Президент Гаглойты Алан фембæлд Генералон прокурор Собаты Григориимæ. Фембæлды рæстæджы уый байхъуыста, Генералон прокуратурæйы цы къорд резонансон уголовон хъуыддæгтæ ис, уыдоны фæдыл фæдæвзарæн мадзæлттæ куыд уагъд цæуынц, уый тыххæй информацимæ.

Собаты Григори радзырдта, 2023 азы 28 февралы горæт Цхинвалы Мамиты Ричарды амарыны хъуыддаджы фæдыл фæдæвзарæн мадзæлттæ куыд уагъд цæуынц, уый тыххæй.

«Ацы уголовон хъуыддаджы фæдыл фæдæвзарæн мадзæлттæ кæронмæ бахæццæ сты, фæнд ма кæнæм иу экспертизæ ауадзын æмæ фæстиуджытæм гæсгæ уголовон хъуыддаг æрвыст æрцæудзæн тæрхондонмæ. Экспертизæтæ бафæстиатимæ арæзт кæй цæуынц, уый у, Хуссар Ирыстоны территорийыл æмбæлон специалисттæ кæй нæй, уый аххос.  Уголовон хъуыддаг цæмæй равзарæм, уый тыххæй æппæт мадзæлттæ дæр аразæм нæ коллегæтимæ, уыцы нымæцы уæрæсейаг коллегæтимæ иумæ», – загъта Собаты Григори.

Генералон прокурор банысан кодта, зæгъгæ, 2023 азы 19 майы Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты студент Тыджыты Вячеславы кæй амардтой, уыцы факты тыххæй уголовон хъуыддаджы фæдæвзæрст бæрæгбæрцæй цæуы размæ.

«Ацы уголовон хъуыддаджы фæдæвзарæн архайд цæуы раразмæ Иумиаг информацион-ко-ординацион центры æххуысы руаджы. Мах ауагътам цыппар эксперитизæйы. О, фæлæ раз-вæлгъау фæдæвзæрсты органтæн сæ бон нæу раргом кæной фæдывзæрсты бæрæггæнæнтæ, уымæн æмæ уыдон сæрмагондæй баст сты фæмардуæвæгимæ. Бæрæггæнæнтæ раргом уыдзысты, чи фæмард, уый мады разыйæ,  кæцы йæ хъус дары, фæдывзæрст куыд цæуы, уымæ æмæ активон хайад исы, фæдæвзарæн хъуыддаджы тыххæй дæтты зонæнтæ», – банысан кодта уый.

Ведомствойы сæргълæууæг ма радзырдта уголовон хъуыддаджы тыххæй, кæцы бакондæ-уыд, ирон адæмæн Гуырдзыстоны геноциды фактты тыххæй, кæцыйы фигуранттæ сты Михаил Саакашвили æмæ 2008 азы августы хæсты хайад чи иста, Гуырдзыстоны уыцы бæрнон кусджытæ.

«Уыдон иууылдæр сты фæдагуырды, уый тыххæй истæуы æппæт мадзæлттæ дæр. Фæдæвзарæн мадзæлттæ райдыдтой 2008 азы æмæ æнæрлæугæйæ дарддæр цæуынц. Ныридæгæн уыцы цауты фæдыл хъуыддæгтæ сты 300 томы, не ‘мбæстæгтæ нырма дæр бахатынц слестгæнджытæм, нырма дæр ссардæуы, æмбæстæгты кæм баныгæдтой, ахæм бынæттæ. Бынатмæ ацæуынц экспертон къордтæ æмæ экспертизæ саразынц, цы  мард буар ссарынц, уый идентификацийы тыххæй. Зиан кæуыл æрцæуы, уыцы æмбæстæгтæ бæрæггæнæнтæ райсыны таххæй бахатынц слестгæнджытæм, фæзынынц ног зианджынтæ, сбæлвырд вæййынц ног бæлвырдгæнæнтæ, дарддæр кæнынц, æмбæстæгтыл цы зинæттæ æрцыд, уыдонæн аргъгæнæн мадзæлттæ», – бамбарын кодта Собаты Григори.

Генералон прокурор радзырдта Уалыты Сосланы амарыны факты фæдыл уголовон хъуыддаг куыд цæуы, уый тыххæй дæр æмæ банысан кодта, зæгъгæ, уголовон хъуыддаджы фæдыл æппæт мадзæлттæ дæр кæронмæ бахæццæ сты, цæттæ цæуы фæстиуæгон азымгæнæн гæххæт.

«Фæаххосджын кæныны фæстæ æмæ æппæт процедурæтæ бахъахъхъæнгæйæ, хъуыддаг лæвæрд æрцæудзæн тæрхондонмæ», – фехъусын кодта Генералон прокурор.

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.