РЕСПУБЛИКÆ ХУССАР ИРЫСТОНЫ ПРЕЗИДЕНТЫ БАРАМЫНД

2020 азы 15 июны «Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады Аппараты Уагæвæрд, структурæ æмæ штатон нымæц сфидар кæныны тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты №111 Барамындмæ ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй

Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады Аппараты структурæ фæхуыздæр кæнын æмæ куысты эффективондзинад фæбæрзонддæр кæныны нысанæн уынаффæ кæнын:

1.2020 азы 15 июны «Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады Аппараты Уагæвæрд, структурæ æмæ штатон нымæц сфидар кæныны тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты №111 Барамынды №2 Уæлæмхасæн мыхуыр æрцæуæд ахæм хуызы:

«2020 азы 15 июны Республикæ Хуссар

Ирыстоны Президент №111 Барамындмæ

№2 Уæлæмхасæн (2021 азы 23 сентябры

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты №269

Барамынды редакцийæ)

 

Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады Аппараты структурæ

Аппараты къухдариуæгад

Хицауады Сæрдары секретариат

Хицауады Сæрдары фыццаг хæдивæджы секретариат

Хицауады Сæрдары хæдивæг – Республикæ Хуссар Ирыстоны экономикон рæзты министры секретариат

Хицауады Сæрдары хæдивæджы секретариат

Хицауады Аппараты къухдариуæггæнæджы секретариат

Информацион-аналитикон управлени

Контролон управлени

Барадон управлени

Бухгалтерон хыгъд æмæ хыгъдады управлени

Хъуыддæгты управлени

Хъуыддагдарды æмæ æмбæстæгты куырдиæттимæ куысты организацийы управлени

Кадртæ æмæ паддзахадон службæйы управлени

Суагъæйы управлени

Паддзахадон сусæгдзинæдтæ хъахъхъæныны хайад

2.Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады Аппарат 2021 азы 1-æм ноябрмæ сæххæст кæнæт æппæт æнæмæнгхъæуæг организацион-штатон мадзæлттæ ацы Барамынды 1-аг пункт сæххæст кæныны тыххæй.

Республикæ Хуссар Ирыстоны

Президент  БИБЫЛТЫ Анатоли

г.Цхинвал, 2021 азы 23 сентябрь

 

РЕСПУБЛИКÆ ХУССАР ИРЫСТОНЫ ПРЕЗИДЕНТЫ БАРАМЫНД

Æфсæддон службæйы бæрæг æмгъуыдты чи баслужбæ кодта, уыцы æфсæддон службæгæнджыты Республикæ Хуссар Ирыстоны Гарзджын тыхты рæнхъытæй запасмæ арвитыны тыххæй, æмæ 2021 азы октябрь-декабры æфсæддон службæмæ æмбæстæгты радон æрсидты тыххæй

«Хъахъхъæнынады тыххæй» æмæ «Æфсæддон хæс æмæ æфсæддон службæйы тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны закъæттыл бындуриуæггæнгæйæ,  уынаффæ кæнын:

  1. Æрсидтмæ гæсгæ æфсæддон службæйы бæрæг æмгъуыдты чи баслужбæ кодта, уыцы æфсæддон службæгæнджыты Республикæ Хуссар Ирыстоны Гарзджын тыхты рæнхъытæй запасмæ арвитын 2021 азы 1-æм октябрæй 31 декабрмæ.
  2. Ацы Барамынды 1-аг пункты æфсæддон службæгæнджыты запасмæ арвитыны фæдыл, Республикæ Хуссар Ирыстоны Гарзджын тыхты æфсæддон службæмæ æрсидт æрцæуæд æмбæстæгтæ 2021 азы 1-æм октябрæй 31-æм декабрмæ, кæцытыл æрсидты бонмæ сæххæст 18 азы, æмæ сын нæй æфсæддон службæйæ аргъæвыны бар, афтæ ма хистæр æрсидтон кары æмбæстæгты, кæцытæн фæцис æрсидтæй аргъæвыны бар.
  3. Республикæ Хуссар Ирыстоны административон-территориалон иуæгты сæргълæуджытæ сифтонг кæнæнт мадзæлттæ сæххæст кæнын, кæцытæ баст сты Республикæ Хуссар Ирыстоны æмбæстæгты æфсæддон службæмæ æрсидынимæ.
  4. Ацы Барамынд йæ тыхы цæуы къух ыл æрфыссыны бонæй

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент

БИБЫЛТЫ Анатоли

г.Цхинвал, 2021 азы 24 сентябрь

 

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.