12 сентябры уагъд æрцыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты фарастæм сессийы дыккаг рабадт. Уагъта йæ РХИ-йы Парламенты Сæрдар Гасситы Петр.

Бюджеты æмæ хъалонты фæдыл комитеты сæрдар Коцты Жаннæ  æркæсынмæ  рахаста «2018 азы Республикæ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон бюджеты тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны Закъонмæ ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны закъоны проект. Ивындзинæдтæ  æнæмæнгхъæуæг уыдысты, 2018 азы РХИ-йы Паддзахадон бюджеты хардзон хайы скорректиоровкæ кæныны тыххæй, 2018 азы 30 августы Уæрæсейы Федерацийы æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны æхсæн социалон-экономикон æмгуыстады фæдыл Æхсæнхицауадон къамисы æмсæрдæртты уынаффæмæ гæсгæ, Хуссар Ирыстонæн Уæрæсейы Федераци цы финансон æххуыс æрвиты, уыцы фæрæзтæ  афоныл æмæ эффективонæй бахардз кæныны нысанæн.

Ацы фарсты фæдыл раныхас кодта РХИ-йы финансты министр Хæбæлаты Азæ. Уый банысан кодта, ацы закъоны проекты оперативонæй райсыны æнæмæнгхъæуындзинад.

«Мах хъæуы Гуфта-Къуайсайы фæндаджы арæзтады оперативон реализаци сифтонг кæнын, Уымæн æмæ, фыццаг, ацы фæндагæн уыд экспертизæ, кæцыйы хатдзæгмæ гæсгæ хъæуы сметæйон аргъ фæфылдæр кæнын, дыккаг, ацы фæндаджы тыххæй хицæнгонд  лимит фаг нæу, цæмæй куыстытæ æххæст æрцæуой æххæстбæрцæй. Уымæ гæсгæ 2016-2017 азты Инвестпрограммæ реализаци кæныны фæстиуæгæн цы æхцайы фæрæзтæ экономи æрцыдысты, уыдон тыххæй фæндон бахæстæуыд рахизгæ нысæнттæм сæ рахæссыны тыххæй, афтæмæй Гуфта-Къуайсайы фæндаджы арæзтадæн æхцатæ самал кæнгæйæ», – загъта Хæбæлаты Азæ

Уымæй уæлдай ма, финансты министр банысан кодта, зæгъгæ, Уæрæсейы Федерацийы æмæ Хуссар Ирыстоны хъахъхъæнынады министрадты æхсæн сразыдзинады фæстиуæгæн, «УФ-йы æмæ РХИ-йы æхсæн интеграци æмæ æмцæдисы тыххæй» бадзырдмæ гæсгæ, æрвыл аз дæр бæрæг суммæтæ хицæн цæуынц хъахъхъæнынады министрады кусджытæн разæнгард кæныны тыххæй. Ацы суммæ ныры онг æвдыст цыд финансты министрады æмæ йæ дих кæныныл архайдта хъахъхъæнынады министрад. Ацы закъоны проекты фæндон бахастæуыд уыцы суммæйы хъахъхъæнынады министрадмæ радтыны тыххæй, уый фæстæ йæ адих кæныны нысанæн.

Ацы проекты фæдыл сæ фарстатæ радтой депутаттæ Козонты Алан, Харебаты Серги æмæ Тасойты Барис. Фæлæ уыцы фарстатæ арæзтады министрадмæ кæй хаудысты, уый тыххæй хаст æрцыдысты иннæ сессимæ, цæмæй сæ радтой æмбæлон ведомствойы министрмæ.

«2018 азы Республикæ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон бюджеты тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны Закъонмæ ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны закъон депутаттæ райстой æмхъæлæсæй.

Ацы комитет ма уынаффæ кæнынмæ рахаста РХИ-йы Национ Бангы Сæрдар Зассеты Феликсæн радон улæфт радтыны тыххæй фарст.

Ацы фарстыл депутаттæ æмхъæлæсæй сразы сты.

Уый фæстæ Сæудæджерад, арæзтад, транспорт, бастдзинад æмæ æрдзон ресурсты фæдагурæн парламентон комитеты сæрдар Тедеты Руслан уынаффæмæ рахаста Республикæ Гуырдзыстонимæ Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон арæны делимитаци æмæ демаркацийы  фарстыты фæдыл парламентон фæдæвзарæн къамисы скондмæ ивындзинæдтæ бахæссыны фарст. Сæрмагондæй, Тедеты Руслан фæндон бахаста къамисы скондмæ депутат Гæбæраты Аланы бахæссыны тыххæй, кæцы къамисы уæнг нæ уæвгæйæ, стыр æххуыс кæны йæ куыстæн.

Комитеты сæрдар ма йе ‘нæразыдзинад равдыста уый фæдыл æмæ кæд къамисы сконды 12 адæймаджы ис, уæддæр уыдонæй ацы куысты хайад сынц æрмæстдæр цалдæрæй.

Йæ рады Гасситы Петр æрсидт, паддзахадон арæны делмитаци æмæ демаркацийы фарстыты фæдыл парламентон фæдагурæн къамисы йæ бон кусын кæмæн нæу, уыдонмæ цæмæй барвæндæй ацæуой къамисы скондæй. Хъæлæсæппæрсты фæстиуæгæн Гæбæраты Алан хаст æрцыд ацы къамисы скондмæ.

Æндæр æмæ æндæр фарстытæм рахизгæйæ, депутат Чилæхсаты Владимир уынаффæмæ рахаста къорд ахсджиаг фарсты. Фыццаг фарст хаудта сæ дæлбар кусджыты куыстмыздтимæ абаргæйæ, иуæй-иу министрты куыстмызд бирæ фылдæр кæй у, медицинон уагдæтты кусджыты куыстмызды æнæраст индексаци, кæцыты ‘хсæн хицæндзинад у 98 проценты, афтæма Райгуырæн бæстæйы сæрвæлтау чи хæцыд æмæ  йе нæниздзинад чи фесæфта, уыцы адæймæгты чысыл пенситæм.

Чилæхсаты Владимир ма фæндон бахаста 1989-2008 азты хæстон архайдтыты хайад чи иста, уыдоны номхыгъдтæ саразын æмæ сæ «Хуссар Ирыстоны адæмы Фыдыбæстæйон хæсты уæлахизыл 10 азы сæххæсты» майдантæй схорзæхджын кæныны тыххæй.

«Уымæй дарддæр ма æз æрæджы æркастæн РХИ-йы Уæлдæр хорзæх «Уацамонгæ»-йы орденæй хорзæхджын чи æрцыд, уыдоны номхыгъдмæ æмæ хорзæхджын чи æрцыдысты, уыцы 137 адæймаджы ‘хсæн æз нæ федтон Хуссар Ирыстоны хъахъхъæнынады фыццаг министр Джиоты Аланы (Парпат) ном. Нымайын афтæ, æмæ уый у ацы хорзæхы аккаг  æмæ фæндон хæссын, цæмæй ацы фарст æвæрд æрцæуа Хицауады раз æмæ йæ схорзæхджын кæной «Уацамонгæ»-йы орденæй йæ амæлæты фæстæ», – загъта Чилæхсаты Владимир.

Куыстмыздты индексацийы фæдыл йæ фарст фехъусын кодта депутат Тасойты Барис, кæцы, сæрмагондæй, разы нæ уыд алы хатт дæр кæй фæфылдæр вæййынц уыцы иу ведомствоты кусджыты куыстмыздтæ.

Парламенты Сæрдар Гасситы Петр банысан кодта, зæгъгæ, медицинон кусджыты куыстмызд фæфылдæр кæныны хицæндзинады фарст ныридæгæн скъуыддзаг æрцыд, æмæ иннæ аз сæ куыстмыздтæ фылдæр кæндзысты иннæрдæм.

Гасситы Петр ма йæ ныхасмæ бафтыдта, зæгъгæ, дæргъвæтин рæстæджы республикæйы нæ уыд паддзахадон службæйы тыххæй закъон. Фæлæ æввахс рæстæджы, ацы закъон ист æрцæудзæн æмæ паддзахадон службæгæнджыты куыстмыздтæ, кæцытæ абоны онг Уæрæсейы æнгæс кусджыты мыздтимæ абаргæйæ, исынц 2-3 хатты къаддæр, тарификацигонд æрцæудзысты.

Скъуыддзаг æрцыд, цæмæй парламенты рабадттæ рахæсгæ æндæр  фарстытыл æруынаффæ кæной æмбæлон министрадтæ æмæ ведомствоты минæвæрттимæ.

РХИ-йы Парламенты

информацион-аналитикон службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.