НЫР УАВÆР ФÆИВТА

УФ-йы Хъахъхъæнынады министр Сергей Шойгу бамбарын кодта Сиримæ С-300 арвитыны фæдыл Мæскуыйы уынаффæйы тыххæй. Ахæм мадзæлттæ Мæскуы аразы Ил-20 инциденты фæстæ, цæмæй сифтонг кæной уæрæсейаг æфсæддон службæгæнджыты æдасдзинад. Мæскуы æрмæст С-300 арвитыныл не ‘рлæудзæн, Сирийаг уæлдæфон хъахъхъæнынад ма райсдзæн управленийы автоматизацигонд системæтæ. Ахæмтæ ис æрмæстдæр уæрæсейаг гарзджын тыхтæм æмæ уый гаранти дæтты, зенитонтæ кæй фендзысты арвы уæрæсейаг хæдтæхæг кæй ис, уый.

НЫХАС КОДТОЙ ТЕЛЕФОНЫ

УФ-йы Президент Владимир Путин телефоны ныхас кодта Сирийы президент Башар Асадимæ. Уыдон æруынаффæ кодтой Сирийы фæстаг цаутыл, уыцы нымæцы Ил-20 катастрофæйыл, æмæ Идлибы фæдыл бадзырды тыххæй. Ныхасы рæстæджы Асад мæсæллæйы ныхæстæ загъта æфсæддон хæдтæхæджы катастрофæйы æмæ уæрæсейаг æфсæддон службæгæнджыты амæлæты тыххæй. Путин æмæ Асад фехъусын кодтой Сирийы даргъæмгъуыдон нормализаци  къухты бафтын кæныны тыххæй дарддæр дæр иумиаг тыхтæй архайдмæ цæттæ кæй сты, уый тыххæй.

ФÆАХХОСДЖЫН КОДТА СИРИЙЫ

Израилы премьер-министр Биньямин Нетаньяху телефоны УФ-йы Президент Владимир Путинимæ ныхас кæнгæйæ банысан кодта, зæгъгæ, Сирийы ракетон комплекс С-300 куы сæвæрат, уæд регионы уавæр фæтæссагдæр уыдзæн. «Раззагон хæцæнгæрзтæ æбæрн къухтæм радтын тæссагдæр кæны регионы уавæр. Нетаньяху банысан кодта Израилы бæрæг позици – бæстæйы интерестæ æмæ æдасдзинад хъахъхъæнын. Биньямн Нетаньяху æрцæугæ æнамонд цауы тыххæй бæрндзинад сæвæрдта Сирийыл. Уæрæсе æмæ Израилы ‘хсæн æмгуыстад бахъахъхъæныны нысанæн ивгъуыд къуырийы æмбисы Мæскуымæ æрцыд израилаг делегаци Израилы æфсæддон гарзджын тыхты сæйраг командæгæнæг Амикама Норкины сæргълæудæй. Уыдон уæрæсейаг фарсæн радтой Ил-2 инциденты тыххæй сæхи бæрæггæнæнтæ.

ХОРЗЫЛ БАНЫМАДТОЙ ЗАКЪОНЫ

Италийы министрты совет æмхъæлæсæй хорзыл банымадтой «æдасдзинады æмæ миграцийы тыххæй» закъоны проект. Документ карздæр кæны закъондæттынад мигранттæм ахасты, æнцондæр кæны сæ депаратаци æмæ сын стыр гæнæнтæ дæтты мигрантты æмбæстагдзинадæй рацух кæнынæн. Закъоны проекты инициатор, Италийы вице-премьер æмæ мидхъуыддæгты министрады сæргълæууæг Маттео Сальвини райгондæй баззад закъоны проекты райстæй æмæ банысан кодта, зæгъгæ, уый у егъау къахдзæф, цæмæй бæстæ суа уæлдай æдасдæр. Ныр 60 бонмæ Италийы парламент хъуамæ схъæлæс кæна уый тыххæй, цæмæй «Сальвинийы декрет» суа закъон.

РÆСТÆГМÆ ИУВАРС ÆРЦЫД

Молдавийы конституцион тæрхондоны сæрдар Михай Поалелунжь фехъусын кодта, зæгъгæ, ист æрцыд уынаффæ президент Игорь Додоны рæстæгмæ йæ хæстæ æххæст кæнынæй аиуварс кæныны тыххæй, цæмæй парламенты сæрдар кæнæ премьерæн сæ бон суа дыууæ министры  æнæниздзинад хъахъхъæныны æмæ хъæууон хæдзарады министрты снысан кæнын. Додон рацыд премьер Павел Филипы фæндоны ныхмæ ацы кандидатурæты снысан кæныны тыххæй. Тæрхонгæнæг Поалелунжь фехъусын кодта, зæгъгæ, ахæм уавæрты Додоны рæстæгмæйон отставкæ раст у, уымæн æмæ премьер дыккаг хатт бахаста фæндон ацы кандидатурæты тыххæй, фæлæ президент не сразы.

БАРТХЪИРÆН КОДТА ТÆРХОНГÆНÆГМÆ

Молдавийы президент Игорь Додон республикæйы Конституцион тæрхондоны уынаффæ нымайы æнæзакъононыл. «Республикæ Молдовийы легитимон æгъдауæй сæвзæрст президенты йæ бынатæй рæстæгмæ аиуварс кæнынæй, Конституцион тæрхондон æруагъта дывæр æнæзакъондзинад: ницæмæ æрдардта мæ бафæлвæрды закъондæттынады серьезон барадхалынад æруромыны тыххæй æмæ фадат радта, цæмæй ацы барадхалынад сарæзтаид, афтæхуыйнæг, президенты хæстæ æххæстгæнæг», – загъта уый. Констиуцион тæрхондон Додоны бæстæйы президенты хæстæ æххæст кæнынæй рæстæгмæ иуварс кæны ныр цыппæрæм хатт, уыимæ дыууæ хатты ацы аз январы мæйы.

ФÆФЫЛДÆР НЕФТЫ АРГЪ

Brent-ы маркæйы нефты аргъ фыццаг хатт 2014 азы ноябрæй фæстæмæ  схызт баррелæн  82,01 доллармæ. Фæстаг хатт «сау сыгъзæрины» ацы сорты аргъ уыд 82 доллары. Уымæ гæсгæ доллары курс æрхауд 0,22 проценты, ома, иу доллар у 65,69 сомы.

ИНО-йы ГЕНЕРАЛОН АССАМБЛЕЯЙЫ СЕССИ

Йæ куыст райдыдта ИНО-йы Генералон Ассамблеяйы 73-æм сесси, кæцыйы байгом кодта ИНО-йы генералон секретарь Антониу Гуттереш Сессийы раныхас кодта АИШ-ы президент Дональд Трамп. Уый афтæ тынг раппæлыд йæ куысты тыххæй æмæ залы адæм сæ худын нал баурæдтой. Трамп Ираны схуыдта дунеон тæссагдзинад. Сергей Лавров сессийы раныхас кæндзæн 28-æм сентябры.

ÆХХÆСТ КÆНЫ БАДЗЫРДЫ УАВÆРТÆ

Иран æххæстбæрцæй æххæст кæны ядерон бадзырды уавæртæ æмæ уый бафидар кæндзысты архайдтыты иумиаг планы æндæр хайадисджытæ дæр, – фехъусын кодта фæсарæйнаг хъуыддæгты æмæ æдасдзинады политикæйы фæдыл Евроцæдисы уæлдæр минæвар Федерика Могерини.  Иумиаг хъусынгæнинаджы Ираны ядерон программæйы фæдыл бадзырды бæстæтæ-хайадисджытæ Уæрæсе, Стырбритани, Герман, Китай æмæ Франц фехъусын кодтой, зæгъгæ, Тегеран æххæстбæрцæй æххæст кæны йæ хæстæ ядерон фадыджы. Уыдон банысан кодтой, зæгъгæ, дарддæр дæр æххуыс кæндзысты Иранæн Аракы иртасæн реакторы модернизацийы, Фордойы объекты ядерон технологиты центрмæ рацаразынæн, афтæ ма сабырадон атомæй пайда кæныны фадыджы проектты.

РАЙСТА НОТÆ

УФ-йы фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады Хæдбар Паддзахадты Æмхæларады дыккаг департаменты къухдариуæггæнæг Андрей Руденко 25-æм сентябры фехъусын кодта, зæгъгæ, уæрæсейаг æддагполитикон ведомство райста официалон нотæ Украинæйы фæсарæйнаг хъуыддæгты министрадæй Уæрæсеимæ хæлардзинады тыххæй стыр Бадзырд фехалыны тыххæй.

Информацион агентадты хъусынгæнинæгтæм гæсгæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.