Цæмæй дæ фидæн бахъахъхъæнай, уый тыххæй хъуыды æмæ кад кæн дæ  ивгъуыдæн…

 

Иу азы размæ цардæй ахицæн Ирыстон æмæ Сербийы иумиаг хъæбул Андиаты Альберт. Уый уыд хæстон архайдтыты ветеран. Стыр кад ын кодтой Сербийы адæм. Ацы бæстæм ацыд 1999 азы æмæ активон хайад иста хæстон архайдтыты, æфсымæрон адæмы хуыздæр цард æмæ рæстдзинады сæрыл тох кæнгæйæ.  Хъæбатыр ирон цардæй ахицæн 2021 азы 22-æм марты КОВИД-19 низы фæтынгы фæстиуæгæн Белграды горæтгæрон Батайницыйы клиникæйы. Сербиаг дзыллон информацийы фæрæзтæ фыстой, зæгъгæ, хъайтары амæлæтыл тынг фæхъынцъым кодта сербиаг æхсæнад. Сербийы хъайтар   кадимæ ныгæд æрцыд Белграды централон уæлмæрды. Пандемийы фæстиуæгæн, карантинон мадзæлттæм  нæ кæсгæйæ, Андийы фырты йæ фæстаг фæндагыл афæндараст кæнынмæ æрбацыд бирæ адæм: ветерантæ, иуполкъонтæ æмæ бæстæйы адæм. Хæрзбон зæгъынмæ йæм æрбацыд инæлар Божидар Делич дæр.

Ацы аз 12-æм марты Белграды централон уæлмæрды уыд Андиаты Альберты цырт бакæныны цытджын церемони. Мадзалы ха-йад райстой ветеранон организациты, æхсæнады минæвæрттæ, йæ хæстон æмбæлт-тæ. Æмæ афтæмæй сæнусон кодтой ирон хъæбатыр хæстоны ном.

Историон зонæнтæ

Андиаты Альберт райгуырд Ирыстоны 1970 азы 3-æм декабры. 1999 азы Югославийыл НАТО бомбæтæ куы калдтой, уыцы нывтæ телевизоры фенгæйæ, аскъуыддзаг кодта уырдæм ацæуын æмæ сербиаг адæмы бахъахъхъæнын. Йæ бинонтæ йæ нæ уагътой, фæлæ уый йæ фæнд нал фæивта. Косовомæ æрцыд 1999 азы апрелы райдианы. 5-æм майы албайнаг нæмыг сæмбæлд йæ сæрыл æмæ фесæфта йæ рахис цæст. Тынг уæззау цæф фæцис, фæлæ майы кæрон ралыгъд Белграды æфсæддон госпиталæй фронтмæ сербиаг цæрджыты бахъахъхъæнынмæ. Альберты къорд æххæст кодта иууыл тæссагдæр хæстæ, кæ-цыты ‘хсæн уыд ныхмæлæууæджы хæстонты командирты ссарын æмæ скуынæг кæнын. Сербийы Андиаты Альберты нымайынц хъайтарыл. Федералон каналæн йæ интервьютæй иуы рæстæджы ирон бархион фехъусын кодта, зæгъгæ, уый æрцыд уыцы адæмы сæрыл тох кæнынмæ, кæцыйæн фæлварынц йæ территорийы иу хай байсынмæ.  Ирон хæстон рæстдзинадæн лæвæрдта стыр нысаниуæг.

Хъæбатырæй тох кодта Косовойы -сепаратистты ныхмæ. Уый уыд  югославиаг æфсады 549-æм моторизацигонд бригадæйы снайпер æмæ хъахъхъæдта Албани æмæ Македониимæ арæн. Номхуындæй, ацы бригадæ уыд раззагдæр рæнхъыты, Цæгататлантикон альянс Сербимæ куы æрбабырста, уæд. Тохтæй сæ иуы рæстæджы уæрæсейаг бархионæн фæцæф йæ къух. Уымæй дарддæр ма йæ кæд албайнаг нæмыг «ныууагъта» æнæ цæстæй, уæддæр хъæбатыр хæстон нæ фæтасыд æмæ дарддæр хæцыд карз тохты. Иу хатт цытджын мадзалы рæстæджы Альберт загъта, зæгъгæ, «уый нæ фесæфта йæ цæст, фæлæ йæ ныууагъта Косовойы» æмæ ма йæ ныхасмæ бафтыдта, зæгъгæ йын, æгæрыстæмæй, Косовомæ æрцæуынæн куы ницы æфсон уа, уæддæр æрбаздæхдзæн уырдæм æмæ ссардзæн йæ цæст.

2008 азы хæсты фæстæ уый æрцыд Цхинвалмæ йæ хæлар Милован Дрецунимæ. Уæд йемæ базонгæ сты хуссарирыстойнаг журналисттæ, уыцы нымæцы Пæрæстаты Ланæ дæр. Æмæ сын уый фæстæ уыд хæларадон ахастытæ. «Facebook куы фæзынд, уæд схæлар стæм æмæ нын уыд бастдзинад. Уый фæстæ дæр цалдæр хатты амбæлдыстæм, æз Белградмæ куы ацыдтæн, уæд. Нæдæр мæ уырны, сæрæгас кæй нал у, уый. Альберт тынг зæрдæхæлар æмæ æууæнкджын адæймаг уыд. Зын мын у Альберты тыххæй ивгъуыд афоны дзурын», – загъта Пæрæстаты чызг.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, Андиайы фырт алы хатт дæр тынг уарзта йæ райгуырæн Ирыстоны æмæ йæ хъус дардта, ам цы цаутæ цыд, уыдонмæ. «2012 азы фыццаг хатт Белградмæ куы ацыдтæн, уæд мын сарæзта экскурси. Серби уымæн ссис йæ дыккаг райгуырæн бæстæ. Мах горæты уынгты куы цыдыстæм, уæд-иу ын адæм бузныджы ныхæстæ дзырдтой йæ хъайтарон архайдтыты тыххæй, йæ къух ын истой, бахатыдысты-иу æм, цæмæй семæ къамтæ систаид. Ивгъуыд аз цардæй куы ахицæн, уæд мæ хъус дардтон æмæ бафиппайдтон, йæ æнæнхъæлæджы амæлæт алкæмæн дæр стыр маст кæй æрхаста, уый. Альберт уыд тынг раст адæймаг æмæ-иу æм исчи куы æрбацыд цахæмдæр  проблемæйы тыххæй, уæд-иу тырныдта сæ фарст сын аскъуыддзаг кæнынмæ. Андиайы фырт йæ интервьюты дзырдта, Сербимæ цæмæн ацыд, уый тыххæй. Уый банысан кодта, зæгъгæ, нæ вæййы искæй хæст æмæ искæй  адæм, æмæ дæ кæд нæ фæнды дæ хæдзары зынгсирвæзт æрцæуа, уæд хъæуы баххуыс кæнын, йæ хæдзар кæмæн судзы, уыцы  сыхагæн. Уый Сербимæ ацыд рæстдзинады æнкъарæнтæм йæ зæрдæйы фæсидтмæ гæсгæ. Номхуындæй, Альберты фæрцы бамбæрстон, сербæгты рыст Косово кæй фесæфтой, уый фæдыл. Уый тынг маст кодта йæхæдæг дæр уый тыххæй. Йæ уарзон зарæг уыд паддзах Лазары, Косовойаг тохы тыххæй. Уый йæ фырты дæр схуыдта сыгъдæг Лазары цытæн», – радзырдта йæ мысинæгтæ Пæрæстаты Ланæ.

«Уый йæ фæстæ ныууагъта æцæг ирон, ирд гоймаджы ном. Уыд æнахуыр хæларзæрдæ, бæстон адæймаг, кæцы æнæнхъæлæджы ацыд Ирыстонæй Сербимæ хæцынмæ, йæ цард сбаста æфсымæрон бæстæимæ æмæ йæ туг ныккалдта сербиаг дуртыл. А-дунейæ йæ ацыд мын тынг зын уыд. Йæ хъæбатыр фырты фесæфта Ирыстон дæр, Серби дæр æмæ Уæрæсе дæр», – загъта æфсæддон эксперт Владислав Шурыгин.

Андиаты Альбертимæ бирæ азты дæргъы хæлар уыд уæрæсейаг æфсæддон уацхæссæг Александр Сладков. Йæ амæлæт ын нымайы йæхи трагедийыл. Уый йемæ базонгæ Сербийы, репортаж аразынмæ йæм куы æрцыд, уæд. «Æнæферохгæнгæ адæймаг, тынг зондджын, оригиналон – йæ фæлгæндзты, оригиналон – йæхи философийы. Æз дунейы алы къуымты бирæ адæмимæ ныхас кодтон, фæлæ мын Альберт мæ мысынады ныууагъта тынг ирд фæд. Уыд тынг хæрзæгъдау адæймаг, æцæг хæлар», – загъта Сладков.

Уый ма куыд банысан кодта, афтæмæй йыл Андиайы фыртимæ кæй базонгæ, уый йыл тынг бандæвта. «Мæныл нæ зонгæдзинад бандæвта уыцы планы, æмæ кæй хъæуы хи митæм, ивгъуыд æмæ фидæнмæ, сывæллæттæм, хæстмæ ахасты планы уæлдай арфдæр ахаст дарын. Æз кæд æфсæддон уацхæссæг дæн, уæддæр хуымæтæджы æмбæстагон адæймаг дæн. Хъысмæты фæндонмæ гæсгæ мын мæ фæндагыл æмбæлынц хæстон темæйыл цардуагон уавæртæ, æмæ мын уыдон æввахс сты. Альберт серьезон ахаст дардта хæстмæ, йæхи сæрмагонд историмæ. Æз ын бахъуыды кодтон йæ ныхæстæ, зæгъгæ, хæцын кæм хъæуы, уыцы фарс æвзаргæйæ, акæс, сывæллæттæ кæм мæлынц, уырдæм. Æмæ уæд нал дызæрдыг кæндзынæ, кæй фарсмæ балæууын хъæуы, уый тыххæй. Æз æй никуы ферох кæндзынæн, ногæй æмæ ногæй кæсдзынæн йемæ мæ фембæлды рæстæджы ныффыстытæм. Хъуыды кæнын, мах иумæ куыд тезгъо кодтам Белграды уынгты, куыд ныхас кодтам, уыдæттæ. Йæ алы ныхасæн дæр уыд арф хъуыды. Уый афтæ бирæ нæ дзырдта, фæлæ йæ алы дзырды фæстæ дæр лæууыд æнæхъæн философи. Уымæн йæ бон ссис дыууæ ныхасæй галактикæйы равдисын. Ирыстон Альбертæн уыд «æгæр серьезон, æхгæд æмæ бинонты фарст». Ирыстон мын у дыккаг райгуырæн бæстæйы хуызæн, фæлæ Андийы фырт мæнæн у уырыссаг. Уый, кæй зæгъын æй хъæуы, у Ирыстоны сæрыстырдзинад», – радзырдта Александр Сладков.

Хъыгаг у, цардæй ахæм адæймæгтæ кæй ацæуынц, уый. Адæймаджы фæнды, цæмæй уыдон алы хатт дæр сæрæгас уой, уымæн æмæ ахæмтимæ Зæххыл ис фылдæр рухс æмæ рæстдзинад, уыимæ ацы знæт рæстæджыты тынг хъæуынц ахæм адæймæгтæ.

Ныфс нæ ис, Андиайы фырты цард аккаг æмæ ирд цæвиттон кæй суыдзæн  Ирыстоны, æфсымæрон адæмты рæзгæ фæлтæртæн. Абон Альберты хуызæн адæймæгтæ тынг хъæуынц, цæмæй баххуыс кæной Украинæйæн æмæ йæ цæрæнбонтæм ссæрибар кæной нацисттæ æмæ бандеронтæй. Æмæ Андиаты Альберты хуызæн адæймæгтæй бирæтæ ацы минутты ирвæзын кæнынц Украинæйы сабыр цæрджыты нацисттæй, уартæ 1941-1945 азты Стыр Фыдыбæстæйон хæсты рæстæджы куыд уыд, афтæ.

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.