Апрелы мæйы æртындæсæм бон уыд Парламенты фæндзæм сессийы цыппæрæм рабадт. Боны фæткмæ рахастæуыд авд фарсты. Депутаттæ схъæлæс кодтой Республикæ Хуссар Ирыстоны Генералон прокуроры йæ бынатæй ссæрибар кæныны тыххæй фарстыл. Йе ссæрибар кæныны фæндон нæ бæстæйы Конституцийы нормæтæм гæсгæ Парламентмæ барвыста республикæйы сæргълæууæг Бибылты Анатоли.

Алцы дæр ацыд закъоны домæнтæм гæсгæ. Генералон прокурорæн йе ‘мгъуыд фæцис æмæ йæ сcæрибар кодтой йæ бынатæй. Йæ бынатмæ йын бавдыстæуыд ног кандидатурæ – Витали Савченкойы, фæлæ хъæлæс кæныны фæстиуджытæм гæсгæ депутатты фылдæр хай не сразы сты Генералон прокуроры бынатмæ йæ сфидар кæныныл.

Цыма чысыл бæстæ æрсабыр, афтæ зыны фæрсаг цæстæнгасæй бакæсгæйæ, фæлæ, æвæццæгæн, джихнизы ахæсты фестæм æмæ нæ митыл, нæ хъуыддæгтыл дискæнынхъом дæр нал стæм…

Худын, кæуын æви дис кæнын – цы хъауджыдæр у! Уырыссæгты загъдау, факт у факт. Афтæ ныссуйтæ стæм, æмæ йæ хатгæ дæр нал кæнæм, цы аразæм, цытæ кæнæм… Къуырийы размæ ма хъуамæ уыдаид сесси, къуырийы размæ йæ ма хъуамæ ссæрибар кодтаиккой? О. Фæлæ, дам, цы регламентмæ гæсгæ хъуамæ кусæм, уый, дам, равзарæм, цæмæй, дам, нæ куыст закъоны домæнтæм гæсгæ уа… Æмæ цалдæр ахсджиаг фарсты баззадысты æнæркастæй. Хорз, фæуæд кæйдæрты ‘рдыгонау – кæуылдæрты æхсæв хуыссæг нæ хæцы Ирыстон æмæ ирон адæмыл мæтæй, цæрынц æмæ кусынц закъондзинад æмæ демократийы барæнтæм гæсгæ, иннæтæ Ирыстоны знæгтæ сты, фæлæ… Нæй хуымæтæджы логикæ нæ иуæй-иу æнæсæрфат миты. Сæрдæй фæззæгмæ æгас дуне нæхимæ æркæсын кодтам прокуроры йæ бынатæй арвитыны тыххæй. Фæлæ йын нæ уыд арвитæн, уымæн æмæ прокуроры йæ бынатæй арвитын хъæуы кæйдæр кæнæ кæйдæрты схъиудтытæй нæ, фæлæ закъон куыд амоны, афтæ. Закъон куыд амоны, афтæ бакодта Президент, алцы дæр сарæзта закъоны домæнтæм гæсгæ. Парламентмæ барвыста йæ фæндон, цæмæй йæ бынатæй ссæрибар кæной, йе ‘мгъуыд кæмæн фæцис, уыцы Генералон прокуроры, фæлæ кæмæйдæрты ферох, сæрдæй фæззæгмæ цæуыл тох кодтой, уый – фарстмæ æркæсын, уынаффæмæ йæ рахæссын æмæ йыл схъæлæс кæныны бæсты ныхас цыд æндæр цæуылдæрты, хъуыддаг уымæ æрцыд, æмæ та сесси нæ рауад.

Ныр цы фæивта? Къуырийы размæ афтæ чи домдта, регламентмæ гæсгæ кусæм æви нæ, уый равзарæм, уыдонæн къуыримæ цы фæивта? Сесси нæ уыд, ног закъон нæ рахастæуыд, Президент иунæг барамындыл дæр не ‘рфыста йæ къух. Уæдæ ма цы, цы фæивта иу къуыримæ?.. Афон у, цæмæй нæ разы ахæм фарст сæвæрæм: кæд паддзахад стæм, уæд – уæм, кæд цирчы артисттæ стæм кæнæ комеди хъазæм, уæд æй æргомæй ахъазæм æмæ нæхи лæгтæй хъазтæй мауал худинаг кæнæм…

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.