – загъта Æлборты Алан.

Уый ма банысан кодта, зæгъгæ, РХИ-йы Базарадон-сæудæджерон палатæйæн Дамаскы центры хицæн æрцыд офис, цыран æвæрд уыдзæн Хуссар Ирыстоны автоматикæ æмæ модулон технологийы продукци æвдисæг стенд, хуссарирыстойнаг амалиуæггæнджытæн та онлайн режимы сæ уыдзæн сирийаг коллегæтимæ ныхас кæныны фадат.

Йæ рады, Бибылты Анатоли банысан кодта, зæгъгæ, дыууæ фарсы æхсæн къухты цы сразыдзинæдтæ бафтыдысты, уыдоны реализаци кæнынæн хъæуы импульс ратдын. Сæйраджыдæр, инвестортимæ куыст биноныг кæнын æмæ хуссарирыстойнаг закъондæттынад бацæттæ кæнын, куысты хорз уавæртæ сифтонг кæныны тыххæй.

Балцы фæстиуджытыл дзургæйæ, Æлборты Алан банысан кодта, САР-имæ æмархайд, æнæфиддон зонæйы тыххæй арабаг бæстæтимæ срадзыинæдтыл къухтæ фыст кæмæн ис, уый РХИ-æн уыдзæн уникалон фадат бирæмилуангай адæм кæм цæры, уыцы арабаг бæстæмæ ахизыны тыххæй. Уый ма фехъусын кодта, зæгъгæ, бæстæ сæндидзын кæныны фæдыл Сирийы Хицауад æмæ бизнес-æхсæнад сты иу хъуыдыйыл лæуд, æмæ сты хæларадон бæстæтимæ Уæрæсе, Китай, Иран, Хуссар Ирыстон æмæ Абхазимæ кусыны хъуыдытыл лæуд.

Банысан кæнын хъæуы, Дамаскаг дунеон армукъа кæй у Æввахс Скæсæны регионы иууыл рагондæр. Уый уагъд æрцыд Сирийы Президент Башар Асады къухдариуæгадæй. Армукъайы ма Хуссар Ирыстоны йеддæмæ  хайад истой Уæрæсе, Абхаз, Африкæ, Æввахс Скæсæн, хуссар-скæсæн Азийы æмæ Латинаг Америкæйы бæстæтæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.