Æвæццæгæн алы адæймагæн дæр æрдзæй лæвæрд вæййы иу кæнæ иннæ курдиат. Фæлæ уый, хатт, райдайæны вæййы уды арфы цавæрдæр æмбæхст бынаты æмæ йын фадат, уавæртæ куы фæзыны, уæд  адæймаг райдайы цадæггай йæ уацары хауын. Раргом вæййы æмæ свæййы адæймаджы царды сæйраг фæндагамонæг.

Афтæ рауад Дзауы районы хæххон хъæу хъевселттаг чызг Хъæцмæзты Азæйы хъуыддаг дæр. Азæ райгуырд æмæ схъомыл ис къуыдаргомы, фыццаг къласæй æвдæм къласмæ ахуыр кодта уым. Стæй рацыд Цхинвалмæ æмæ ам райста астæуккаг ахуырад. Азæ уæд æппындæр ницæмæй хицæн кодта йе ‘мкарæнтæй, ахуыр дæр кодта иннæты æмвæзадыл. Бакаст Цхинвалы хъæууонхæдзарадон техникум æмæ фæстæдæр йæ цард баиу кодта йæхиау уæздан æмæ куыстуарзаг лæппу Саулохы фыртимæ. Бинонты хицау суæвгæйæ, сылгоймаджы раз цы ахсджиаг хæстæ фæзыны, уыдонмæ Азæ дæр дардта бæрнон ахаст, ссис æртæ хъæбулы мад æмæ сæ  хъомыл кодтой йе ‘мкъаимæ.

Уæд Азæйæн йæ хъуыдыйы дæр никуы уыд æмдзæвгæтæ фыссын. Йе ‘рвылбонон царды-иу æм кæд цавæрдæр аив рæнхъытæ, кæнæ сфæлдыстадмæ хæстæг хъуыдытæ фæзындис, уæддæр сын нысаниуæг никуы лæвæрдта. Азæйæн йæ хистæр фырт йæ лæджы кары куы бацыд, уæд æм æрсидтысты æфсады рæн-хъытæм. Кæй зæгъын æй хъæуы, хъæбулы кæдæм фæнды дæр балцы æрвитын ныййарæгæн зын у, фæлæ цавæр æнкъарæнтæ хъуамæ уыдаид мады зæрдæйы, йæ хъæбулы Афганистанмæ хæсты цæхæрмæ чи фервыста?! Уарзæгой æмæ æнкъараг мады зæрдæйы растдæр уæд равзæрдысты фыццаг рæнхъытæ, уæд фыццаг хатт райста йæ къухмæ йæ фыссæн сис æмæ æрæвнæлдта йæ зæрдæйы рис уыдоны руаджы фæрогдæр кæнынмæ. Азæ куыд зæгъы, афтæмæй йæ фыртимæ арæх фыста фыстæджытæ æмæ йын уыдонæй сæ иуы йæ фырт фыста: «Куыд диссаг у хæстон лæджы цард… арæх, хæсты быдыры фæмардуæвæг хæстоны табæты йæ буарæй, æгæрыстæмæй, иу хай дæр нæ вæййы. Уæд, цыма, йæ ныййарæг мад цæуыл фæкалы йæ цæсты сыг… Æрмæстдæр афтид цинчы табæтыл…». Ацы дзырдтæ Азæ арф айста йæ зæрдæмæ, ноджы тынгдæр бацагайттой ныййардæжы мæт æмæ катай, йæ хъæбул тæссаг уавæры кæй уыд, ууыл. Фæтыхджын сты йе ‘нкъарæнтæ æмæ ратыдта, йæ уды арф æвæрд чи уыд, æгæрыстæмæй, йæхæдæг дæр уæды онг кæй не ‘нкъардта, уыцы  курдиат – йæ сисы бынæй райгуырд йæ фыццаг æмдзæвгæ «Афганы амæттаг».

 

«…Ныр цы нывæрдтой ацы табæты

Зынг куы басыгъта, зынг дæ сонт уæнгты.

Уым ис д’ афтид ном мады сайынæй.

Æмæ уæлмæрдты цырт æрсадзынæн…», –

фыста Азæ..

Ацы рæнхъытæй Азæ йæхæдæг дæр райста  цавæрдæр удæнцойдзинад, йæ бон ссис хæстон лæджы хъысмæт ирдæй равдисын. Уæдæй фæстæмæ  уый нал æрæвæрдта йæ фыссæнтæ æмæ кусы ирон аив дзырды къæбицмæ йæ хайбавæрд бахæссыныл. Фыста æм-дзæвгæтæ, радзырдтæ, уацаутæ. Мыхуыры рауагъта æхсæз чиныджы: «Цы у мæ бон?», «Фыды фарн», «Къахвæдтæ», «Зæрæхсиды рухс», «Ныфс», æмæ æрæджы та рухс федта йæ ног чиныг «Мады фæдзæхст». Чингуыты автор йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй йе сфæлдыстады уый æвзары ахæм темæтæ,  кæцытæ арф бахъарынц йæ зæрдæмæ. «Цæгат æмæ Хуссар Иры ‘хсæн арæныл фыццаг хатт хизгæйæ мын мæ документтæ кæй басгæрстой, уый мæм афтæ хъыг нæ фæкаст, фæлæ мын мæ хызынтæ сгарын куы райдыдтой, уæд мæхи банкъардтон цавæрдæр фыдгæнæгыл. Уæды онг æз хуссарæй цæгатмæ, сыхаг хæдзармæ цæуæгау цыдтæн, æмæ мын ныр исчи мæ хæринæгты йæ къухтæ тъысса, уый мæм тынг æгад æркастис, æгæрыстæмæй, мæ кæуындзæг мæ хъуыры ныббадт», – зæгъы Азæ. Уыцы æнкъарæнты фæстиуæгæн райгуырд йе ‘мдзæвгæ «Мæ уды фæдис-мæ». «Хурыскастыл Хъевсетæй ацу, æмæ Зруджы аходæн афон уыдзынæ. Махæн нæ уыдис не ‘хсæн арæн, фæлæ нæ иуты Гуырдзыимæ куы ‘рбастой, иннæты та Уæрæсеимæ, уæд нын не ‘взаджы хъыстмæт дæр æрфыстой!», – фыссы Азæ йе ‘мдзæвгæйы бацæуæны. Ацы рæнхъыты Азæ банысан кодта, Ирыстон дыууæ дихы кæй æрцыд, уый æрмæст территориалонæй нæу, фæлæ дих æрцыд не ‘взаджы зæлынад дæр – иутæ райдыдтой гуырдзиаг фæлдæхт ныхас, аннæтæ та фылдæр пайда кодтой уырысаг æвзагæй æмæ афтæмæй сыгъдæг ирон дзырд райдыдта сæфын. Ацы хъуыддаг арф агайдта Азæйы зæрдæ æмæ йе ‘мдзæвгæйы фыссы: «…Нæ хауы ирон дзырд иронæй… Цы ‘гъдауæй зæгъон уын мæ хъуыды Мæхи ‘взагыл дарын мæ зæрдæ…»

Æмдзæвгæ «Ной» фыст æрцыд 2014 азы. Ам автор æвдисы дугивæнты  азæй азмæ цард æвзæрæрдæм кæй ивы, адæм кæрæдзийыл нал ауæрдынц, цуды се ‘гъдау, материалон æргъæдтæн ис бæрзонддæр кад, удварны хæрзиуджытæй.  Аразы абарст раздæры дугтимæ æмæ зæгъы, зæгъгæ, уæд Нойæн ссис йæ бон адæймагад дывыдонæй  фервæзын кæнын, «Фæлæ абон а-зæххыл цы фыд ис, Уымæн цавæр нау уыдзæн аккаг?!».

Азæ йе сфæлдыстады дзуры катайгæнгæ кæй сæфынц не ‘гъдæуттæ бонæй-бонмæ, хистæр æмæ кæстæры ‘хсæн нал ис  æфсарм, хъахъхъæд нал цæуынц фынджы ‘гъдæуттæ, цинаджы æмæ хæрнæджы фынгтæ кæрæдзи-йæ нал хицæн кæнæм. Ирдæй æвдисы йæ Райгуырæн бæстæмæ æнувыд патриотикон ахаст дæр, кæддæ- риддæр йæ сæйраг мæт у йæ фыдыуæзæджы зындзинæдтыл, йæ сæйраг цинаг – йæ хæрзиуджытæ.  Ахæм темæйыл фыст сты «Æз Ирæн мæ удæй», «Фыдыбæстæ», «Æз Ирæн хурæй тын уафын»  «Картли-Остæ» æмæ бирæ æндæр æмдзæвгæтæ.

«Цæйут, æфсымæртау, сисæм нæ къухмæ, Иры ‘фсондз уаргъимæ,  Иры лæппутæ. Ма радтæм искæмæ ногæй нæ бартæ, Уый фæлтау марæн кард сисæм нæ хурхмæ!» – фыссы Хъæцмæзон йе ‘мдзæвгæ «Сидт»-ы. Рæнхъыты райдайæны Азæ спайда кодта Хетæгкаты Къостайы дзырдтæй, сæйраджыдæр уымæн æмæ уый стыр кад кæны ирон литературæйы бындурæвæрæгæн. Æмдзæвгæйæн йæ мидис дæр у Къостайы æмдзæвгæ «Балцы зарæг»-ы мидисы æнгæс. Автор сиды Иры лæппутæм, Иры кæстæртæм, цæмæй сæм фыдæлтæй цы царды хæрзиуджытæ æрбафтыдис, уыдон макуы фесафой, царды гакон-макъон фæндæгтыл цæуой æнгомæй, æмдыхæй æмæ аразой рæсугъд фидæн. «Дон сæрæй рæсугъд кæны»,- зæгъы æмбисонд, æмæ абон Азæйы ацы æмдзæвгæ у актуалон нæ кæстæртæн зондамонынæн.

Хъæцмæзоны æмдзæвгæтæ сты æнцонæмбарæн, мидисджын æмæ зæрдæмæхъаргæ.  Йæ алы рæнхъæй дæр ракæлы ирондзинады комулæфт, сты йæ зæрдæйы йæ Ирыстонмæ цы æнувыд уарзондзинад ис, уый бæлвырдгæнæг. Азæимæ ныхасгæнгæйæ йæ алы дзырдæй дæр æвдисы ирон сылгоймаджы æгъдау, арф æнкъарынад æмæ куырыхон зондджындзинад.

Æрдæг азæй фылдæр Украинæйы цы сæрмагонд операци райтынг ис, уым ирон фæсивæд дæр исынц активон хайад.  Стыр хъыгагæн, уыдонæй бирæтæ бабын сты хæстон архайдтыты. Диссаг дæр ма уыдаид, Хъæцмæзты чызг ацы темæйы фæрсты куы ахызтаит, уæд. Æмдзæвгæ «Уыцы лæппутæн»-ы Азæ сиды нæ хæстонтæм, цæмæй ма фесафой Стыр Уæрæсеимæ æфсымæрдзинады тæгтæ, фæлæ ма сæхи дæр бахъахъхъæной Ирыстоны фидæны тыххæй æмæ фæстæмæ сæ райгуырæн бæстæмæ æрыздæхой уæлахиз æмæ кадимæ.  Æмдзæвгæйы хæссæм нæ газеткæсджыты размæ.

Хуыгаты Миленæ

 

ХЪÆЦМÆЗТЫ Азæ

УЫЦЫ ЛÆППУТÆН

Зæгъут-ма уыцы лæппутæн, зæгъут-

Æргом сæ риутæ ма дарой нæмыгмæ!

О, уарт æмбæрст, зæгъ, знагимæ хæцут!

Цæмæй æгасæй раздæхат уæ уынгмæ!

 

Уæвгæ… нæ ныфсы ‘фсымæртæ тыхсынц,

Æмæ кæны фыдыбæстæ фæдисхъæр!

Ныфсджын Иссæйы фæдонтæ сбырсынц…

Мыййаг… сæ исчи… фæрисдзæн?

 

Уæ рахис фарс –иу Уастырджы цæуæд!

Кæд нал и ндæр гæнæн йæ риссæн.

Æгъдауы сæрыл райсдзыстут мæлæт.

Хæсдзæн та Дуне уе ‘хсары фырдисæн!

 

Мæлæтæй ма уæд, ма дæ фырттæн хай,

Фæлæ сæ сæ хæс хотых исын домы.

Ды ныр дæ фыртты де ‘нгуылдзтыл нымай…

Уæззау…сæ номæй ма ракæнай  сомы…

 

Хæссы дзæгъæл дымгæ уайдзæфты уаргъ.

О, басудза йæхи зынгæй хæст сидæг!

Дæ фырттæ, Ир, цыкурайау – зынаргъ!

Уадз, фæдоныл æрттивгæ уæд сæ фидæн.

 

Зæгъут- ма уыцы лæппутæн зæгъут!

Тырыса фæйлаугæ æрыздæхой æгасæй!

Æргом, зæгъ, кæрæдзи уарзгæйæ цæрут!

Уæхи домбай фыдызæххыл æгасæй.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.