Нæ республикæйы рагондæр скъолайыл нымад цæуы Дзауы астæуккаг скъола. Æз дæр каст фæдæн ацы скъола. Йæ уæвынады рæстæджы скъола  схъомыл кодта дзæвгар  революционертæ, партион кусджытæ, йæ адæм æмæ бæстæйыл æнувыд адæймæгтæ, ахуыргæндтæ. Уыдонæй иу у йæ абоны директор Санахъоты Алан. Алан уæдмæ къорд азты ахуыргæнæгæй куыста ацы скъолайы. Йæ уæды директор Къадзты Петр куыстæй куы ацыд, уæд  директорæй нысан æрцыдис Алан. Уæдæй рацыд 25 азы. Скъола уыцы азты цъус зынтыл не ‘мбæлд, фæлæ Аланы ныфс сæттын нæ бакуымдта æмæ ныр бонæй бонмæ рæзынц, скъола райгонд æмæ сæрыстыр кæмæй у, уыцы æнтыстытæ.

 Скъолайы ахуыр кæны 228 ахуырдзауы. Уыдонæн сæ зонындзинæдтæ амонынц æмæ сæ царды раст фæндагыл цайдагъ кæнынц 36 ахуыргæнæджы. Арæх сæ бирæ хъуыддæгты бахъæуы директоры æххуыс, æмæ Алан алы хатт дæр балæууы сæ фарсмæ.

 Скъолайы абон ахуыр-хъомыладон куыстæн цы хорз уавæртæ ис, уыдон дæр бирæ-бæрцæй баст сты Аланы тырнындзинæдты фæрцы. Нæй ма сын спортивон зал æмæ уый арæзтадон куыстытæ дæр фæхæццæ кæнынц кæронмæ. Рæхджы байгом уыдзæнис æмæ ахуыргæнинæгтæ се ‘взыгъддзинæдтæ æвдисгæйæ, хуыздæр кæндзысты сæ арæхстдзинæдтæ.

Куыстмæ йæ ахæм, хорз ахасты фæрцы Аланæн цæуы æмбæлон кад. Цалдæр азы размæ йын лæвæрд æрцыдис Хуссар Ирыстоны «Сгуыхт ахуыргæнæджы» кадджын ном, хорзæхджын ма у «Хæлардзинады орден»-æй дæр.

ДЖИОТЫ Павел

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.