Знауыры поселочы районы администрацийы бæстыхайы раз  зынгæ революционер Айдарты Знауырæн цы цырт ис, уый æрцыд æдзæллаг уавæрмæ. Уымæ гæсгæ районы къухдариуæгад фæндон рахастой, цæмæй цырт ацы аз бæстон цалцæг æрцæуа. Фæхуыдтой Хуссар Ирыстоны Нывгæнджыты цæдисы сæрдар Цхуырбаты Тамерланы  уый бынаты сахуыр кодта цырты уавæр æмæ ацы бонты бавнæлдæуыд цырт реставраци кæнынмæ.

Айдарты Знауыр у номдзыд революционер. Уый райгуырд 1889 азы Цæгат Ирыстоны Хъæдгæроны хъæуы. 1902 азы каст фæцис йæ райгуырæн хъæуы аргъуаны скъола. Службæ кæнынмæ бацыд Кавказы хъазахъхъæгты дивизийы 3-аг дивизионмæ. Уый фæстæ ацыд Тбилисмæ æмæ куыста Фæскавказы æфсæнвæндаджы æрмадзты. Раст ам базонгæ революцион хабæрттимæ дæр. Йæ фатеры сусæгæй æмбырд кодтой революционертæ æмæ уынаффæ кодтой сæ архайды тыххæй.

Айдарты Знауыр йе ‘мтохгæнæг лæппу Рæмонты Евгенимæ Тбилисы 1918 азы сарæзтой революцион организаци «Чермен». Гуырдзиаг меньшевиктæ сæ базыдтой, сæ фæдыл зылдысты æмæ уыдон дæр рацыдысты Хуссар Ирыстонмæ, сæ куыст адарддæр кæнынмæ. 1919 азы Кавказы крайон комитеты уынаффæмæ гæсгæ Гуырдзыстоны сарæзтой гæрзифтонг растад. Знауыр бахауд меньшевикты къухмæ æмæ йæ амардтой 1919 азы ноябры мæйы. Абон йæ ном хæссы Знауыры район, Цхинвалы уынгтæй сæ иу Боржомы районы дæр ис Зна-уыры хъæу æмæ Цæгат Ирыстоны Хъæдгæроны дæр ис иу уынг, кæцы хæссы Айдарты Знауыры ном. Ацы аз Айдарты Знауыры райгуырдыл æххæст кæны 130 азы. Уый тыххæй Цæгат Ирыстоны мыхуыры рацыд чиныг «Знаур Айдаров. Жизнь и подвиг», зæгъгæ.

Знауыры администрацийы пресс-службæ куыд зæгъы, афтæмæй районы культурæйы хæдзар арæх фæуадзы бæрæгбонон мадзæлттæ Айдарты Знауыры цырты раз.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.