«Республикæ Хуссар Ирыстоны æмбæстæгты æвзарæн барты æмæ референдумы хайад райсыны барты сæйраг гарантиты тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны Конституцион закъоны 22-æм статьяйы бындурыл, Республикæ Хуссар Ирыстоны Централон æвзарæн къамис курæг у политикон партитæ, æвзарджыты инициативон къордтæй, цæмæй ацы аз 30-æм апрелмæ округон æвзарæн къамистæм æрбавдисой сæ кандидатурты Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты депутатты æвзæрстыты фæдыл фадыгон æвзарæн къамисты скондмæ сæ бахæссыны тыххæй, кæцытæ уагъд æрцæудзысты 2019 азы 9-æм июны.

РХИ-йы Централон æвзарæн къамисы Сæрдар ПЛИТЫ Беллæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.