Уалдзæджы æрбалæудимæ хъæууонхæдзарадон куыстытæ фæфылдæр вæййынц æмæ хæдзардзин зæхкусæг фæтындзы, цæмæй уыдон сæххæст кæна  рæстæгыл, уыимæ агротехникæйы æппæт домæнтæ дырысæй хынцгæйæ. Афтæ чи фæцырд вæййы, уымæн йæ куыстытæ ацæуынц зæрдæйы фæндиаг æмæ æрæвæры фидар бындур фæззæджы хъæздыг тыллæгæн.

Хъæууонхæдзарадон уалдзыгон куыстытæм рæвдзæй бавнæлдтой Знауыры районы Уелиты хæдзарады механизатортæ æмæ уал куыстытæн фесты сæ иу хай. Механизатортæ развæлгъау батыхстысты тауыны куыстыты агъоммæ мæр афæлдахыныл, афоныл спайда кодтой кусынæн бæзгæ бонтæй æмæ уал сын бантыст 500 гектары афæлдахын. Хъаруджынæй дзы бакуыстой фæлтæрд æмæ  куыстуарзаг механизатортæ Пухаты Дзантемыр, Хуыбецты Вася, Табуты Разик, Кокойты Эдик æмæ Валери. Къуырийæ фылдæр рæстæджы уыдон куыстой хъæбæрхор тауыныл æмæ уал уыцы  куыст сæххæст кодтой 100 гектары фæзуатыл. Механизаторты куыстмæ йæ хъус дары тракторон бригадæйы бригадир Наниты Талик, техникæ у куыстæввонг, фаг сын ис æртаг æмæ тауинаг. Ацы бонты та трактористтæ архайынц, цы фæзуат бахуым кодтой, уый скультиваци кæныныл æмæ та уый фæстæ  дарддæр æрæвналдзысты тауыны куыстмæ. Хуыбиаты Никъала 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.