Республикæ Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддæгты министрад 1-æм апрелæй райдыдта куырдиæттæ исын æрыгон æмбæстæгтæй, кæцыты 2021 азы фæнды Уæрæсейы Федерацийы милицийы хаххыл уæлдæр ахуыргæнæндæттæм ацæуын. Ахуырмæ цæуæг кандидатыл 25 азæй фылдæр ма хъуамæ цæуа, æнæмæнг æм хъуамæ уа астæуккаг ахуыр фæуыны аттестат, йе ‘нæниздзинад ма цуда, æмæ уа æгъдауджын. Уымæй уæлдай ма æнæмæнг фæстаг æртæ къласы (9, 10, 11 кълæстæ) каст хъуамæ фæуа Хуссар Ирыстоны скъолайы.

Фæстæдæр та рацæудзысты специалон басгæрст Мидхъуыддæгты министрады æмæ Хицауады хъахъхъæнынады комитеты, стæй та æрбалæу-дзысты медицинон къамисы раз. Фæлварæнтæ дæтдзысты уырыссаг æвзаг, истори, æхсæнадзонынад æмæ математикæйæ. Къамисы уæнгтæ уыдзысты канд Мидхъуыддæгты министрады кусджытæ нæ, фæлæ ма Хус-сар Ирыстоны паддзахадон университеты лектортæ дæр.

Курсантты хицауад сифтонг кæндзæн уæлæдарæсæй, хæлцæй æмæ кæм цæрой, уымæй. Уымæй уæлдай ма сæ ахуыры рæстæг дæр нымад æрцæудзæнис куысты стажыл æмæ ахуыр фæуыны фæстæ райсдзысты милицийы лейтенантты нæмттæ.

ДЖИОТЫ Александр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.