РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли та ацы хатт дæр йæхимæ райста æмбæстæгты иу къорды. Уыдон раздæр куырдиæттæ балæвæрдтой бæстæйы сæргълæууæджы номыл РХИ-йы Президенты æхсæнадон химæисæнмæ.

Президентмæ бацæуынмæ ацы хатт сæхи ныффыстой 30 адæймаджы бæрц. Уыдонæн сæ фылдæрмæ ис, 2008 азы августы хæсты цы цæрæнуæттæ ныппырх, уыдон сæндидзын кæныны куырдиат. Сæ фылдæры куырдиæттæ скъуыддзаггонд æрцыдысты бынаты,  лæмбынæгдæр æркæсын кæмæ æмбæлы, уыдон аргъæвтой бæстондæр сыл бакусыны сæраппонд.

Президенты химæисæнмæ чи ‘рбацыд, уыдонæй иу,  горæт Цхинвалы Къозоны фырты уынджы цæрæг, Пухаты Тинæ радзырдта Бибылты Анатолийæн йæ зæрдæрисгæ фарст, йæ хæдзары агъуыст сæндидзын кæныны тыххæй.

«Мæ фырт у дыккаг къорды инвалид, инвалид та ссис хæсты фæстиуæгæн. Мæ сæрыхицау фæмард цалдæр мæйы размæ. Хæстон цауты фæстиуæгæн нæ хæдзар тынг бахъыгдард. Аивгъуыйгæ азты дæргъы цы бирæнымæц куырдиæттæ фæфыстам хицауадмæ, уыдонæн ницы æнтыст уыд, æмæ уымæ гæсгæ нæ хæдзар æндидзын кæнынмæ æрæвнæлдтам нæхæдæг. Баззад ма нын йæ сагъуындын æмæ уæ курæм, цæмæй нын бахуыс кæнат, æндæр кæдæм бахатæм, уый нын нæй», – загъта Пухаты Тинæ.

Сæ хæдзæртты æмбæрзтытæ сын раивыны куырдиæттимæ Президентмæ бахатыдысты ноджы æртæ адæймаджы.

Бибылты Анатоли банысан кодта, зæгъгæ, агъуыст раивыны проблемæ бæлвырд æнцондæр аскъуыддзаггæнæн у. Уый фехъусын кодта, зæгъгæ цæр-джытæн уыцы хъуыддаджы баххуыс кæндзæн парти «Иугонд Ирыстон», уый хъаруты фæрцы фæстаг цалдæр мæйы дæргъы ивд æрцыд 20 хæдзары æмбæрзт.

«Æз уæ курæг дæн, цæмæй æмбæрзтытæ раивыны æппæт фарстытæ дæр бахæссат хи-цæн номхыгъдмæ. Ивдзыстæм сæ парти «Иугонд Ирыстон»-ы хъаруты фæрцы, ацы хъуыддаджы фæдыл махмæ ис сæрмагонд уынынад», – загъта Президент.

Уыимæ иумæ, хæсты аххосæй сæ хæдзæрттæ кæмæн ныппырх сты, уыдонимæ ныхасгæнгæйæ, Бибылты Анатоли банысан кодта, зæгъгæ, хæлд хæдзæрттæ сæндидзын кæныны фарст у Хуссар Ирыстоны карздæр фарстытæй иу. Бæстæйы сæргълæууæг фехъусын кодта, зæгъгæ, йæ номыл æрбацыд 200 ахæм куырдиатæй фылдæр.

«Алкæцы фарстмæ дæр хицæнæй бавналгæйæ куыстыты гуырахст æмæ амæлттæ сты алыгъуызон, фæлæ республикæйы къухдариуæгад рахæсдзæн раст фæндæттæ уыдонæй алкæйы фæдыл дæр», – загъта уый.

Президент ма фехъусын кодта, зæгъгæ, ис бирæ ахæм проблемæтæ, цæрæнуæттæ æндидзын кæныны фарстæй дарддæр ма рæхджы аскъуыддзаг кæнын кæй хъæуы. Уыдон баст сты бирæсывæллонджын бинонты цæрæнуатон фæзуæттæ рауæрæх æмæ рады лæуджытæн хæдзæрттæ рахицæн кæнынимæ. Уыдон та сты 2500 бинонты бæрц.

«Æз афтæ ахуыр нæ дæн, цæмæй цаутæ дих кæнон мæ размæ æмæ мæ фæстæ æрцæугæтыл, æмæ цæрæнуæттæ сæндидзын кæныны бæрндзинад мæхицæй нæ исын. Хъыгагæн, ныртæккæ республикæйы бюджеты нæй цæрæнуæттæ сæндидзын кæныны фæрæзтæ, 2017 азы махæн нæ бон нæ бауыдзæн ахæм куыст бакæнын. 2018-æм азы кой куы кæнæм, уæд æз бахæс кодтон Хуссар Ирыстоны территорийыл кусæг подрядон организацитæн, цæмæй ма искæцы объект аразгæйæ, сцалцæг кæной, хæсты чи ныппырх,  искæцы ахæм цæрæнуат дæр. Уыцы-иу рæстæджы ма паддзахад дæр амал кæндзæн  финансон фæрæзтæ, цæмæй дарддæр дæр æндидзыд цæуой 2008 азы цы цæрæнуæттæ ныппырх, уыдон. Мах ацы проблемæйæ нæхи нæ иуварс кæнæм æмæ йæ аскъуыддзаг кæндзыстæм кæронмæ», – загъта бæстæйы сæргълæууæг.

Бибылты Анатоли ма банысан кодта, зæгъгæ, республикæйы къухдариуæгад кæны активон куыст паддзахадон бюджет баххæст кæныны сæраппонд, æмæ уый та ратдзæн цæ-рæнуæттимæ баст проблемæтæ, афтæ ма бирæ æндæр фарстытæ ахадгæдæрæй скъуыддзаг кæныны фадат.

«Мах уæм æрбацыдыстæм ныфсимæ æмæ нæ уырны Анатоли Ильяйы фырт, нæ ныхас дæм нымад кæй уыдзæн. Мах уырны, цы фæндтæ дæм ис, уыдон сæххæст кæнын дæ къухы кæй бафтдзæн», – загъта Президентæн, куырдиат бахæсджытæй сæ иу.

Дарддæр бæстæйы сæргълæууæгмæ бахатыд бирæсывæллонджын мад Светланæ Котаева-Павленко. Сылгоймаг фехъусын кодта, фондз сывæллон ын кæй ис, уыцы нымæцы скъолайы агъоммæйы кары чи ис, ахæм дæр, æмæ сæ фæнды, цæмæй сын сæ цæрæнуат фæуæрæхдæр чындæуа. Уый банысан кодта, зæгъгæ 2012-æм азæй фæстæмæ лæууы цæрæнуат райсынмæ рады æмæ бахатыд Президентмæ, цæмæй йын уыцы хъуыддажы баххуыс кæна.

Бибылты Анатоли бахæс кодта горæты администрацийы сæргълæууæг Коцты Аланæн, цæмæй проблемæ сахуыр кæна, сбæрæг кæной, цæрæнуатæй хъуаг бирæсывæллонджын бинонтæ цал сты, уый, æмæ уымæ гæсгæ алкæцы бинонты фарст дæр скъуыддзаг æрцæуа хицæнæй. Къамис та хъуамæ æркæса ацы категорийы æмбæстæгты цæрæнуатæй фыццаг рады сифтонг кæныны амæлттæм.

Уыцы бон ма æркастæуыд Цхинвалы районы Громы хъæуы цæрджыты куырдиатмæ. Уыдон 2012-2014 азты æххæст кодтой цалцæггæнæн куыстытæ Цхинвал-Ленингоры фæндагыл, фæлæ абоны онг дæр мызд нæ райстой.

Президент банысан кодта, зæгъгæ, паддзахад йæхимæ исы бæрн арæзтадон-æнди-дзынгæнæн куыстыты хайадисæг подрядон организацитæн сæ мызд фыст кæй не ‘рцыд, уый тыххæй. Уыцы хъуагдзинады аххосæй мах хæсджынæй баззадыстæм рæнхъон кусджыты раз.

«Абон хицауад подрядон организацитæй дары 680 миллуан сомы, уыдонæй 280 миллуаны фæдыл ис тæрхондоны рахæсгæ фæндæттæ. Паддзахад у хæсджын, æз уый æмбарын, æмæ мах сараздзыстæм æппæт дæр, цæмæй уыцы хæстæй сраст уæм. Фæлæ уымæн хъæуы рæстæг», – загъта Бибылты Анатоли.

РХИ-йы Президент æмæ Хицауады пресс-службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.