РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли раарфæ кодта Республикæ Хуссар Ирыстоны Адæмон артисткæ Гугкаты Эвелинæйæн йе 80 азы юбилейы цытæн.

Паддзахады сæргълæууæг бæрæгбонон лæвæрттимæ бацыд артисткæмæ хæдзармæ, загъта йын æнæниздзинады, æнтыстыты æмæ æппæт хæрзиуджыты фæндиæгтæ æмæ банысан кодта, Эвелинæйæн кæй ис хæдбындур курдиат театралон аивады æмæ уый фæстиуæгæн кæй ссис адæмы уарзондæр артисткæ аивады фадыджы йæ фыццаг къахдзæфтæй фæстæмæ.

«Фæндзай азæй фылдæры дæргъы ды равдыстай  алыгъуызон  зæрдæмæхъаргæ хъæлдзæг æмæ драмон  фæлгæнцтæ. Уыдон систы аивады фадыджы дæ курдиатджын æнтыстытæ æвдисæг», – загъта Президент.

Гугкаты Эвелинæ   бузныг загъта Бибылты Анатолийæн æмæ йын йæ цæст бауарзта адæмы æнувыд уарзондзинадæй æххæст уæвыны фæндиæгтæ.

«Паддзахады сæргълæууæгæн ахсджиаг у йæ адæмы уарзондзинад æмæ дын мæ зæрдæ зæгъы дæ адæмы æнæкæрон уарзтæй хайджын цы уай», – раарфæ йын кодта Эвелинæ.

РХИ-йы Адæмон артисткæ Гугкаты Эвелинæ 50 азæй фылдæр радта театрæн. Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон драмон театры сценæйыл уый  сæххæст кодта сæдæгай алыгъуызон фæлгæнцтæ.  Йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй йын æппæты сæйрагдæр æмæ вазыгджындæрыл йе сфæлдыстады нымайы спектакль  «Леди Макбет» – ы сæйраг роль сæххæст кæнын.

РХИ-йы Президент æмæ Хицауады пресс-службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.