Цӕмӕй не ‘мбӕстӕгтæ физкультурæ æмæ спортыл цайдагъ кæной, уый тыххæй горӕты ӕмӕ хицӕн хъæуты дæр баконд ӕрцӕуы, фӕсивӕд сӕ улӕфты рӕстӕг кӕм арвитой, спорты хуызтӕй кӕм æрхайой, ахӕм тренажерон залтӕ, спортивон фæзуæттæ. Ахӕм тренажерон залтӕй хайджын у Цхинвалы районы Къостайыхъӕу дӕр. Цӕрджытӕ, уӕлдайдӕр та  фӕсивӕд, ам фервитынц сӕ сӕрибар рӕстӕг, сӕхи физикон ӕгъдауӕй фидар кӕнынц ӕндӕр ӕмӕ ӕндӕр фӕлтӕрӕнтӕй, афтӕ ма бирæтæн рӕзы се спортивон дӕсныйад дӕр.

Уымӕй дарддӕр ма районы цӕрӕнуатон-коммуналон хӕдзарад йӕ хъусдард аздӕхта, цӕмӕй ӕвзонг фӕлтӕр сӕрдыгон рӕстӕджы хъазой спорты иууыл популярондӕр хуыз – футболӕй дӕр. Раст у, уымӕй размӕ дӕр хъӕуы уыд стадион, фӕлӕ дзуапп нӕ дӕтта ныры домӕнтӕн, хъуыд ӕй фӕхуыздӕр кӕнын. Уавӕр бахынцыдта уӕлдӕр амынд хӕдзарад ӕмӕ йӕ саразынмӕ бавнӕлдтой лӕмбынӕг, бакодтой дзы дзӕвгар куыстытӕ, ӕхгӕд у телхызæй, байтаудзысты дзы сӕрмагонд кӕрдӕг дӕр. Хӕдзарады инженер Хуыбиаты Ахмӕт куыд загъта, уымӕ гӕсгӕ ма дзы футболон фӕзуатӕй дарддӕр  уыдзӕн волейбол ӕмӕ баскетболæй хъазыны фадат дæр,  рог атлеттӕн та дзы сырӕздзӕн лидзӕн фӕндаг.

ХУЫБИАТЫ Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.