«„Республикæ Хуссар Ирыстоны таможнæйон органты службæ кæныны тыххæй“ Республикæ Хуссар Ирыстоны Закъонмæ ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны закъоны тыххæй

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламент уынаффæ кæны:

  1. Райст æрцæуæд «Республикæ Хуссар Ирыстоны таможнæйон органты службæ кæныны тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны Закъонмæ ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй” Республикæ Хуссар Ирыстоны закъон.
  2. Ацы закъон æрвыст æрцæуæд Республикæ Хуссар Ирыстоны Президентмæ къух ыл æрфыссын æмæ йæ ныммыхуыр кæныны тыххæй.
  3. Ацы уынаффæ йæ тыхы цæуы къух ыл æрфыссыны бонæй.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты Сæрдар ТАДТАТЫ Алан

г. Цхинвал, 2022 азы 15 апрель

РЕСПУБЛИКÆ ХУССАР ИРЫСТОНЫ ЗАКЪОН

«„Республикæ Хуссар Ирыстоны таможнæйон органты службæ кæныны тыххæй“ Республикæ Хуссар Ирыстоны Закъонмæ ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй»

Статья 1

«Республикæ Хуссар Ирыстоны таможнæйон органты службæ кæныны тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны закъонмæ, кæцыйы райста Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламент 2022 азы 15 апрелы, бахаст æрцæуæд ахæм ивындзинæдтæ:

1) 47-æм статьяйы фыццаг абзацы ныхæстæ «мидхъуыддæгты органты службæ» æппæрст æрцæуæд;

2) 48-æм статьяйы ныхæстæ «æмæ мидхъуыддæгты органты æмкусджыты» æппæрст æрцæуæд.

Статья 2

Ацы закъон йæ тыхы цæуы, официалонæй мыхуыр куы æрцæуа, уыцы бонæй.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент БИБЫЛТЫ Анатоли

г. Цхинвал, 2022 азы 27 апрель

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.