Хетæгкаты Къостайы номыл Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты ректорæй ногæй равзæрстой Огъуаты Аланы. 17-æм марты ЦИПУ-йы конференц-залы уагъд æрцыд ахуыргæнæндоны кусджытæ æмæ студенттæн конференци. ЦИПУ-йы ректор æвзæрст цыд альтернативон бындурыл сусæг хъæлæсæппæрсты хуызы, университеты разамонæджы бынатмæ кандидатты программæтыл æрныхасы хатдзæгтæм гæсгæ.

УФ-йы зонад æмæ уæлдæр ахуырады Министрады Аттестацион къамисы хатдзæгтæм гæсгæ, ЦИПУ-йы ректоры бынатмæ кандидаттæ уыдысты: Дзæгъойты Федры фырт Сергей – экономикон зонæдты кандидат, доцент, ЦИПУ-йы менеджмент, маркетинг æмæ туризмы кафедрæйы сæргълæууæг. Йæ кандидатурæ йын бахаста экономикæйы æмæ фæткдариуæг кæныны факультеты коллективы æмбырд; Огъуаты Уырызмæджы фырт Алан – экономикон зонæдты доктор, доцент, ЦИПУ-йы ректор. Раразмæ йæ кодта 13 факультеты коллективты æмбырд, Ахуырадон совет, ахуырдзауты Иугонд совет, ректораты структурон дæлхайæдтæ; Туаты Владимиры чызг Бертæ – историон зонæдты доктор, профессор, ЦИПУ-йы зонадон архайды проректор. Йæ кандидатурæ йын бахаста историон факультеты коллективы æмбырд. Ректоры æвзæрстытæ бацæттæ кæныны æмæ саразыны тыххæй ЦИПУ-йы Ахуырадон совет сарæзта сæрмагонд Къамис ректор æвзарынæн. Къамисы скондмæ хаст æрцыдысты профцæдисы организацийы минæвæрттæ, ЦИПУ-йы кадрон æмæ юридикон службæты минæвæрттæ.

Æвзæрстыты бæрæггæнæнтæ куы фехъусын кодтой, уæд Огъуаты Алан бузныг загъта æмбырды архайджытæн, университеты æппæт коллективæн дæр æмæ зæрдæ бавæрдта, йе ‘ппæт зонындзинæдтæ æмæ хъарутæ университет хъомысджындæр кæнынмæ кæй сараздзæн, уымæй. «Университеты рæзты хъуыддаджы нæ разы бирæ хæстæ ис. Ахуырад æмæ наукæйы федералон министрад æмæ республикæйы разамынды æххуысæй уыцы нысæнттæ къухы кæй бафтдзысты, уымæй мæ ныфс ис, æмæ профессионалон коллективимæ иумæ бæрзонд, аккаг æмвæзадыл кæй æххæст кæндзыстæм, уымæй», – раныхас кодта Огъуайы-фырт.

Огъуаты Аланмæ ис зонад, ахуырадон æмæ административон куысты хорз фæлтæрддзинад. Уыцы æууæл ахъаз уыдзæн университеты дарддæры  рæзтæн, йæ коллективы æнтыстджындæр архайдæн.

Огъуаты Алан йæ рæстæджы каст фæци ЦИПУ-йы экономикон факультет, 2002 азы бахъахъхъæдта кандидатон диссертаци, 2010 азы та – докторон диссертаци. 2008 азы каст фæци УФ-йы Хицауады цур Финансон академи. 2004 азæй фæстæмæ уыд ЦИПУ-йы хистæр ахуыргæнæг, кафедрæйы доцент æмæ профессор, 2009 азæй фæстæмæ – университеты проректор. 2008 азы йæ равзæрстой РЦИ-Аланийы Парламенты депутатæй. 2011 азæй фæстæмæ – РЦИ- Аланийы ахуырад æмæ наукæйы министр. 2015 азы октябры нысангонд æрцыд республикæйы Хицауады Сæрдары хæдивæгæй. 2016 азы июлæй фæстæмæ æххæст кодта ЦИПУ-йы ректоры хæстæ. 2017 азы та ссис ЦИПУ-йы ректор.

 

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.