Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстоны ‘хсæн социалон-экономикон æмгуыстады фæдыл Æхсæнхицауадон къамисы радон рабадты куысты хайад райсыны тыххæй, 19-æм апрелы нæ республикæмæ Мæскуыйæ æрцыд делегаци УФ-йы Хицауады Сæрдары фыццаг хæдивæг Витали  Муткойы сæргълæудæй. Делегацийы сконды уыдысты Цæгат Кавказы хъуыддæгты фæдыл УФ-йы министр Сергей Чеботарев, Арæнгæрон æмгуыстады фæдыл УФ-йы Президенты Управленийы хистæр Алексей Филатов.

Дидинджытæ сæвæрдтой Мемориалы раз

Райдианы уал РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли æмæ УФ-йы Хицауады Сæрдары хæдивæг Витали Мутко дидинджытæ сæвæрдтой Цхинвалы фæндзæм астæуккаг скъолайы гуырдзыйы агрессийы амæттæгты Мемориалы раз. Дидинджытæ æвæрыны церемонийы ма хайад райстой РХИ-йы Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик, С. В. Чеботарев, А. Е. Филатов, Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы Уæлвæткон æмæ æххæстбарджын минæвар Марат Кулахметов.

Бацыдысты æнæниздзинад хъахъхъæныны объекттæм

 Дарддæр уазджытæ азылдысты Инвестпрограммæйы фæлгæтты арæзтцæуæг æнæниздзинады объекттыл.

Æнæниздзинады объектты арæзтæдты гъæдæй Витали Мутко баззадис райгондæй.

«Æз разыйæ баззадтæн объектты арæзтадæй. Цы медицинон ифтонггæрзтæй æрцыдысты ифтонг, уыдон дæр дзуапп дæттынц сæ нысанæн. Ноджыдæр ма фæзындзæнис гуырæн хæдзар æндæр æмæ æндæр хайадтимæ. Æмткæй объектты арæзт мæ зæрдæмæ фæцыдис æмæ мыл ныууагътой хорз тæлмæнтæ», – загъта Витали  Мутко.

Республикон рынчындоны гемодиализы хайад арæзт кæй æрцыд, æмæ рынчынты къуыри æртæ хатты ацæуын кæй нал хъæуы, республикæйæ æддæмæ, уый райгондæй банысан кодта уæрæсейаг вице-премьер æмæ йын скодта æвæрццаг аргъ.

«Иуныхасæй, рынчындоны ис тынг хорз исæн хайад, операцион блок æмæ интенсивон терапийы хайад. Сывæллæтты рынчындон та ифтонг у нырыккон медицинон ифтонггæрзтæй. Ахæм нырыккон ифтонггæрзтæй Уæрæсейы ифтонг сты æрмæстдæр перинаталон центрты, цыран зилынц, æмгъуыдæй раздæр чи райгуырынц, ахæм сывæллæттæм. Мах дарддæр кусдзыстæм æмæ ныфсбавæрæн ис, азы кæронмæ ног гуырæн хæдзар эксплуатацимæ лæвæрд кæй æрцæудзæн, уымæй. Цы федтон, уыдон мæныл æфтауынц хорз зæрдæйы равг», – бафиппайдта йæ раныхасы Витали  Мутко.

Уæрæсейаг уазæджы хъуыдымæ гæсгæ уый федта хæларзæрдæ медицинон персонал, сæ хъуыддаджы дæсны чи сты, æмæ фиппайдæуы Уæрæсейы Æнæниз-дзинады министрадимæ кæрæдзиæм-барынад, хорз æвæрд у уæрæсейаг æмæ хуссарирыстиойнаг специалистты кæрæ-дзимæ иудзинады системæ.

«Иудзырдæй, алцыдæр арæзт цæуы æмбæлон уагыл, хъæуы ма аскъуыддзаг кæнын Тагъд æххуысы проблемæ. Бæрæг у,  нырма  бакусын кæй хъæуы бирæ аскъуыддзагкæнинаг, бæрзондтехнологон фарстатыл. Уый тыххæй та бацæттæ хъæуы специалисттæ. Зонæм æй, уæ республикæйы дохтыры дæсныйад райсын у хъæуæг», – банысан кодта йæ раныхасы Витали Мутко. Профессионалон медиктыл дзургæйæ, уый банысан кодта, зæгъгæ, Хуссар Ирыстоны рынчындоны æндæр æмæ æндæр фадгуыты æрхонгæ специалисттæ кусынц авды бæрц. «Ацы фæдыздæхты ноджыдæр куыст цæуы. Нæ фембæлды рæстæджы махæн фадат уыдзæн ацы фарстытыл æрдзурынæн. Байхъусдзыстæм æмæ сын базондзыс-тæм сæ хъуыды дæр æмæ аскъуыддзаг кæндзыстæм нæ дарддæры архайды тыххæй цы саразын хъæуы, уыдæттæ», – загъта Уæрæсейы вице-премьер. Йæ хъуыдымæ гæсгæ Æнæниздзинады фадыджы æвзæр нæ бакуыстой сæ уæрæсейаг коллегæтимæ. Æмæ уыдонæн дæр æхсызгон у, Хуссар Ирыстонæн кæй сарæзтой хос кæнын æмæ диагностикæ æвæрынæн æппæт уавæртæ дæр.

Уый ма загъта стыр нысаниуæг кæй ис цæрджыты диспансеризацийæн.

Витали  Мутко ма банысан кодта, Цхинвалы уагъд кæй æрцæудзæн Æхсæнхицауадон къамисы рабадт, уым, боны фæткмæ хаст æрцыдис 2020-2022 азтæн Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзтæн Инвестпрограммæ сфидар кæнын. Афтæ ма йæм хаст æрцыдысты экономикæйы реалон сектор, туризм, инженерон хызæгты арæзтад æмæ бастдзинады рæзтимæ баст мадзæлттæ.

Хуссар Ирыстоны Паддзахадон

университеты

 Уый фæстæ уазджытæ бацыдысты Инвестпрограммæйы фæлгæтты арæз-тæрцæуæг университетон комплексмæ. Уазджытæ университеты ректор Тедеты Вадимимæ азылдысты аудиториты. Федтой зоологийы музей, спортивон зал. Университетон комплексы арæзтадæй УФ-йы Хицауады Сæрдары фыццаг хæдивæг Витали Мутко баззад райгондæй.

БЕСТАУТЫ Валя

Æхсæнхицауадон къамисы дыууынæм рабадты тыххæй кæсут нæ газеты радон номыры.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.