Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли схорзæхджын кодта паддзахадон хорзæхтæ – Хæлардзинады орден, «Хуссар Ирыстоны адæмы Фыдыбæстæйон хæсты уæлахизыл 10 азы сæххæсты сæраппонд», «Республикæ Хуссар Ирыстоныл 25 азы сæххæсты сæраппонд» майдантæ æмæ РХИ-йы Кады грамотæтæй Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты – тыхон структурæты раздæры æмæ ныры кус-джыты, кæцытæ активон хайад истой сæрибардзинад æмæ РХИ-йы территориалон æнæхъæндзинад бахъахъхъæныны хъуыддаджы, афтæ ма республикæйы цардархайды алыгъуызон сферæты минæвæртты.

Хорзæхтæ лæвæрд æрцыдысты Уæрæсейы Федерацийы ‘рдыгæй Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад банымайыныл 11 азы сæх-хæсты цытæн.

Æрæмбырдуæвджытимæ ныхас кæнгæйæ, Президент банысан кодта уыдонæй алкæмæн дæр йе стыр хайбавæрд Хуссар Ирыстоны паддзахиуæгады рæзты хъуыддагмæ, æрсидт, цæмæй дарддæр дæр кусой Фыдыбæстæйы дидинæфтыд æмæ республикæйы адæмы фæрныгад хуыздæр кæныныл.

«Абон ирон адæмæн у ахсджиаг бæрæгбон, ахæм бæрæгбон, кæцымæ мах æнхъæлмæ кастыстæм бирæ азты дæргъы æмæ кæцыйы тыххæй нæ адæм бафыстой стыр аргъ. Сæрибардзинадмæ фæндаг уыд бирæ зындзинæдтæ æмæ зиæнттыл, фæлæ национ-сæрибаргæнæн хæст, Фыдыбæстæйон хæстæн кæрон æрцыд. Абон Хуссар Ирыстон хæдбар у Гуырдзыстонæй, рæзы, Уæрæсейы Федерациимæ дарддæр дæр кæндзысты интеграцион процесстæ. Æз афтæ хъуыды кæнын, æмæ ахæм серьезон здæхты махæн уыдзæн стыр æнтыстытæ», – загъта Бибылты Анатоли.

РХИ-йы Президент  æмæ

Хицауады пресс-службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.