Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæдивæг Григорий Карасинæн уыд фембæлд Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады фæдыл Женевæйаг дискусситы æмсæрдар  Хуссар Кавказы Евроцæдисы сæрмагонд минæвар Тойво Клааримæ, афтæ ма Иугонд Нациты Организаци æмæ Европæйы æдасдзинад æмæ æмгуыстады организацийы дипломаттимæ.

Уæрæсейы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады пресс-службæ куыд хъусын кæны, афтæмæй фембæлды рæстæджы уынаффæ кодтой  Фæскавказы уавæр æмæ Хуссар Ирыстоны æмæ Абхазы алыварс уавæртимæ баст актуалон фарстатыл.

«Сæ хъуыды кæрæдзийæн загътой Фæскавказы æдасдзинады фадыджы  тыххæй, Гуырдзыстонимæ Абхаз æмæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон арæнты уавæрты тыххæй, афтæ ма Женевæйы радон раундмæ куыд цæттæ чындæуы, уый тыххæй. Уый уагъд цæудзæн 27-28-æм марты», – загътой Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады.

Ведомствæйы ма банысан кодтой, зæгъгæ фембæлды хайадисджытæ æмхъуыды сты, регионы æдасдзинады размæцыд  æнæмæнгхъæуæг фарсты тыххæй  тыхæй не спайда кæныны фæдыл документ райсын, æмæ равдыстой цæттæдзинад ацы хъуыддагæн алыгъуызы дæр ахъаз кæныны сæраппонд.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.