Юбилей

90 азы сæххæст зынгæ поэт æмæ публицист Тедеты Ефимыл. Сæрыстыр дзы у мыггаг, Ирыстон, уымæн æмæ абоны онг у лæггадгæнæг. Бантыст ын рауадзын 12 поэтикон чиныджы ирон æмæ уырыссаг æвзæгтыл, ныффыста зарджытæ – зæлынц нæ Иры къуымты, йе ‘мдзæвгæтæ йын ратæлмац кодтой æндæр æвзæгтæм.

Тедеты Ефим Хуссар Ирыстоны Дзауы районы Хъорсеуы хъæуы райгуырд, уым бацыд скъоламæ дæр. Йæ ныййарджытæ фæстæдæр цæрынмæ рацыдысты Горæтгæрон районы Тарскæйы хъæумæ, æмæ Ефим уæлдæр ахуырад куы райста, уæд бирæ азты бакуыста Тарскæйы астæуккаг скъолайы ахуыргæнæгæй. Иурæстæджы цардис Ногиры дæр.

Тедейы фырты кусынмæ фæхуыдтой Цæгат Ирыстоны Фысджыты цæдисмæ консультантæй, æмæ къорд азты цæстуарзонæй лæггад фæкодта райдайгæ фыс-джытæн, мыхуырмæ сын бацæттæ кодта иумæйаг æмбырдгонд чиныг.

Хъысмæты фæндæй Ефим ныртæккæ цæры Новороссийскы йæ чызгмæ. Цалдæр азы размæ фæзиан сты йæ цардæмбал æмæ сæ фырт. Уымæ гæсгæ ас лæгæн иунæгæй цæрын зын у.

Дзæуджыхъæуы Адæмты хæлардзинады республикон хæдзары уыд Тедеты Ефимы юбилейон изæр, бацæттæ йæ кодтой Тедеты мыггаджы ми-нæвæрттæ. Архайдтой дзы фысджытæ, артисттæ, студенттæ, зонадон кусджытæ, Æппæтдунеон æхсæнадон змæлд «Иры Стыр Ныхас»-ы уæнгтæ, ахуыргæнджытæ.

Юбилеон мадзал амыдта хæлардзинады Хæдзары директоры хæдивæг Хъайтыхъты Тамарæ. Уый бузныг загъта Тедеты мыггагæн, юбилейон изæрмæ чи ‘рцыд, уыцы адæмæн, Ефимæн кæй кад кæнынц, уый тыххæй.

Тедейы фырт кæд Ирыстоны нал цæры, уæддæр йæ зæрдæ ис ам, бæлвырд зоны, Ирыстоны дыууæ ‘рдыгæй фарс дæр цытæ цæуы, уыдон. Уый ирдæй фæбæрæг, цы видеоныстуан сæрвыста, уымæй дæр. Нæ Иры дзыллæтæн зæгъы стыр бузныг, маст кæны, не сфæлдыстадон, аивадон æмæ зонадон кусджытæй фæстаг рæстæг чи фæзиан, уыдоныл.

Мадзалы архайджытæ бакастысты Ефимы цард æмæ сфæлдыстадыл дзурæг видеофильмтæм, байхъуыстой хицæн адæймæгты раныхæстæм.

Мыггаджы номæй адæмæн, Ефимы сфæлдыстадæн табугæнджытæн, æмæ йын чи аргъ кæны, уыдонæн хорз фæндиæгтæ загътой Тедеты Тенгиз, Шалико æмæ Рудольф. Изæры аив бакастытсты Ефимы фыст æмдзæвгæтæ.

Гасситы Моисей

Авторы ист къам

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.