21-æм июлы Уанеты Захары номыл Хуссар Ирыстоны зонад-иртасæн институты уыд зонадон рабадт. Хайад дзы райстой зонад-иртасæн институты минæвæрттæ, «Стыр ныхас»-ы Хуссар Ирыстоны хайады уæнгтæ, стыр фынгтыл æгъдаудæтджытæ.

Рабадты ныхас цыдис, ирон æгъдæуттæ абон куыд æххæст цæуынц, уый тыххæй. Байгом æй кодта «Стыр ныхас»-ы Хуссар Ирыстоны хайады хистæр Гаглойты Роберт. Уый банысан кодта, зæгъгæ, абон нæ адæмы æгъдæуттæ æххæст кæныны цы цухдзинæдтæ уынæм, уыдон Цæгат Ирыстон райста Уæрæсе æмæ Цæгат Кавказы адæмты æгъдæуттæй, Хуссар Ирыстонмæ та æрбафтыдысты гуырдзиаг адæмы æгъдæуттæй æмæ хъуамæ сæ аиуварс кæныныл бакусæм хуыздæр. «Кæй зæгъын æй хъæуы, дæсгай азты дæргъы æндæр адæмтæй цы æгъдæуттæ исæм, уыдон цыбыр рæстæгмæ нæ аскъуыддзаг æмæ аиуварс кæндзыстæм, фæлæ æз уе ‘ппæты дæр хæсджын кæнын, цы хъуыдытæ æмæ уæм фæндтæ ис, уыдоныл бакусат æмæ сæ æрбавдисат нæ радон рабадты», – банысан кодта Гаглойты Роберт.

Йæ раныхасы историон зонæдты кандидат Хъуылымбегты Роберт та банысан кодта, зæгъгæ, абоны рабадтæн ис стыр нысаниуæг. «Иуæй уымæн æмæ ахæм рабадт уагъд цæуы фыццаг хатт, аннæмæй та йæ разы æвæры къорд ахсджиаг æмæ аскъуыддзаг кæнинаг фарсты. Аскъуыддзаг кæнинаг фарстытæй æз сæйрагдæрыл нымайын, цæмæй Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны цæрæг ирон адæм се ‘гъдæуттæ æххæст кæной æмхуызон, ма сæ уа, абон сæ цы хицæндзинæдтæ уынæм, уыдон. «Уыимæ ма Роберт æрсидт, цæмæй ацы фарстытæ æрбæстон кæныны хъуыддаджы Ирыстоны дыууæ хайы минæвæртæ дæр кусой иумæ.

Рабадты хайадисæг Харебаты Батрадз загъта, зæгъгæ, не ‘гъдæуттæ рæдыдтытимæ кæй æххæст кæнæм, уый дызæрдыггаг никæмæнуал у. Цины фынгыл ахæм рæдыдтытæ æмæ цухдзинæдтæн уыйбæрц нысаниуæг нæй, цас хъыджы фынгыл. Зианы фынгæй иуæй-иутæ раздæр кæй сыстынц, уый аххосаг, сæйраджыдæр, у куывдты-тæ æгæр бирæ кæй вæййынц, уый, – загъта Харебайы фырт. Дарддæр уый банысан кодта, зæгъгæ, раст нæу, æхсæвбадæнты фынгтыл 60-70 адæймаджы æмæ арæх ноджы фылдæртæй кæй фæбадынц, уый дæр. Æз, зæгъгæ, Цæгат Ирыстоны зианы фынгты æгъдæуттæ нымайын растдæрыл.

Йæ раныхасы Джиоты Инал та банысан кодта, зæгъгæ, не ‘гъдæуттæ æххæст кæнгæйæ цы цухдзинæдтæ æруадзæм, уыдон не сты зын аиуварсгæнæн. «Хъæуы сыл бакусын æмæ уыцы хъару æмæ зондæй та мах не ‘ппæт дæр хъуамæ уæм æххæст. Раст нæу, зианы рæстæджы цалынмæ зианæн рухс нæ зæгъай, уæдмæ фынгмæ къух фæдаргъ кæнын. Уымæй ноджы мæгуыраудæр архайд та у, зианæн рухс нæма фæзæгъæм, афтæмæй арахъхъæй бирæтæ кæй ахсынц сæ къухтæ. Ацы факты тыххæй ма зæгъдзынæн уый дæр, æмæ-иу раздæр зиан куы ахастой, адæм фæстæмæ куы здæхтысты, уæд-иу цалдæр чызгæй дон æмæ къухсæрфæнтимæ лæууыдысты æмæ адæм æхсадтой сæ къухтæ. Ацы миниуæг æрмæст сыгъдæгдзинадыл дзурæг нæу, фæлæ ма уæздандзинадыл дæр æмæ мæ хъуыдымæ гæсгæ у æххæстгæнинаг дæр. Раст нæу, зианы разæй æд дидинджытæ сывæллæтты кæй фервитæм, уый дæр.

Цухдзинæдтæ ма ис чындзæхсæвы рæстæджы дæр, раст нæу, чындзы бинонтæ сæ хуынимæ хъыбыл кæй арвитынц, уый. Хуыздæр уаид, алчи дæр йæ хуынимæ æртæ фæрскы куы æрвитид, уæд уый, – банысан кодта Джиоты Инал.

Гæззаты Иван та банысан кодта, зæгъгæ, цы цухдзинæдтыл дзурæм, фынгтæм чи цæуы, æгъдау дæттын кæй бахъæуы, уыдон сæ иууылдæр зонынц, фæлæ сæ аиуварс кæнынæн аразын цы хъæуы, ууыл фылдæр кæй хъæуы дзурын.

Уыимæ ма Иван банысан кодта, зæгъгæ, афтæ чи дзуры фыдæлты æгъдæуттæм æвналын нæ хъæуы, уыдон дæр не сты раст. «Уымæн æмæ рæстæг куыд цæуы, афтæ йемæ, фæнда нæ æви нæ, уæддæр хæссы ивындзинæдтæ æмæ мах дæр хæсджын стæм, цæмæй уыцы ивындзинæдтæм дарæм нæ хъус, – зæгъы уый.

Рабадты ма раныхас кодтой Санахъоты Батыр, Джиоты Алан, Кокойты Азæ æмæ Ты-джыты Витали.

                                                                                               ТОТЕТЫ Иван 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.