Дзæуджыхъæуы футболон командæ «Алани»-йы раздæры сæйраг тренер Гогниты Спартак слæудзæн Мæскуыйы областы «Химки»-йы сæргъ. Уый тыххæй хъусын кæны РИА Новости. «Оренбург»-имæ хъазтмæ командæйы цæттæ кæндзæн Гогниты Спартак. Æвзонг специалист йæ амбицитимæ  пайда уыдзæн командæйæн. Ныфс мæ ис æмæ йæ фæндтæ кæй сæххæст уыдзысты. Нырма уал йемæ контракт бафыст æрцæудзæн иу азмæ, уый фæстæ йæ адарддæр кæныны уавæримæ. Спартак æрбацæудзæн йæхи штабимæ», – банысан кодта командæйы минæвар Роман Терюшков.

«Химки» Уæрæсейы премьер-къорды турнирон таблицæйы ахсы 11-æм бынат.

 

РЕКОНСТРУКЦИ ЦÆУЫ СТАДИОН

Дзæуджыхъæуы реконструкци цæуы стадион «Спартак». Уым куыстытæ куыд цæуынц, уый федта РЦИ-Аланийы сæргълæууæг Сергей Меняйло. Уый бахæс кодта куыстыты темптæ ноджы фæрæвдздæр кæнын. Планмæ гæсгæ уалдзæджы эксплуатацимæ лæвæрд æрцæудзæн хурскæсæйнаг трибунæ. Фæзуат та æнæхъæнæй цæттæ уыдзæн сæрды. Сергей Меняйло стадионы арæзтад федта фыццаг къорды 7-æм туры «Алани»-йы хъазтмæ куы бацыд, уæд. Уæдæй фæстæмæ алайнæгтæн Дзæуджыхъæуы æмбæлон стадион кæй нæй, уымæ гæсгæ хæдзарон хъæзтытæ уадзы Грознæйы. 7-æм туры хъазты рæстæджы спортуарзджытæ афарстой Сергей Меняйлойы, ома, сын сæхи стадион кæд фæзындзæн. Уый сдзуапп кодта, зæгъгæ, стадион цæттæ  уыдзæн 2023 азы.

Ныртæккæ стадионы арæзтадыл кусы 100 адæймаджы. РЦИ-Аланийы арæзтад æмæ архитектурæйы министр Моргуаты Константин куыд фехъусын кодта, афтæмæй Сергей Меняйлойы бахæсмæ гæсгæ фæфылдæр кæндзысты арæзтадон объек-ты кусджыты нымæц.

Ног стадионы цæудзæн 15 мин спортуарзæджы бæрц. Уагæвæрдмæ гæсгæ фыццаг дивизионæй премьер-къордмæ чи ахиза, уыдонæн сæ регионы хъуамæ уа ахæм стадион, цыран цæуа æппынкъаддæрæй 10 мин спортуарзæджы.

Хуриты Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.