10 сентябры Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты дыккаг сессийы фыццаг рабадты уынаффæмæ хаст æрцыд цалдæр закъоны проекты: «2019 азæн Республикæйы Хуссар Ирыстоны Паддзахадон бюджеты тыххæй» Закъонмæ ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй», «2018 азæн РХИ-йы Пенсион фонды бюджет сæххæст кæныны тыххæй» РХИ-йы Закъоны проекттæ.

Уынаффæйы фæстæ Закъоны проекттæ ист æрцыдысты депутатты хъæлæс-æп-пæрсты фæстиуæгæн.

Рабадты уынаффæ цыд «Хъалонты кодексы дыккаг хаймæ ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй» Закъоны проектыл дæр. Профилон комитеты сæрдар Джиоты Еленæ куыд бамбарын кодта, афтæмæй законы райст фæахъаз уыдзæн республикæйы экономикæ сæндидзын кæнынæн, инвестицион климат фæхуыздæр кæнынæн. Закъоны проект райсыныл депутаттæ æмхъæлæсæй сразы сты.

Парламенты депутаттæ Бюджет æмæ хъалонты фæдыл комитеты сæрдар Джиоты Еленæ æмæ йæ хæдивæг Икоты Виталийы бахастой Национ банчы советы скондмæ.

Сессийы рабадты раразмæгонд æрцыд «РХИ-йы территорийыл рæуджыты низ ма апарахат уа, уый тыххæй развæлгъау мадзæлтты тыххæй» Закъоны проект, рахаста йæ Социалон политикæ æмæ æнæниз-дзинад хъахъхъæныны фæдыл парламентон комитеты сæрдар Плиты Александр. Проект ист æрцыд депутатты хъæлæсæппæрсты фæстиуæгæн.

Рабадты уынаффæ цыд Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны ‘хсæн арæны уавæры тыххæй фарстатыл.

Рабадты уынаффæ цыд Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны ‘хсæн арæны уавæры тыххæй фарстатыл.

Парламенты Сæрдар Тадтаты Алан Хъахъхъæнынад æмæ æдас-дзинады фæдыл комитеты сæрдар Бибылты Ацæмæзы бæрны бакодта цыбыр рæстæгмæ  депутатты кусæгон къорд саразын, кæцы кусдзæн РХИ-йы паддзахадон арæнты фарсты фæдыл.

Тадтаты Алан бахæс кодта, алы рæстæджыты республикæйы арæнты демаркацийыл чи куыста, уыцы адæймæгты иууылдæр æр-хонын, цæмæй радзурой, арæн куыд арæзт цыд, уыцы здæхты цы куыст цыд, уыдæтты тыххæй.

Парламенты Сæрдар фидарæй банысан кодта, зæгъгæ, Президенты сæргълæудæй республикæйы къухдариуæгад æппæт дæр аразы республикæйы арæнты уавæр æрбæстон кæныны тыххæй.

Тадтайы фырт ма хъусдард аз-дæхта, 1920 азы хуссайраг ирæтты геноцид банымайыны тыххæй  РХИ-йы Парламент УФ Паддзахадон Думæ æмæ Федерацийы советмæ цы ныстуан арвыста, уый тыххæй  Паддзахадон Думæйæн цы реакци уыд, уымæ.

Спикер банысан кодта, зæгъгæ, Паддзахадон Думæйы арæзт æр-цыд кусæгон къорд ивгъуыд æнусы 20-æм азты Гуырдзыстоны æрды-гæй ирæтты геноцид сахуыр кæныны сæраппонд. Йæ ныхæстæм гæсгæ, ССР Цæдисы рæстæджы ирæтты геноцид бæлвырдгæнæг  бирæ информаци гуырдзиаг фарс скуынæг кодта.

Парламенты депутат Санахъоты Давид раразмæ кодта Национ гварди саразыны фарст. Уый куыд загъта, афтæмæй фæстаг цаутæм  гæсгæ, уыцы фарст у æнæмæнгхъæуæг. «Нæ арæныл цы уавæр сæвзæрд, ахæм уавæртæ æрбæстон кæныны тыххæй æнæ-мæнгхъæуæг у национ гвардийы сырæзт. Ахæм уавæртæ куы сæвзæрой, уæд фыццаг нæхи гарзджын тыхтæ хъуамæ архайой. Ахæм тыхтæ нæ æнæмæнг хъæ-уынц. Мæнмæ гæсгæ нын уыцы фарсты нæ партнертæ дæр «нæ» нæ зæгъдзысты».

Национ гварди саразыны фарс рахæцыд депутат Диакъонты Ами-ран дæр.

Депутат Тадтаты Анатоли та раразмæ кодта, «Мегафон  Хуссар Ирыстон» цы ног опцитæ бакодта, уый тыххæй фарст. Уый куыд загъта, афтæмæй компани 150 сомы аргъ карточкæтæ нал уадзы, фæлæ уадзы 300 сомы æргътæ. Уый та æнæразыдзинад сæвзæрын кодта республикæйы цæрджытæм. Йæ ныхæстæм гæсгæ, цæрджытæ райгонд не сты роумингы зынаргъ æргътæй дæр.

Парламенты Сæрдар куыд банысан кодта, афтæмæй цæрджытæ тыхсынц, æрæджы компани цы ног лæггæдтæ баиу кодта, уый тых-хæй. «Ныр абонент хъуамæ  балхæна, цы лæггад æй хъæуы, уый нæ, фæлæ  лæггæдты æнæхъæн пакет. Уыцы пакет балхæнын нæ, фæлæ, æгæрыстæмæй, 300 сомæй карточкæ балхæнын дæр алкæмæн нæу йæ бон».

Парламенты Сæрдар куыд радзырдта, афтæмæй Хицауады сæрдары хæдивæг Бекъойты Геннадийæн уыд æмбырд компани  «Мегафон – Хуссар Ирыстон»-ы минæвæрттимæ. Мадзалы дзырд цыд Мегафоны лæггæдты фæдыл.

«Уыцы фембæлдæн цы фæстиуæг уыдзæн, уымæ уал банхъæл-мæ кæсæм», – банысан кодта Тадтаты Алан.

РХИ-йы Парламенты информацион-аналитикон управлени

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.