Фыдæлты уæзæг, райгуырæн къуым чи нæ уарзы, æвæццæгæн, нæй ахæм адæймаг, фæлæ мæм афтæ кæсы æмæ поэт Гатыгкоты Эдуард йæ райгуырæн хъæу Брили уарзы, иуæй-иутæ сæ цас уарзынц, уыдонæй фылдæр. Уымæн та ис къорд æвдисæны. Гуырдзыстоны агресийы рæстæджы йæ хъæу адæмæй куы  афтид кодта, уæд уæлдай арæхдæр цыд ардæм æмæ кæм хъуыддагæй, кæм та дзыхы ныхасæй æвæрдта ныфсытæ, цæмæй ма ныууадзой сæ фыдыуæзæг. Абон ма хъæуы кæд ис æрмæстдæр цалдæр хæдзары, уæддæр æй Эдуард цасдæрбæрцæй кæны цæрдхъомдæр. Кæд цæры горæты, уæддæр къуыри æртæ, кæнæ ноджы фылдæр хатты ссæуы æмæ фæзилы,  гом къахæй кæм згъордта, уыцы уæзæгыл. Бæлæсты къалиутæ фæндаджы сæрмæ кæрæдзимæ кæм æрбацыдысты, уым сæ сцагъта æмæ йыл ныр машинæтæ æдæрсгæйæ цæуынц. 

А-уалдзæджы та, хъæуæй рацæуæг зындгонд адæймæгтæ Коцты Гри, Герсан, Петр æмæ æндæртæ се ‘нусон бынат кæм ссардтой, уыцы уæлмæрдмæ фæндаг фехæлдтой къæвдадæттæ. Кæд дзы адæм фистæгæй цыдысты, уæддæр дзы машинæтæ нал хызтысты æмæ æвзæрстой зындзинæдтæ. Эдуард æй йæхи фæрæзтæй, сцалцæг кодта. Балхæдта труба, сласта йæ, скъахта æмæ йæ сарæзта. Ныр куыд адæм, афтæ йыл машинæтæ дæр цæуынц æдыхстæй æмæ се ‘ппæт дæр арфæйы ныхæстæ фæзæгъынц Эдуардæн.

Эдуард йæ хъæу Брилийы бирæ кæй уарзы, уый ма бæрæг у уымæй дæр æмæ хъæуы кæй сарæзта нырыккон, цæрынæн хорз фадæттæ кæм ис, ахæм  дыууæуæладзыгон хæдзар. Сифтонг æй кодта хъæуæг мигæнæнтæ æмæ дзаумæттæй æмæ ныр хъæумæ куы ссæуы, уæд æй уырдыгæй рацæуын нал  фæфæнды.

Хъæуы нæй дон. Эдуард  хъавыд ацы фарст æрбæстон кæнынмæ дæр.  Фæхуыдта специалисты, уыдон ын загътой, зæгъгæ, 25 метры куы ныббур кæнай, уæд дзы дон æнæмæн-гæй разындзæнис. Эдуард баххуырста бургæнæн машинæ, ныббур кодтой 22 метры æмæ дзы разынд дон. Ууыл бацин кодта, фæлæ хъæуы фаг кæй нæу, уый та йæ æппары сагъæсы. Чидæртæ йын ныфс бавæрдтой, зæгъгæ, куыд фæстагмæ доны гуырахст фæфылдæр уыдзæнис, æмæ уыцы цаумæ  æнхъæлмæ кæсы.

                                                                                               ГÆЗЗАТЫ Иван

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.