Цытджын æмфыдыбæстæйонтæ æмæ республикæйы уазджытæ!

Стыр Фыдыбæстæйон хæсты зынаргъ ветерантæ!

Æвдай фыццæгæм хатт мах — Хуссар Ирыстоны цæрджытæ æппæт прогрессивон адæймагадимæ иумæ нысан кæнæм Стыр Уæлахизы бон, кæцы советон адæмы къухты бафтыд историйы иууыл тугкалæндæр хæсты дунеон фашизмы тыхты ныхмæ, сæ сæргъ гитлерон Герман, афтæмæй. Æстæм дæс азы Зæххы цæрджытæ цæрынц дунеон хæстытæй сæрибарæй. Уый, кæй зæгъын æй хъæуы, æхсызгон хъуыддаг у. Фæлæ мæ бон нæу ма зæгъон иу æнкъард закъонбæрцады тыххæй. Уый хауы рæстæджы тагъдцыдмæ. Хъыгагæн, азтæ сæхион кæнынц æмæ хъыджы æнкъарæнтимæ мах свæййæм æвдисæнтæ уымæн æмæ нæ ветеранты рæнхъытæ кæй къаддæр кæнынц. Стыр Уæлахизы бæрæгбон нæ æмфыдыбæстæйонтæй бирæ минтæй — Стыр Фыдыбæстæйон хæсты хайадисджытæй абон ардæм æрбацыдысты бæрцæй цалдæрæй. Уыдонмæ хъæбулы уарзондзинады æмæ æцæг сæрыстырдзинады æнкъарæнтимæ дзурын се стыр сгуыхтдзинады тыххæй, кæцымæ, æнæдызæрдыгæй, азтæ ницы бар дарынц, куыд рæстæг ницы бар дары адæмы арфæйаг мысынадмæ.

Цасфæнды азтæ ма цæуой зæрдылдарæн 1945 азы 9 майæ, уæддæр нæ сывæллæттæ, уыдоны сывæллæттæ кæддæриддæр стыр æхцондзинадæй дзырдтой æмæ дзурдзысты сымах тыххæй. Цалдæр минуты фæстæ Цхинвалы централон уынджы рацæудзæнис «Æнæмæлгæ полк». Хæсты хайадисджыты портреттæ рахæсдзысты сæ фæстагæттæ. Æз уымæн аргъ кæнын, куыд уе стыр сгуыхтдзинад нымайын, куыд ветерантæм æппæтадæмон уарзт, афтæ. Мæ сæр ныллæг къул кæнын, абон сæрæгас чи сты, уыцы ветеранты раз! Æнæниздзинад æмæ сæ фæрныгад бирæ уæт. Ныллæг мæ сæрæй кувын уыдоны раз, кæцытæ Стыр Фыдыбæстæйон хæсты тохты быдырты фæмард сты æмæ ма уыдоны раз, кæцытæ абоны бæрæгбонмæ нæ фæцардысты. Сæйрагдæр та у сæ нæмттæ, се сгуыхтдзинæдтæ нæ зæрдæты хъахъхъæнын. Дæсгай милуан цардтæ ахастой хæсты 1418 бон æмæ æхсæвы. Курæг уæ дæн, цæмæй хæсты фæмардуæвæг амæттæгты рухс нæмттæ æрæмысæм иу минут æмырæй алæууынæй.

Æмбæлттæ! 9 май æрмæст цæссыгтимæ бæрæгбон нæу. Ацы бæрæгбон у æппæтадæмон. Уый азæй-азмæ цытджын æгъдауæй нысан кæнынц канд Уæрæсейы нæ, канд раздæры Советон Цæдисы бæстæты нæ, фæлæ æппæт прогрессивон адæймагад дæр. Уымæн æмæ хæсты фронтты Уæлахиз къухты æфтын кодтой дунейы бирæ бæстæты адæмтæ. Знаджы хæцæнгæрзты бын хæстонтæ акъоппыты уæхски-уæхск лæууыдысты мæлæтдзаг тасдзинады раз, сæ риуæй æмбæрзтой канд кæрæдзийы нæ, фæлæ ирвæзын кодтой сæ иумæйаг Райгуырæн бæстæйы, ирвæзын кодтой дунейы морæгъуыз емынæйæ. Чысыл фæстæдæр нæ рæзты рахæсдзысты фронтовикты портреттæ: ирæтты, уырыссæгты, сомихæгты, гуырдзиæгты, украинæгты æмæ бирæ æндæр нациты минæвæртты портретты. Мах — сæ фæстагæттæ, хъуамæ кад кæнæм канд сæ нæмттæн нæ, фæлæ нын кæй фæдзæхстой, адæмты уыцы хæлардзинад æмæ æфсымæрдзинадæн дæр. Уыцы æргъад, кæцыйæн мах хъуамæ аргъ кæнæм æмæ кæцыйы хæсджын стæм æппæт амæлттæй фидардæр кæнын.

Æз стыр æхцондзинадимæ нысан кæнын, ирон адæмæн традицион æгъдауæй хицон чи у, уыцы быхсындзинад æмæ хæрзиуæгдзинад кæй сты йæ менталитеты æнæфæхицæнгæнгæ миниуæг. Нæ адæм гармонион æгъдауæй иу кæнынц хæрзиуæгдзинад хæстхъомдзинадимæ. Æмæ уый иттæг ирдæй бæлвырд æрцыд Дыккаг дунеон хæсты тохы быдырты. Махæн бар ис æмæ сæрыстыр уæм, официалон зонæнтæм гæсгæ ирон адæм фыццаг бынат кæй ахсынц раздæры Советон Цæдисы æндæр адæмты ’хсæн нымæцмæ гæсгæ Хъайтарты бæрцæй. Зæрдыл лæууын кæнын, раздæры автономон область йæ цæрджыты чысыл нымæцмæ нæ кæсгæйæ, кæй схъомыл кодта Советон Цæдисы 8 хъайтары — Хуссар Ирыстонæй рацæугæты. Офиицалон статиститкæйы фыццаг рæнхъыты мах нысан цæуæм, хæстон ордентæ æмæ майдантæй фылдæр хорзæхджын чи æрцыдысты, уыдонмæ гæсгæ æмæ ма афтæ, иумиагæй сисгæйæ, хайадисджытæ-фронтовикты нымæцмæ гæсгæ дæр. Иу ныхасæй, махæн ис, сæрыстыр цæмæй уæм, уый!

Хистæрты хæстон кадджын традициты æххæстбæрцæй райстой сæ фырттæ æмæ уыдоны фырттæ. Нымæцмæ æмæ хæстон ифтонгадмæ гæсгæ бирæ хъомысджындæр чи уыдис, уыцы знаджы ныхмæ сæрибардзинад æмæ хæдбардзинады сæрыл тохы уыдон дунейæн фенын кодтой æнæфенгæ æхсардзинад æмæ хъайтардзинады цæвиттонтæ, сæ кадджын фыдæлты рухс нæмтты кадыл уæлæмæ хæцгæйæ. Уымæ гæсгæ — æз абон афтæ нымайын æмæ Стыр Фыдыбæстæйон хæсты ветерантимæ иумæ аккагæй раарфæ кæнын хъæуы Республикæ Хуссар Ирыстоны Гарзджын тыхты хæстонтæн, æппæт уыдонæн, кæцытæ слæууыдысты сæ Райгуырæн бæстæйы хъахъхъæнджыты рæнхъыты æмæ гуырдзиаг фашизмы реакцион тыхты ныхмæ дæргъвæтин тохы æфсымæрон Уæрæсейы æххуысы фæрцы сæ къухты бафтыд стыр уæлахиз. Бæрæгбоны хорзæх уæ уæнт Фыдыбæстæйы зынаргъ хъахъхъæнджытæ. Сабыр цард кæнут уæ уарзон Фыдыбæстæйы арвы бын! Сымах уæ æмхæстонты — фæмардуæвæг хъайтарты царды аргъæй фидар фæлæууыдыстут æмæ бахъахъхъæдтат уæ адæмы æнæбайсгæ бар — сæ зæххыл цæрыны бар, сæрибар паддзахады фæллой кæнын æмæ сывæллæттæ хъомыл кæныны бар. Кад æмæ намыс сымахæн!

Æмбæстæгтæ! Мах кæддæриддæр фæлхатт кæндзыстæм нæ зæрдæбын бузныджы ныхæстæ Уæрæсейы Федерацийы уæлдæр политикон разамынады адресыл, кæцы ахсджиаг, фæлæ иунæг райсинаг чи уыд æмæ махæн хъысмæтскъуыддзаггæнæг чи уыд, ахæм уынаффæ райсын — 2008 азы августы Гуырдзыстоны сабырадмæ æркæныны фæдыл операци сæххæст кæнын. Уæ номæй æз бузныджы æмæ арфæйы ныхæстæ æрвитын Уæрæсейы Федерацийы Президентмæ, бæстæйы Хицауады Сæрдармæ, кæцы йæхимæ райста иттæг стыр бæрндзинад æмæ гуманитарон мисси Хуссар Ирыстоны адæмы фервæзын кæныны фæдыл.

Абон трибунæйы рæзты Республикæ Хуссар Ирыстоны Гарзджын тыхтимæ рацæудзысты парадон маршы Уæрæсейы Федерацийы Хъахъхъæнынады министрады 4-æм æфсæддон базæйы æмæ Уæрæсейы Æдасдзинады федералон службæйы Арæнгæрон управленийы дæлхæйтты колоннæтæ. Уыдон сты, нæ зæххыл фидыдад сифтонг кæныны хъуыддагмæ, саргъгæнæн кæмæн нæй, ахæм бавæрд чи хæссынц, уыцы салдаттæ æмæ афицертæ. Нæ зæрдæты стыр бузныгдзинады æнкъарæнтæ æвзæрын кæны уæрæсейаг салдат-сæрибаргæнæджы стыр мисси, кæцыимæ уый æрцыдис, хæсты арты чи сыгъдис, уыцы Хуссар Ирыстонмæ, уыцы уæззау бонты, тохы куы скъуыддзаг кодта йæ хъысмæт. Абон сымах уæ зын службæ хæссут уæ хæдзæрттæй дард ран. Уадз, уæ бинонты ’хсæн кæддæриддæр уæнт сабырад æмæ æмразыдзинад! Бæрæгбоны хорзæх уæ уæнт, нæ зынаргъ æмтохгæнджытæ!

Сæ бон цас уыд, ахæм бавæрд Стыр Фыдыбæстæйон хæсты знагыл фæуæлахизы фæдыл хъуыддагмæ бахастой Хуссар Ирыстоны фæсчъылдымы фæллойгæнджытæ дæр. Автономон область кæд хæстон архайдтыты бынат не ссис, уæддæр расидт æрцыдис фронтгæрон зонæйæ.

Ам арæзт æрцыдысты хæххон æфцгуыты хъахъхъæныны фæдыл 5 куынæггæнæг батальоны. Æхсæвæйбонæй сæудæджерадон куыстуæтты куыстой областы хъæууон фæллойгæнджытæ. Хъахъхъæнынады фондмæ сæ хисæрмагонд фæрæзтæ активонæй хастой куыд хистæртæ, афтæ сывæллæттæ дæр. Цхинвалы ныры 2-æм астæуккаг скъолайы бæстыхайы баконд æрцыд эвакуацион госпиталь, сæдæгай сидзæр сывæллæттæ æмæ, æнæхъусдард чи баззадысты, ахæм сывæллæтты хæстон архайдтыты зонæйæ сæхимæ райстой хъомыл кæнынмæ цхинвайлаг бинонтæ. Æппæт уыдæттæ дзурæг сты ууыл, æмæ хæст, æцæгæйдæр, кæй уыдис æппæтадæмон, æцæгæйдæр, фыдыбæстæйон! Арфæйы ныхæстæ мах барджынæй æрвитæм абон Хуссар Ирыстоны фæсчъылдымы кадджын фæллойгæнджытæм.

Зынаргъ хæлæрттæ! Нæ адæмы рацæугæ фæндагмæ фæстæмæ акæсгæйæ махæн абон нæ бон у фидарæй зæгъын, 1945 азы къухты цы историон уæлахиз бафтыд, уый кæй ссис фидар бындур дарддæры уæлахизтæн паддзахадон арæзтады фæндагыл. Мах фидарæй цæуæм, нæ кадджын хистæртæ нын кæй снысан кодтой, уыцы фæндагыл.

Стыр Уæлахизы бæрæгбоны хорзæх уæ алкæйы дæр уæнт!

Мæ цæст уын уарзы, цæмæй алы хæдзары, алы бинонты дæр æнустæм æлдариуæг кæна сабырад æмæ амонд, æнæниздзинад æмæ хæрзиуæджы бæркад.

Стыр Хуыцауы æмæ Уастырджыйы фæдзæхст уæм!

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.