Президент Бибылты Анатоли раарфæ кодта Республикæ Хуссар Ирыстоны  адæмон артисткæ, Хетæгкаты Къостайы номыл премийы лауреат, поэтессæ æмæ драматург Галуанты Людмилæйæн йæ райгуырæн боны цытæн.

Паддзахады сæргълæууæг Галуанты чызгмæ бацыд йæ хæдзармæ, загъта йын иууыл хуыздæр фæндиæгтæ æмæ йын радта зæрдылдарæн лæвæрттæ. Президентимæ ма уыд культу-рæйы министр Зассеты Жаннæ.

«Людмилæ Графы чызг, ды дæ нæ хæлар, цæвиттон кæмæй хъуамæ исæм, ахæм адæймаг. Де сфæлдыстады ‘руаджы мах ноджы тынгдæр бауарзатам нæ мадæлон æвзаг. Бузныг дын дæ куысты тыххæй. Дарддæр дæр нын нæ зæрдæтæ рухс кæн де сфæлдыстадæй. Хуыцау дын фидар æнæниздзинад радтæд», – загъта Президент.

Кæрæдзимæ хъарм ахасты уавæры паддзахады сæргълæууæг æмæ РХИ-йы адæмон артисткæ уынаффæ кодтой республикæйы культурæйы къабазы ахсджиаг фарстатыл.

Бибылты Анатоли ныфс бавæрдта, хуссарирыстойнаг актертæ ацы аз кæй хъаздзысты Хетæгкаты Къостайы номыл ног паддзахадон драмон театры сценæйыл.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.