Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли йæхимæ райста Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын минæвар Марат Кулахметовы.

Паддзахады сæргълæууæг минæварæн раарфæ кодта РХИ-йы æмæ УФ-йы ‘хсæн дипломатон ахастытæ сфидар кæныныл 11 азы сæххæсты цытæн, афтæ ма бузныджы ныхæстæ загъта УФ-йы къухдариуæгадæн Хуссар Ирыстонмæ лæмбынæг ахасты тыххæй.

«Дипломатон ахастытæ сфидар кæнын у иууыл сæйрагдæр къахдзæф, УФ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад куы банымадта, уый фæстæ. Республикæйы адæм бузныг сты Уæрæсейы къухдариуæгадæй сæ политикон уынаффæйы тыххæй, кæцы ист æрцыд 2008 азы 26 августы æмæ уыд æнæмæнгхъæуæг æмæ раст. Кæй зæгъын æй хъæуы, дипломатон ахастытæ сфидар кæнын фадат радта УФ-имæ æмархайды æндæр здæхтытæ рæзын кæнынæн, кæцыйы фæстиуджытæ сты бæрæг.

Хуссар Ирыстоны æмæ Уæрæсейы Федерацийы æддагполитикон ведомствоты æмгуыстадыл дзургæйæ, бæлвырд у, æнгом æмархайад, планбæрцон æмæ эффективон куыст кæй цæуы æмæ уый та у æхсызгон хъуыддаг», – загъта Бибылты Анатоли.

Йæ рады, Марат Кулахметов бузныджы ныхæстæ загъта Хуссарирыстойнаг паддзахады сæргълæууæгæн химæрайсты тыххæй æмæ банысан кодта дарддæры цæттæдзинад РХИ-имæ æмгуыстад æмæ æппæтварсон æмархайды фæдыл.

«Иууæндæс азы дæргъы мах стыр фæндаг рацыдыстæм. Сæйраг у, Уæрæсейы Федераци кæй ахъаз кæны æмæ кæддæриддæр кæй  ахъаз кæндзæн Хуссар Ирыстоны рæзтæн, куыд æвзонг паддзахад æмæ йæ дунеон банымадæн.

Фембæлды ма хайад райста РХИ-йы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Медойты Дмитри.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.