«2020 азы Инвестпрограммæйы фæлгæтты сырæздзæнис 8 уынджы», – фехъусын кодта арæзтад æмæ архитектурæйы пресс-службæ. Æмткæй 2020-2022 азты капиталонæй цалцæг æрцæудзæн 25 уынджы. Фæлæ уал ацы аз цы 8 уынджы рахицæн кодтой, уыдон сты Белинскийы, Революцийы, Табуты фырт, Базарады, Кимы, Нæузæххонты, Плиты Ароны æмæ Хъайтарты уынджы кæрон. Хъайтарты уынгæй Шанхайы районмæ цы уынг цæуы, уый фæстаг 30 азы цалцæг никуы æрцыд. Уынг бынтон æдзæллаг уавæры уыд, æмæ тыхстысты канд фистæгæй цæуджытæ нæ, фæлæ машинæты хицæуттæ дæр. Уæлдай тынгдæр та йæ сабиты ам сывæллæтты рæвдауæндон æмæ скъоламæ æрвылбон чи кодта, уыцы ныййарджытæ. Куыд иннæ уынгтыл, афтæ ам дæр коммуникацион хæххытæ 50 азы ивд никуы æрцыдысты.

Къаддæр цин нæ кæнынц Нæузæххонты уынджы бирæуæладзыгон хæдзæртты цæрджытæ дæр. Уым æппынæдзух мыдыбындзытау змæлынц машинæтæ дæр æмæ фистæгæй цæуджытæ дæр. Фæндагæн йæ уæлцъар скалд, ранæй-рæтты ныдзыхъхъытæ æмæ дзы машинæты цæлхытæ ныххауынц. Арæзтад æмæ архитектурæйы министрады куыд зæгъынц, афтæмæй уырдæм канд сæйраг фæндаг не сырæздзæн, фæлæ ма хæрзарæзт æрцæудзысты корпусты рæзтæ дæр. Уый размæ горæты коммуналон кусджыты руаджы район ныссыгъдæг ис, цы мæнгагъуыстытæ дзы уыд, уыдонæй. Плиты Ароны уынг кæронмæ асфальт нæ уыд, ныр уый дæр арæзт æр-цæудзæн автобусы æрлæууыны онг. Арæзт дзы æрцæудзæн тротуар дæр. Уымæн æмæ уым ивд нæма сты, зæххыбын цы коммуникацитæ ис, уыдон. Газ æмæ доны хæтæлтæ реконструкци куы æрцæуой, уæд æм бавналдзæн горæты цæрæнуатон-коммуналон хæдзарад.

Арæзтад æмæ архитектурæйы министрады пресс-службæйы куыд зæгъынц, афтæмæй 2021 æмæ 2022 азты нывæстмæ та хаст æрцыдысты ахæм уынгтæ: Гæззаты Валерийы, Къозоны фырты, Хъуылайы фырты æмæ Санахъойы фырты, Сланы фырты, Сабаны фырты, Плехановы, Мирная, Едысы, Саулохы фырты, Нарты уынгтæ, афтæ ма В. Путины уынджы кæронæй Хеиты хъæумæ цы фæндаг цæуы, уый. Ирæтты уынджы кæрон хæрзарæзт æрцæудзæн Вокзалгæрон фæзуат дæр.

Ацы уынгты арæзтад фидаргонд æрцыд 2019 азы Æхсæн-хицауадон къамисы рабадты.

Психиатрион рынчындон

Инвестицион программæйы фæлгæтты ацы аз сырæздзæн психиатри æмæ наркологийы центр дæр. Уый размæ нæ горæты Донбылгæрон уынджы цы психиатрион рынчындон уыд, уый ныппырх 2008 азы августы хæсты рæстæджы. Сæ психикæ хъыгдард кæмæн уыд, ахæм рынчынтæ конд цыдысты Цæгат Ирыстоны психиатрион клиникæмæ. Ныр рынчындоны территорийыл хæдзарадон хатæнтæ кæм уыд, уым сырæздзæн наркологи æмæ психиатрион центр. Инвестицион программæйы уымæн хицæн æрцыд 20 милуан сомы. Рынчындон куы срæвдз уа, уæд дзы уыдзæн æппæт уавæртæ дæр рынчынтæн хос кæнынæн.

Гуфта-Къуайсайы фæндаг

Цхинвалæй Къуыдаргоммæ цы фæндаг цæуы, уый арæзт цæуы æртæ хайæ. Фыццаг этапы арæзт цыд, нырма Гуфтайæ – Хъемултамæ. Дыккагмæ та бавнæлдтой ивгъуыд аз, уый та арæзт цыд Къуайсайы горæтæй. Цы цыппæрдæс километр ма дзы баззад, уым та куыстытæ фæуыдзысты 2020 азы æмбисты. Ацы фæндаг нæ республикæйы нымад цæуы иууыл зынвадатдæр фæндагыл. Инвестпрограммæйæ йын рахицæн æрцыд 400 милуан сомы.

«Æмткæй 2020-2022 азтæм нæ республикæйы цы 52 мадзалы арæзт æрцæуа, уымæн Инвестпрограммæйы фæлгæтты хицæн æрцæудзæнис 4,5 миллиард сомы», – зæгъынц Арæзтад æмæ архитектурæйы министрады.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.