Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик раарфæ кодта Бахъаты Владислав æмæ Къæбулты Ромайæн Ног азы цытæн æмæ сын бакодта ногазон лæвæрттæ.

Уыдон сæ ногазон фæндæттæ ныффыстой наутыл æмæ сæ ауагътой «Бæллицты фонтан»-ы. Ныр Хицауады сæргълæууæджы æххуысæй уыдон æххæст æрцыдысты.

Владислав ахуыр кæны скъола-интернаты 3-аг къласы, ахуыр кæны хорз, йæ бæллиц уыд конструктор «Лего» райсын, фæлæ сывæллоны ныййарджытæ ноджы хъомыл кæнынц дыууæ сывæллоны æмæ сæ бон нæ баци сæ бæллицтæ сын сæххæст кæныны.

Мугуты хъæуы æстæм къласы ахуырдзау Къæбулты Ромæйы бæллиц уыд планшет райсын, фæлæ ахæм зынаргъ лæвар бинонтæн йæ бон нæ уыд балхæнын, æмæ уый фыстæг арвыста Митын Дадамæ.

Владиславы мад Мадинæ бузныджы ныхæстæ загъта Пухаты Эрикæн ахæм хъусдарды æмæ сывæллæттæн циндзинад кæй æрхаста, уый тыххæй. Пухаты Эрикæн ма бузныджы ныхæстæ загъта Къæбулты Ромæ дæр.

«Ныр мæнæн фадат уыдзæн интернетæй пайда кæнын æрмæст ныхас кæнынæн нæ, фæлæ ахуыры тыххæй дæр. Стыр бузныг», – загъта уый.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.