Хуссар Ирыстоны футболон командæтæ «Барсалантæ», 2010 æмæ 2011 азты гуырд æрыгон футболисттæ, афæндараст сты горæт Сочимæ, цыран хайад райсдзысты уалдзыгон кубок «Hopes Cup»-ы. Ам 15 мартæй фæстæмæ сывæллæттæн уагъд цæуы  æппæтуæрæсейон турнир футболæй, кæцы дих у цыппар этапыл æмæ дзы нæ спортсментæ хайад райсдзысты æртыккаг этапæй фæстæмæ. «Барсалантæ» сæ фыццаг хъазт акæндзысты 1 апрелы æмæ турнир та йæ кæронмæ бахæццæ уыдзæнис 7 апрелы.

Не ‘рыгон футболистты Цæгат Ирыстоны онг афæндараст кодтой фæндагон змæлды æдасдзинады инспектортæ æмæ уырдыгæй та дарддæр ацыдысты поездыл. Паддзахадон инспекцийы кусджытæ сæ размæ ацæудзысты, фæстæмæ куы æрыздæхой, уæддæр, цæмæй æнæ фыдбылызæй сæмбæлой сæ хæдзæрттыл. Ныридæгæн та Хъырымæй æрыздæхынц не ‘рыгон ленкгæнджытæ, кæцытæ хайад райстой ерысты, æмæ та инспектортæ сæ размæ ацæудзысты, цæмæй сæ фæндагыл зындзинæдтæй бахизой.

Дзырд «Hopes Cup» нысан кæны «Ныфсы къус» æмæ ацы номæй схуыдтой æрыгон футболистты турнир. Фыццаг хатт уагъд æрцыдис 2016 азы горæт Сочийы спортивон комплекс «Олимп»-ы æмæ дзы хайад райстой æрмæст 25 командæйы бæрц. Фæлæ фæстæдæр ерысты масштабтæ бæрæг фæуæрæхдæр сты æмæ дзы хайад исын райдыдтой 100 командæйæ фылдæр. Иу турниры рæстæджы ауагъдæуы 500 хъазты бæрц æртæ футболон фæзуатыл. Уникалон ма уымæй сты ацы ерыстæ, æмæ дзы хайад кæй исынц раздæры Советон Цæдисы республикæты минæвæрттæ.

Турниры уæлахизуæвджытæ æмæ призертæ хорзæхджын æрцæуынц ку-боктæй æмæ дипломтæй, футболисттæ та – майдантæй. Уымæй уæлдай фæхицæн кæнынц турниры хуыздæр хъазджыты æмæ сæ схорзæхджын кæнынц зынаргъ призтæй.

ДЖИОТЫ Александр

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.