Ацы аз Арæзтад æмæ архитектурæйы министрады закъазмæ гæсгæ бавналдзысты фæси-вæдæн улæфæн лагерь аразынмæ Дзауы районы Мзиугомы.

Рæзгæ фæсивæдæн скъолайы ахуыры фæстæ сæ иууыл стырдæр бæллиц вæййы сæрдыгон каникултæ хъæлдзæгæй арвитын. Раздæр иу кæд сæрдыгон каникулты рæстæджы стыр цинимæ сæ нанатæм æмæ дадатæм цыдысты хъæутæм, уæд ныртæккæ хъæутæ куыд æдзæрæг кæнынц, афтæ ахæм сывæллæттæ дæр къаддæрæй къаддæр кæнынц. Æрвылаз дæр Ахуырады министрад сорганизаци кæны сæрдыгон лагертæ, куыд Цхинвалы скъола-интернаты базæйыл, афтæ Гуфта æмæ Къуайсайы дæр. Сæрдыгон лагертæ кæд æмбæлонæй организацигонд æрцæуынц, уæддæр базæты уыйбæрц уавæртæ нæ вæййы. Ахуырад æмæ зонады министрады уæлæмхас хъомылады хайады сæргълæууæг Джиоты Эльзæйы арæзт программæтæм гæсгæ сæрд ахуырдзаутæн сæ зынгæ хай баулæфынц æмæ семæ хъомыладон, спортивон, аивадон куыст бакæнынц не скъолаты хуыздæр ахуыргæнджытæ. Боныгон лагеры, кæцы конд æрцæуы скъола-интернаты базæйыл, кæстæр кары сывæллæттæй баулæфынц æртæ фæлтæрæй.

Ам сæйраджыдæр вæййынц фыццаг къласæй фæндзæм къласы онг кары ахуырдзаутæ. Горæтæн æдтейæ – Гуфтайы æмæ Къуайсайы иумæйаг ахуыргæнæн скъолаты базæйыл баконд лагерты та баулæфынц хистæр кълæсты ахуыргæ-нинæгтæ дыууæ фæлтæрæй. 2019 азы не скъоладзаутæй иу хай баулæфыдысты Хъырымы æмæ Абхазы. Донецк æмæ Луганскы фæсивæдæй, та махмæ хуынд æрцæуынц, улæфынмæ.

Сывæллæттæ цæмæй сæ рæстæг хъæлдзæгæй арвыстаиккой, уый тыххæй сын развæлгъау бацæттæ кæнынц цымыдисон хиирхæфсæн программæтæ. Фæлæ, уæлдæр куыд загътам, афтæмæй улæфæн лагерты нормæтæн дзуапп нæ дæттынц скъолаты бæстыхæйттæ. Уымæ гæсгæ сæрмагонд базæ саразыны фарст рагæй лæууыд Ахуырады ми-нистрады боны фæткы. Инвест-программæйы фæлгæтты ахæм уавæр кæй фæзынд, уымæй ныр иттæг райгонд сты министрады кус-джытæ.

Советон Цæдисы рæстæджы Хуссар Иры ахæм лагертæ дзæвгар уыд. Мзиугомы территорийыл цы турбазæ уыд, уым ныр сырæздзæн нырыккон стационарон лагерь 150 бынатимæ. Арæзтад æмæ архитектурæйы министрады куыд зæгъынц, афтæмæй лагеры проект у цæттæ. Арæзт цæудзæн дыууæ этапæй. Ам арæзт æрцæудзæн канд сæрдыгон улæфæн лагерь нæ, фæлæ ма афæдзы алы афон дæр каникулты рæстæджы ахуыргæнинæгтæ кæм улæфдзысты ахæм турбазæ. Йæ территорийыл сырæздзæнис алыгъуызон хъазæн фæзтæ, бассейн, беседкæтæ, хъæдмæ экс-курситы цæуынæн, сывæллæтты хæрзиуæгæн, арæзт æрцæудзæн асфальт къахвæндаг. Ирон культурæ æмæ традициты бындурыл цæмæй цайдагъ кæной улæфджытæ, уый нысанæн лагеры сырæздзæн музей. Лагеры æнæмæнг уыдзæн физкультуронхосгæнæн хицæн бæстыхæйттæ дæр. Уымæн æмæ ам баулæфыны уавæртæ хъуамæ уа се ‘нæниздзинад мæгуырау кæмæн у, ахæм сывæллæттæн дæр. Улæфæн лагерь арæзт фæуыдзæн 2022 азы кæрон æмæ куыддæр эксплуатацимæ лæвæрд æрцæуа, афтæ скусдзæн.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.