«Ныртæккæ арæзтадон куыстыты гъæд фæхуыздæр ис, иннæ азтæм абаргæйæ. Фæлæ цæмæй куыст æххæстæй фæхуыздæр уа, уый тыххæй архайды алы фадгуыты дæр æнæмæнгхъæуæг у Комитеты нормативон-барадон базæ рæзын кæнын», – банысан кодта Экологион, технологион æмæ арæзтадон цæстдарды фæдыл комитеты сæрдар Къуылыхты Таймураз 2018 азы ведомствойы бакæнгæ куысты тыххæй хыгъд дæтгæйæ.

Ивгъуыд азы æвæрццаг фæстиуæгыл уый банымадта юридикон хайад кадртæй кæй баххæст, кæцыйы ног скондæн бантыст хорз практи-кæйы рацæуын, куыд экологон хайадимæ, афтæ тæрхондонон инстанцитимæ æмæ прокуратурæимæ кусгæйæ.

Куыд банысанчындæуыд, афтæмæй  Комитеты куысты иууыл актуалондæр фарстытæй иу у брæтты æнæсанкцион æгъдауæй калыны ныхмæ тох кæныны хъуыддаг.

«Абоны бон æнæзакъонон брондæттæ сты æрдз хъахъхъæныны ныхмæ бархалынæдты иууыл арæхдæр хуыз. Цардуагон æмæ арæзтадон брæттæ калынц, кæм не ‘мбæлы, ахæм бынæтты, куыд республикæйы цæрджытæ, афтæ куыстуæттæ дæр.

Æнæсанкцион æгъдауæй брондæтты сæвзæрды сæйраг аххосагыл уый банымадта брон ласджыты æдзæсгомдзинад, кæцытæ йæ калынц æввахс цæрæн пунктты, сæрмагонд полигонтæм нæ бацæугæйæ, хицæутты æмæ арендаторты фарсæрдыгæй зæхмæ хъæуæг цæстдард кæй нæй, уый, афтæ ма брæттæ утилизаци кæныны хъуыддаджы æхсæнадмæ рæстмæ æмбаргæдзинад кæй нæй, уый.

Къуылыхты Таймуразы ныхæстæм гæсгæ, 2018 азы экологон хайад ауагъта цæстдарæн мадзæлттæ, цæмæй сбæрæг кодтаиккой цардуагон æмæ арæзтадон брæттæ æнæсанкцион æгъдауæй калыны цаутæ. Цæстдарæн мадзæлтты фæстиуджытæм гæсгæ арæзт æрцыдысты басгæрсты акттæ лæвæрд æрцыдысты барфыстытæ сбæрæггонд бархалынæдтæ аиуварс кæныны тыххæй.

Æрдзæй пайда кæныны æмæ нæ алфæмблай бахъахъхъæныны тыххæй хыгъдон æмгъуыды арæзт æрцыдысты суагъæтæ административон бархалынæдты тыххæй. Иварты иумæйаг суммæ у 1 милуан æмæ 256 мин сомы.

Уымæй уæлдай ма, 2018 азы арæзтады хайад сæххæст кодта 2018-2019 азты Инвестицион программæйы фæлгæтты капиталон арæзтады объекттæм цæстдарæн куыст.

Арæзтады кæрон лæвæрд æрцыдысты, кæй бæззынц, уый тыххæй 36 хатдзæджы.

Къуылыхты Таймураз куыд банысан кодта, афтæмæй хыгъдон рæстæджы арæзтады фадыджы анализ саразгæйæ, бæрæг æрцыд подрядон организацитæ, кæцытæ не ‘ххæст кодтой арæзтады домæнтæ, хæлдтой арæзтады æмгъуыд, сæ хъус нæ дардтой гъæды стандарттæм. Уыдон ныр нал исынц хайад арæзтадон процессы, кæнæ та æххæст кæнынц æндæр хæстæ егъаудæр подрядон организациты къухдариуæгады бын.

Уый та къухты бафтыд арæзтадон процессы архайджыты æмархайды динамикæ фæхуыздæр кæнын, арæзтады гъæды домындзинæдтæ фæбæрзонддæр кæныны фæрцы.

«Хицауад нæ бæрны бакодта егъаудæр æмæ стабилондæр куыстуæттæ, кæцытæ дзуапп дæттынц æууæнкджын арæзтадон куыстуæтты æмæ гъæдджын арæзтадон продукттæ уадзæджы домæнтæн. Уымæ гæсгæ фæбæрзонддæр ис арæзтадон кондады æмвæзад, фæхуыздæр ис арæзтады гъæд, арæзтады æмгъуыд хъахъхъæныны хæстæ æххæст кæныны хъуыддаг та æввахс кæнын райдыдта фидаргонд графиктæм», – банысан кодта Комитеты сæрдар.

РХИ-йы Хицауады пресс-службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.